Хуссарирыстойнаг богал Дзеранты Арик ссис уæгъдибар хъæбысхæстæй 16 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионаты уæлахиздзау. Тренер Коцты Тамерланы хъомылгæнинаг хæцыд 85 кг уæзы категорийы. Фыццаг æмæ дыккаг тохты Арик рамбылдта Дагъыстаны минæвæртты. Æрдæгфиналы фæуæлахиз цæцæйнаг спортсменыл. Финалы та йæ ныхмæлæууæг уыд Кæсæг-Балхъары республикæйы богал. Фембæлд фæцис 4:4 хыгъдæй. Фæлæ фæстаг бал Арик кæй систа, уымæ гæсгæ нымад æрцыд уæлахиздзауыл.

Тренер Коцты Тамерлан куыд банысан кодта, афтæмæй йæ хъомылгæнинаг цы бæрæггæнæн равдыста, уымæй райгонд у, фæлæ разы нæу куыд хæцыд, уымæй.

«Æрдæгфинал æмæ финал рауадысты уæззау. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Арик хъуамæ æнцондæрæй рамбылдтаид. Уымæн æмæ иннæтæй цæттæ дæр у. Ныр кусдзыстæм, цæмæй сбæрæг кæнæм, цæмæн афтæ рауад, уый», – банысан кодта Коцты Тамерлан.  

***

     Зындгонд богал Цæболты Хетæг рахызт Сербийы æмбырдгонд командæмæ.

«Ныфс мæ ис æмæ цы къахдзæф сарæзтон, уый хорзæй кæй бандавдзæн мæ спортивон карьерæйы рæзтыл. Хуыцауы фæрцы басæтдзыстæм Дуне æмæ Олимпиаг хъæзтыты», – ныффыста социалон хызæгты Цæболы фырт.

Цæболты Хетæг у 2014 азы дунейы чемпион. 

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.