Ныр 12 азы дæргъы 1-æм сентябрь – Зонындзинæдты бон Ирыстонæн вæййы куыд цины бæрæгбон, афтæ хъыджы бон дæр. Августы кæрон горæт Беслæны вæййы сабыр. Уæд беслæйнæгтæ æмæ æнæхъæн Ирыстоны цæрджытæ сæхи фæцæттæ кæнынц фыдохы бонтæм. Алы аз дæр мингай адæймæгтæ æрбацæуынц Беслæны пырх 1-æм астæуккаг скъолайы спортивон залмæ, уæлмæрдмæ. Уыцы адæм сæ зæрдæйы фæсидт-мæ гæсгæ ссарынц 2004 азы æбуалгъ трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ. Ирон адæмы нæ фæнды æмæ сæ бон нæу ферох кæнын, уæд Беслæны сентябры мæйы цы æнæадæймагон цау æрцыд, уый.

12 азы размæ æнæхъæн дуне базыдта ацы чысыл горæты ном, кæцы ссис æгæрон масштабы трагедийы символ, 21-æм æнусы Вифлеем æмæ уыцы иурæстæджы – æхсардзинад, быхсындзинад æмæ фæндвидардзинады символ. 2004 азы сентябры фыццаг æртæ боны 52 сахаты зындоны арвыстой минæй фылдæр амынæты, кæцытæй 334 адæймаджы фæмард сты террористты нæмгуытæй, бирæтæ дзы удæгасæй ныгæд æрцыдысты спырхгонд скъолайы пырхæнты бын, кæнæ фæмард сты уæззау цæфты фæстиуæгæн. Сæрæгасæй чи аирвæзт, уыдон та райстой физикон æмæ психологон травмæтæ. Уыдонæй бирæтæ абоны онг дæр сæ буары хæссынц снарядты схъистæ æмæ сæ удтæ та æнкъарынц тыхджын рыст, кæцыйæн нæй баххуыс кæнæн, æгæрыстæмæй, иууыл тыхджындæр рыстуромæн хостæй дæр.

Раст ахæм æнахуыр аргъæй бафæлвæрдтой сæ политикон амбицитæ аскъуыддзаг кæнын уыдон, кæцытæ сæхицæн хæцæнгарзы хуызы систой терроризм куыд сæ нысæнттæ сæ къухты бафтын кæныны нысан, афтæ. Нырыккон терроризмы æгъатырдзинад адæймаджы дисы æппары. Ау, мады гуыбынæй чи рацыд, мады урс æхсыр чи бададта, уыдон ахæм сырдон митæ куыд хъуамæ сарæзтаиккой. 2004 азы сентябры мæйы Беслæны трагедийæн сфæразын Ирыстонæн баххуыс кодтой Уæрæсе æмæ æндæр фæсарæйнаг паддзахадтæ. Æппæт растхъуыдыгæнæг адæмы фæндыд беслæйнæгтæн се стыр хъыджы баххуыс кæнын, сæ фарсмæ балæууын. Фæлæ дзы уыд ахæмтæ дæр, кæцытæ тырныдтой æхсæннацион конфликт райтынг кæнын, фæндыд сæ сыхаг адæмты кæрæдзийы ныхмæ скæнын æмæ цалынмæ уыдон кæрæдзийы мардтаиккой, уæдмæ Хуссар Ирыстоны сæ къухтæм райсын сæ стратегион нысæнтты тыххæй. Стыр æхсызгонæн, уыцы фæнд саразын сæ къухты нæ бафтыд. Фæлæ нæ уæддæр хъæ-уы цырддзаст уæвын, уымæн æмæ терроризмы уидæгтæ куынæггонд нæма æр-цыдысты æмæ куыд уынæм, афтæмæй дзы тæссаг у æнæхъæн дунейæн дæр.

2014 азы 3-æм майы горæт Беслæны кæрон, теракты амæттæгтæ цы мемориалон уæлмæрды ныгæд сты, уый ныхмæ æвæрд æрцыд ног паркон зонæ, кæцыйы схуыдтой «Ангелты парк». Ацы идеяйы инициатор уыд не ‘мзæххон Батырты Сослан, кæцы цæры Мæскуыйы. Цæгат Ирыстоны дæр бирæ разынд ацы идеяйы æвварсхæцджытæ. Уыдонæй иу уыд Цæллæгаты Сергей, кæцы зайын (хъомыл) кæны цъæхдарæнтæ. Уый лæварæй рахицæн кодта 334 æрвыхуыз цъæх зазбæласы (фæмардуæвджыты нымæцмæ гæсгæ) æмæ 12 тулдзы (уыйбæрц фæмард спецназонтæ æмæ уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæй. Уый куыд загъта, уымæ гæсгæ ацы акци у Беслæны трагедийы амæттæгты мысынæн.

