Иугæр 23-æм ноябрь нæ республикæйы ногдæр историйы нымад æрцыд Æхсардзинад æмæ адæмон иудзинады нысаниуæгджын  боныл, уæд хъуамæ уыцы боны тыххæй мах алцыдæр зонæм лæмбынæг. Редакцийæ мын уыд хæслæвæрд, цæмæй сбæрæг кæнон æмæ фембæлон, уæд, 27 азы размæ 23-æм ноябры, Гур-Цхинвалы фæндаг Згъудеры къуылдымы бын горæты фæндагимæ кæм иу кæны, уым гом арвы бын гуырдзиаг националист Звиад Гамсахурдиа горæты «сабырадон митинг» ауадзынвæнд куы скодта, уæд иууыл раздæр чи æрлæууыд сæ ныхмæ, уыдонимæ.

Уымæн æмæ абон бирæтæ дзурынц, ома, «æз дæр уым уыдтæн», «иууыл разæй æз лæууыдтæн», «гуырдзиаг колоннæйы чи баурæдта, æз дæр уыдонæй дæн» æмæ а.д. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæд хъуыды дæр ничи кодта, ома æз дæр æрлæууон, цæмæй фидæны мæхицæй раппæлон. Афтæ зæгъæн дæр нæй, ома, цымыдис кодтой, разæй цы цæуы, уый фенынмæ. Дзырд дæр ыл нæй; уыцы уазал, уæлмит, уæлихыл цымыдисдзинады тыххæй ничи æрлæууыдаид, ирон адæм, ирон культурæ æмæ йын намыс зынаргъ куыннæ уыдаиккой, уæд.

Журналистон фæдагуырд мæ акодта Цхинвалы районы Тъбеты хъæумæ, Гаглойты Анатолимæ, драмон театры декоратормæ. Уый сабыргай архайдта йæ æрмадзы. Ме ‘рбацыды сæр базонгæйæ фефсæрмы, стæй цадæггай дзурын райдыдта, 27 азы йæ зæрдæйы цы дзурингтæ æрæмбырд, уыдоны тыххæй.

– Уыцы аз тынг уазал зымæг уыд. Гуырдзиаг æнæформалон баиугæндтæ нæ горæты митинг аразынмæ кæй хъавынц, уый цалдæр боны размæ райхъуыст. Сдыгъуырццæг сты канд нæлгоймæгтæ нæ, фæлæ ма сылгоймæгтæ дæр. Уæлдай активондæр уыдысты фæсивæд. Чи ма лæууыд хæдзары! Æз дæр мæхи горæтмæ райстон, исты фехъусыны нысанæн. Горæты адæм чыртæ-чыртæй лæууыдысты. Кæрæдзи фарстой: «Куыд бамбарæн ис, уымæн? Кæд митинг уадзын мондаг сты, уæд æй цæуылнæ уадзынц сæхимæ, сæрмагондæй цæмæн равзæрстой Цхинвалы горæт?!» Фарстытæ бирæ уыд. Дзуаппытæ та… Фæстагмæ-иу алчидæр афтæ бакодта, ома, цыфæнды дæр кæнæнт, æрмæст ма сфæлхатт уæд 1920 азы трагеди.

