Грознæйы уагъд æрцыд уæгъдибар хъæбысхæстæй 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионат. Ерысты иууыл уæззаудæр уæзы категорийы дыккаг бынат бацахста Дзеранты Арик. Уый фæрцы уый бахаудта ацы кары спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионатмæ. Тренер Коцты Тамерлан куыд зæгъы, афтæмæй Арик хæцыд рæсугъд.

«Тынг райгонд дæн Арикы архайдæй. 125 кг уæзы категорийы архайæг богалтæ арæх хорз техникæимæ нæ вæййынц, фæлæ Арик хæцыд рæсугъд, æвдыста хорз техникæ. Фидарæй мæ уырны æмæ ныр кæмæн фæхæрд, ууыл æввахс рæстæджы кæй фæуæлахиз уыдзæн. Фæндит мæ, цæмæй Уæрæсейы чемпионаты дæр фембæлой», – банысан кодта Коцты Тамерлан.

Цалдæр боны фæстæдæр та Грознæйы сæ цæттæдзинад фæлвæрдтой 18 азы онг кæуыл цæуы, уыцы хъæбысæйхæцджытæ. Уым 60 кг уæзы категорийы æртыккаг ссис Коцты Тамерлан, Гæджиты Марат æмæ Бикойты Вадимы иннæ хъомылгæнинаг Плиты Вадим. Уый фæстиуæгæн уый хайад райсдзæн ацы кары спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты.

«Вадимæй дæр баззадтæн райгондæй. Равдыста фидар удыхъæд. Хæцыд кæронмæ. Мæнæн та куыд тренер, афтæ уый у сæйрагдæр», – загъта Тамерлан.

18 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат уагъд цæудзæн Наро-Фоминскы 3-7 апрелы. 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы хъæбысæйхæцджыты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат та уыдзæн Якутскы 13-17 апрелы.

ХУРИТЫ Батрадз