… Æмæ куыд хъуамæ ферох уой уыцы бонтæ нæ мысынадæй, уыцы диссæгтæ, уыцы дудгæбæттæ, уыцы уæззау маст… Раст у, мысынады раз рæстæг æдых у. Æдых у адæймагад дæр уыцы уæззау мысынады раз.

 

Уæрæсейаг

Фидауынгæнджыты ном аргæйæ

Æрвылаз дæр 7 æмæ 8 августы Ирыстоны дзыллæйад мысы 2008 азы агрессийы фæмардуæвджыты рухс нæмттæ.

Нæ республикæйы къухдариуæгад Президент Тыбылты Леониды сæргълæудæй æвдæм августы изæрæй бацыдысты, знаджы фыццаг цæф сæхимæ чи райста, уыцы уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхты пырх казармæмæ. Уым Табугæнæн Дзуары раз фæмардуæвджыты рухс ном арынæн цытджын æгъдауæй сæвæрдтой веноктæ æмæ дидинджытæ. Сæ номыл айзæлыд хæдæхсты къæр-къæр дæр.

Уырдыгæй фæндагыл, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны хъайтар Денис Ветчиновы цырты раз æрлæууыд хицауады кортеж. Ссардтой, 2008 азы 9 августы нын нæ бæстæ знагæй цы уырыссаг салдат бахъахъхъæдта, уый рухс ном.

 

«Хъуыды кæнæм æппæт дæр

2008 азы августы агрессийы рæстæджы бирæ цæрджытæ знаджы нæмыгæй аирвæзынæнхъæл лыгъдысты горæтæй. Фæлæ уым гæрзифтонг знаджы тыхтыл æмбæлдысты. Тугмондаг сырды дæр æндæр цы хъуыд – дæ амæттаг дæ дзыхмæ куы хауа…

Тъбеты хъæуы уыдоны номыл арæзт æрцыд «Сыгъд удты музей». Сыгъд хæдтулгæтыл айтыгътой сау æмæ сырх хъуымацы лыггæгтæ. Сырх – туджы æвдисæн, сау – хъынцъымы нысанæн, уымæйдæр йæ уæлæ судзгæ цæстысыгтæ. Музейы бæстыастæу ис «Хъынцъымгæнæг бæлас»,  йæ хæдфæстæ – Дзуар.

Цытджын хъарагъул Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды номæй бæласы раз сæвæрдта венок. Сæркъулæй алæугæйæ, бæстæйы сæргълæууæг ссардта, 2008 азы ацы бынаты чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ.

Дарддæр сын сæ æнæмæлгæ номы цытæн бæласы раз дидинджытæ сæвæрдтой Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли, Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Хуссар Ирыстоны Къарджиаты Эльбрус, Хицауады уæнгтæ, Парламенты депутаттæ, æхсæнады минæ-вæрттæ.

Табугæнæг Дзуары раз фыд Симон скуывта Дунескæнæгмæ сæрæгæсты номыл.

Республикæйы къухдариуæгад æмæ мадзалы хайадисджытæ ссыгътой цырæгътæ.

«Мысынад удæгас у» – Гергиты Валерийы асинтыл

Цалынмæ удæгæстæ хъуыды кæной, уæдмæ мысынад удæгас у – ахæм ныхæстимæ байгом мысæн изæр, аст азы размæ пырх Парламенты раз маэстро Гергиты Валери концерт-реквием цы асинтыл ауа-гъта, уым. Уый уæд архайдта йæ адæмы тугхъулон хъæдгæмттæн схос кæныныл…

Асинтыл æвæрд æрцыдысты 2008 азы августы агрессийы рæстæджы фæмард-уæвджыты къамтæ, сæ разы судзынц цырæгътæ. Скрипкæ æмæ фæндырæй æххæст цæуы Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Додой»-ы ныхæстæм гæсгæ фыст мелоди.

Мадзаламонджытæ дзырдтой 2008 азы августы хæсты æнæнхъæлæджы райдианыл, зæгъгæ, уæд нæ горæты адæм хъуыды кодтой сæ амондджын цардыл, нывæстой сæ сабиты цардвæндаджы нывтæ.

