Абон, æвæццæгæн, нæй ахæм адæймаг, дунейы цы коронавирус апарахат, уый кæй не ‘ндава. Æндавы сæ æмæ, сæйраджыдæр, архайынц сæхи, стæй та сæ алыварс чи ис, уыцы хиуæтты бахъахъхъæныныл. Нæ республикæйы цæрджытæ цахæм цæстæй кæсынц ацы тæссаг фæзындмæ, уый рафæлгъауыны охыл аныхас кодтон цалдæр адæймагимæ.

Зассеты Александр куыд зæгъы, афтæмæй цыфæнды фæзындæн дæр адæм райдианы иугъуызон нысаниуæг нæ радтынц. Иутæ йын æххæстæй банкъарынц æмæ фембарынц йæ фæстиуджытæ, æндæртæ та йæм уæлæнгайдæр цæстæнгасæй акæсынц. «Раст зæгъгæйæ, сæрæй мæнмæ дæр тасы æмæ æндæр мæгуырау æнкъарæнтæ нæ фæзынд, уæд мæ нæма уырныдта æмæ низ æнæхъæн дунейыл  апарахат уыдзæнис. О, фæлæ йæ арæнтæ куыд уæрæхдæр кодтой, афтæ  хæлын райдыдта мæ зæрдæйы уаг дæр. Уыйбæрц стыхстæн, æмæ ма мыл чидæртæ худгæ дæр кодтой, зæгъгæ, куыд тынг старстæ».

Уæд æрмæст Александрмæ нæ уыдис ахæм хъуыдытæ, афтæ хъуыды кодтой милуангай адæймæгтæ. Йæ цардæмбал Мæдинæ та зæгъы, зæгъгæ, нæ дæн, мæгуырау хабар фехъусгæйæ, уадид фæтыхсы уыдонæй, фæлæ… «Афтæ рауад, æмæ коронавирусы кой фыццаг хатт куы фехъуыстон, уæд бинонтæ, хиуæттæ æмæ зонгæтæй домын райдыдтон, цæмæй, куыд æмбæлы, афтæ æххæст кæной, специалисттæ адæмы раз цы домæнтæ æвæрынц, уыдон».

Сæ фырт Сосланмæ дæр разынд йæхи зæгъинæгтæ:

«Раст зæгъгæйæ, уæд нæ, фæлæ æз абон дæр рæстмæ нæма æнкъарын, зæххыл цы цæуы, уый, фæлæ мын скъолайы, стæй хæдзары цы дзурынц, уыдон æххæст кæныныл архайын».

Уалдзæджы коронавирусы арæнтæ куыд уæрæхдæр кодтой, афтæ йæм ивта адæмы ахаст дæр. Ме ‘мныхасгæнæг Александр ма йæ ныхасмæ  бафтыдта, зæгъгæ, афтæ мæм кæсы, æмæ куы фæзынд, йæ кой кæнын куы райдыдтой, уæдæй абоны онг бирæ фæивта. «Чизоны йын уæд уыйбæрц нысаниуæг нæ лæвæрдтон æмæ уымæн. Ныр базыдтон, адæй-маджы цард æмæ æнæниздзинадæн стыр тасдзинад кæй хæссы, уый æмæ мæхи æмæ мæ бинонты дæр райдыдтон хуыздæр хъахъхъæнын.

Александр æмæ Мæдинæйы фырт Сослан та загъта: «Скъолайы дæр æмæ къласы дæр хуыздæр æмбарын райдыдтам нæ ныййарджыты, ахуыргæнджыты тыхстдзинад, фæлæ мæм афтæ кæсы, æмæ ахуыргæнинæгтæ се ‘ппæт нырма æххæстæй нæ бамбæрстой, ацы низ куыд карз æмæ æгъатыр у, уый. Иуæй-иутæм дунейы абоны уавæр худæгау кæсы, сæхи нæ хъахъхъæнынц».

Мæдинæ зæгъы, зæгъгæ, коронавирусы тасдзинады тыххæй дзурын куы райдыдтой, уæдæй абонмæ сæ æххæст кæнын æмæ кæндзынæн, цалынмæ низ бынтондæр банымæг уа, уæдмæ.

«Раст зæгъгæйæ, иуæй-иу хатт мæм нæ фæцæуы мæ мад æмæ мæ фыды домæнтæ æххæст кæнын, – зæгъы Сослан. Фæлæ цытæ фехъусын, уыдæтты фæстæ мæм тасы æнкъарæнтæ фæфылдæр вæййынц. Ахъуыды кæнын, цæйнæфæлтау цалдæр къуыри ранчындоны алыгъуызон хостæ нуазон, аппаратæй мын мæ рæуджыты кусын кæной, фæлтау дардзынæн маскæ, æххæст кæндзынæн æппæт домæнтæ дæр».

Иуæй-иу специалисттæ дзурынц, зæгъгæ, вирус бирæ нал ахæсдзæнис, тагъд рынчынты нымæц къаддæр кæнын райдайдзæнис. 

«Вирусæн, абон уа æви райсом, æнæфесæфгæ нæй, фæлæ архайын хъæуы ууыл, цæмæй æрцæуа къаддæр зиæнттæ, фæрынчын уа цъусдæр адæм», – зæгъы Мæдинæ. Йæхи чи нæ хизы, æндæртæн тасдзинад чи хæссы, уыдонимæ аныхас кæнын æмæ ма сын уайдзæф дæр бакæнын. Исты куы фæхатай, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, цæуын хъæуы дохтыртæм, фæлæ хъуыддаг уый онг ма хъуамæ æруадзæм. Бирæ кæнгæ у адæмæн сæхицæй. Æппæт домæнтæ дæр, куыд æмбæлы, афтæ куы æххæст кæниккам, уæд, уырны мæ, низ афтæ не стыхджын уыдаид».

Йæ мады ныхæстæм Сослан бафтыдта, зæгъгæ, коронавирусæй мæ бинонтæ куыд хъахъхъæнынц сæхи, афтæ алчи дæр куы хъахъхъæнид, уæд рынчынтæ уаиккой бирæ къаддæр.

                                                                                                  Гӕззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.