Мæздæджы уагъд æрцыд турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй «Моздокский ковер», зæгъгæ. Ерысты хайад райстой хуссарирыстойнаг æвзонг богалтæ æмæ та равдыстой хорз бæрæггæнæнтæ. Рамбылдтой дыууæ сыгъзæрин, æртæ æвзист æмæ дыууæ бронзæ майданы. Турниры уæлахиздзаутæ систы Галуанты Арсæмæг (35 кг) æмæ Собаты Сергей (38 кг). Дыккаг бынæттæ бацахстой Быценты Хетæг (42 кг), Болататы Дзамболат (47 кг) æмæ Тедеты Руслан (38 кг). Цхинвалмæ бронзæйон хорзæхтимæ та æрæздæхтысты Бететы Арсен (38 кг) æмæ Тедеты Артур (44 кг).

Спортсменты бацæттæ кодтой тренертæ Гæджиты Артур, Джиголаты Андрей æмæ Гæззаты Алан.

***

24-27 марты дагъыстайнаг горæт Каспийскы уагъд æрцæудзæн, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Уым майдантыл тох кæндзысты хуссарирыстойнаг хъæбысæйхæцджытæ дæр. 97 кг уæзы категорийы архайдзысты Дзеранты Арик æмæ Дзæгъиаты Сослан. 125 кг уæзы категорийы та йæ цæттæдзинад фæлвардзæн Дзеранты Эрик. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Эрик æмæ Арик ацы ерысты хайад райсыны бар кæй райстой 97 кг уæзы категорийы РЦИ-Аланийы чемпионаты финалы фембæлгæйæ. Ерыстæ цыдысты январы мæйы кæрон Октябры поселочы.

Дзæгъиаты Сослан та у йæ кары спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы иууыл тыхджындæр богалтæй сæ иу. Уый фарон фæуæлахиз, 21 азы онг кæуыл цæуы¸ уыцы спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты. Кæй зæгъын æй хъæуы,  тренер Коцты Тамерланы хъомылгæнинаг хъавы уыцы бæрæггæнæн сфæлхатт кæнынмæ.

                                 ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.