Беслæны теракты хъыгдард чи баййæфта, иу ахæм лæппу загъта: «Беслæн мæнæн ссис зындон æмæ фыдæвзарæнты барæн. Ныр цыфæнды бæллæх дæр ма æрцæуа, уæддæр æз зонын: мæ царды уыд уымæй бирæ уæззаудæр цау».

«Уый уыд нæ царды иууыл уæззаудæр радгæсад», афтæ дзурынц Дзæуджыхъæуы Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны дохтыртæ: Хъæцмæзты Алан, ацы рынчындоны хирургийы фæдыл сæйраг дохтыры хæдивæг: «Беслæн мæ царды у иууыл уæззаудæр мысинаг. Цæфтæ нæм ласын куы райдыдтой, уæд махæн нæхицæн дæр хъуыд медицинон æххуыс бакæнын, афтæ тынг зын уыд уыдонмæ кæсын, кæцыты ‘хсæн уыдысты сывæллæттæ дæр. Фæлæ æнæхъæн коллектив сæ тыхтæ æрбамбырд кодтой æмæ куыстой, куыд иугонд механизм, афтæ. Стыр æххуыс нын бакодтой Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы фæстаг курсы студенттæ. Уыдон лæвæрдтой туг, æххуыс кодтой цæфтæ хæссынæн. Æртæ суткæйы дæргъы мах иууылдæр – дохтыртæ, медицинон хотæ, санитаркæтæ бон дæр æмæ æхсæв дæр уыдыстæм рынчындоны».

Цæруаты Беллæ, рынчындоны реанимацион хайады сæргълæууæг: «Уæлдай уæз æрцыд махыл – реанимацийыл. Сымах æй зонут, уый цахæм бæрндзинад у, фыццаг минутты æххуыс кæнын, рынчыны уавæр базонын, дæхи эмоцитæ арф дæ зæрдæйы бамбæхсгæйæ? Номхуындæй, иттæг хорз реаниматологтæ, хирургты, травматологты, æндæр специалистты æххуысæй рынчындоны коллективæн сæ бон ссис алкæмæн дæр баххуыс кæнын…».

Тотиаты Валери, Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы хирургион низты кафедрæйы сæргълæууæг: «Рынчындон райста 288 цæфы, сæйраджыдæр уыдон уыдысты минæты схъистæй, нæмгуытæй цæфтæ, зæгъæн ис афтæ дæр, æмæ иууылдæр уыдысты сыгъдтытимæ. Операцитæ кодтам суанг райсоммæ 18 стационарон операцион стъолыл».

Хуыгаты Жорес, операцион блокы сæргълæууæг: «Фыццаг рынчыны нæм æрбаластой срæмыгъдæй авд минуты фæстæ. Сымах æй æмбарут цахæм тагъд цыдæй цыд «Волга»-йы шофыр? Сæ туджы мæцгæ сывæллæтты æппæрстой машинæтæм æмæ сæ ластой махмæ. Цæфтæн сæ фылдæр уадзгуытæй хуыссыдысты. Йæхи дзы чи æмбæрста, уыдон та фæлхатт кодтой иу ныхас: «Дон, дон…».

Беслæны рыст нæ сабыр кæны кæд 12 азы рацыд, уæддæр. 12 азы дæргъы Ирыстон сахуыр ацы рыстимæ цæрын, адæм та сахуыр сты нæмыджы схъистимæ цæрын, æрвылбон дæр æмæ æрвылсахат дæр ын сæ риуты йæ уæз æнкъаргæйæ. Фæлæ горæт нæ амард, горæт цæры æмæ цæрдзæн! Сывæллæттæ гуырынц æмæ уый та нысан кæны цард дарддæр кæй кæны. Абон Беслæны теракты чи бахаудта, уыцы лæппутæ æмæ чызджытæй сæхицæн бирæтæн ис сывæллæттæ, кæд æмæ сын сæ зæрдæты сау фæд ныууагъта беслæйнаг трагеди, уæддæр цард дарддæр кæны знæгты фыдæнæн.

Сывæллæтты æмæ иннæты дойныйæ æмæ фыдмардæй чи мардта, уыцы террористы нымæц уыд 32 адæймаг-сырды. Уыдонæн сæ фылдæр уыдысты мæхъæлæттæ. Ацы трагедийыл  Гуырдзыстоны кæй ферадысты, уый дæр нæ макуы хъуамæ уа ферох уа. «Мæскуы паникæйы!», – æппынæдзух дзырдтой гуырдзиаг журналисттæ цингæнгæйæ. «Æмæ сæ уæдæ куыд фæнды», – цингæнгæ дзырдта Георги Хаиндрава. Уæдæ та ацы теракты, Ирыстонæн уæззау рæстæджы дæр ирдæй разынд ирон адæмы цæргæцæ-рæнбонты цыфыддæр знæгтæ чи сты, уыдон. Ирон адæм хъуамæ цæрой æмзонд æмæ æнгомæй, науæд не знæгтæ спайда кæндзысты цахæмфæнды уавæрæй дæр… Хуыцау нæ не знæгты фæндиаг макуы фæкæнæт!

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.