Æз, уыцы бон дæр цалдæр хатт ссыдтæн ТЭК-мæ. Раст зæгъгæйæ, уым бирæ адæм нæ уыд. Фылдæр адæм уыдТеатралон фæзуат, Богирийы, иууыл фылдæр та Зæронд хид æмæ Турбазæйы районты. Ам адæм тæрхон кодтой, куы сæм æрбацæуой, уæд цы митæ кæндзысты уыдæттыл. 16 сахатмæ ‘ввахс уыдаид, афтæ æз, Тадтаты Æхсар æмæ Тъехты Аслан афæнд кодтам Згъудеры бынмæ ссæуын, ома афæлгæсæм, цы цæуы. Раст уыцы афон æрурæдтой нырма дыууæ рог автомашинæйы, уый фæстæ та фæд-фæдыл цæуын райдыдтой автобустæ. Тынг фæтыхстыстæм мах, турбазамæ æввахс уыд бирæ адæм,  уыдонмæ æхсæнгарз дæр уыд, æцæг сæ мах нæ федтам. Фæлæ, Пухаты Алихан куыд дзырдта, афтæмæй сæм уыд цыдæртæ. Кæсын æмæ комкоммæ рацæуынц махмæ, фы-радæргæй ма ныхъхъæр кодтон, мæ алфæмблай чи уыд, уыдонмæ. «Рæхыс ацаразæм!» – зæгъгæ. Уайтагъд мæм æрбаиу сты Хулиган, Кирюх (сæ æцæг нæмттæ сын нæ зонын), Бестауты Олег, Бестауты Æхсар æмæ дæларм-уæларм алæууыдыстæм. Гуырдзиæгтæ, æвæццæгæн, уый æнхъæл нæ уыдысты æмæ иу уысм цавддуртау фестадысты. Æвæццæгæн, фондз минут дæр нæма рацыд, афтæмæй нæ фæстæ февзæрдысты бирæ æндæр лæппутæ. Бестауты Æхсар та тæрхондонæй Ирон Тырыса сæскъæфта æмæ йæ сфæйлауын кодта. Абон бирæтæ дзурынц, ома, æз дæр фыццаг рæнхъыты уыдтæн. Уадз, дзурæнт, уымæн æмæ уайтагъд уым февзæрд алчи дæр. Æз фыццаг рæнхъы кæй лæууыдтæн, уый уымæн афтæ нæ рауад, ома, æз искæмæй стырдæр патриот дæн. Рæстæг афтæ æрдомдта, æмæ æз разындтæн уæд уыцы бынаты. Æрмæст æй абон дæр нæ зонын, мæ сæры  кæцæй фæмидæг рæхыс саразыны  хъуыды. Иууыл диссаг та уыд, уæд уым уæвæг лæппутæ мын мæ хъуыды куыд тагъд ацахстой. Æз сæм дзургæ ницы кодтон, фæлæ дзæнæттаг Хуыбылты Валери, студент уæвгæйæ цы æвзадджын разынд! Семæ ахæм сæрæн ныхæстæ кодта политикон æвзагæй, æмæ йæм лæг хъусынæй не ‘фсæст. Фырмæстæй, фырадæргæй ма цы акодтаид, уый нал зыдта мæгуырæг. Адæм кæрæдзи тынг æмбæрстой, рæстæгæй-рæстæгмæ-иу рæхысаразджытæ кæрæдзи баивтой. Гъе, афтæ æнæхонгæ уазджытæ урæд æрцыдысты. Цыбыр рæстæгмæ хабар айхъуыст æнæхъæн Ирыстоныл, алы районтæй цæуын райдыдтой адæм, ссыдысты бынæттон мидхъуыддæгты хайады милицийы кусджытæ, мидæггагон æфсæдты салдаттæ, фæсивæды стыр къорд.

Изæры 6 сахатмæ æввахс, уыцы бынатмæ афæдис кодтой сылгоймæгтæ дæр. Æхсæвы уазал хæццæ кодта 6 градусмæ, мит уыд 30 сантиметры бæрц. Уавæр карзæй-карздæр кодта, автомашинæты шофыртæ æнцойад хъахъхъæнджытæн æртытæ скæныны сæраппонд, ластой машинæты зæронд цæлхытæ, суг. Æмæ зæронд хидæй суанг Згъудермæ фæзынд æртытæ. Сылгоймæгтæ та хъахъхъæнджытæн хæринæгтæ, цай, хъарм дарæс схастой. «Æнæхонгæ уазджытæ» та батыдтой, æмæ ныппырх кодтой ресторан «Ерцъо»-йы, сфæлдæхтой горæтмæ бахизæны «Цхинвал» фыст, ныппырх ма кодтой машинæты профилактикæйы агъуыст. Ничи фынæй кодта уыцы изæр. Сывæллæтты рæвдауæндæттæ дæр æхгæд æрцыдысты, сæвæрдтой дзы постытæ. Стыр æнгомдзинад æмæ бæрндзинад равдыстой адæм, салдаттæ, милицийы кусджытæ. Æрмæстдæр бæрндзинады руаджы уыцы æхсæв не ‘рцыд тугкалд. Иумæйаг хъуыддаг  сабырдзинад бахъахъхъæнын сæ афтæ сæнгом кодта, æмæ хуыздæр зæгъæн  нæй.

Гаглойты Анатолийы

ныхæстæ ныффыста

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.