Фæлæ æмæхсæвæджы уæларвон тыгъдад ныццæхæртæ калдта, тугуарæн æхстытимæ сæмхæццæ адæмы хъæр, хъыллист, сабиты дзыназын… Знаг йæ тугамæхст дзæмбытæй æрбавнæлдта Райгуырæн бæстæмæ æмæ куынæг кæнын райдыдта фыдæлтæй баззайгæ ирондзинад æмæ ирон удварн. Фæлæ нæ сæххæст сты йæ сау фæндтæ цыфыддæр знагæн. Мах рох нæ уыдзысты уыцы бонтæ, уыцы дудгæбæттæ.

…Уæд, майрæмы мæйæн йæ æстæм бон махæн

Нæ зæххæй «сыгъдæг быдыр» арæзта знаг!

Ныр аст азы рацыд… Æрымысæм адæм,

Æнæном нæу не знаг, – йæ ном у «мæнгард»!..

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид дæр августы агрессийы бонтæ банымадта æбуалгъ бонтыл, знаг фынæй горæтмæ йæ ных куы сарæзта.

«Ацы бынаты æрæмбырд вæййæм уый тыххæй, цæмæй æрымысæм, сæрæгасæй кæй руаджы  баззадыстæм, уыдоны рухс нæмттæ сæрибар æмæ хæдбар бæстæйы. Мах æмбырд кæндзыстæм ацы бынатмæ, цæмæй нæ фæстагæттæ ма ферох кæной ивгъуыд æнусы 90-æм азтæй фæстæмæ нæ адæмы фыдæвзарæнтæ», – дзырдта Тыбылты Леонид.

Мах, зæгъгæ, стыр бузныджы ныхæстæ дзурæм нæ Фыдыбæстæйы хъайтар хъахъ-хъæнджытæн.

«Уыцы уæззау бонты мах иунæг нæ уыдыстæм,  нæ фарсмæ æрбалæууыдысты Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады Гарзджын тыхты æфсæддонтæ. Кад æмæ сын цыт уыцы æфсæддонтæн, кæцытæ хæцæнгарзимæ ссæрибар кодтой æмæ сабырадмæ æркодтой агрессоры.

Мах бирæ æмбæстæгты фесæфтам, бирæ фесæфтам уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхты службæгæнджытæй, кæцытæ систы лæбурæг знаджы фыццаг  амæттæгтæ. Уыдон 18 азы дæргъы Хуссар Ирыстоны зæххыл хъахъхъæдтой сæртæг – фæлæ сабырад», – банысан кодта бæстæйы сæргълæуæг.

Нæ хæдбардзинады сæрыл æппæт фæмардуæвджыты тыххæй Тыбылты Леонид бахатыд, æмырæй алæугæйæ сын сæ рухс нæмттæ ссарын.

Бузныджы ныхæстæ загъта æппæт ирон адæмы номæй, сæ æмбæстагон хæс Фыдыбæстæйы раз аккагæй чи сæххæст кодта, уыцы ныййарджытæн, ахæм лæппутæ кæй схъомыл кодтой. Нæ цард, зæгъгæ, дих уыд дыууæ хайыл – 2008 азы онг æмæ уый фæстæйыл. 2008 азы цаутæ бандæвтой дунейы фæткæвæрд æмæ   историйы цыдыл. Иуполярон идея састы бынаты баззад æмæ цаутæ рæзынц æндæргъуызон.

Дарддæр æрдзырдта Уæрæсеимæ бæрзонд ахастытыл, мах, зæгъгæ, сæрыстыр стæм уыдонæй. 2015 азы цы Бадзырд бафыст æрцыд, уымæн йæ нысан у, цæмæй нæ адæм дарддæр цæрой æдасæй æмæ нæ хъахъхъæнынхъомдзинад бæрзонддæр уа.

Президент æрсидт адæмы иудзинадмæ – уый нæ, зæгъгæ, æркæндзæн æнтыстытæм æмæ нæ фидæн дæр ис иудзинады æмæ иумæ хъуамæ размæ цæуæм. «Иудзинады руаджы тых кæндзыстæм ахæм æрхæндæг бонтыл. Иудзинады бындурыл куы кусæм, уæд уый нæ фæмардуæвæг лæппутæн уыдзæн куыд цырт, афтæ. Уыцы цырт у махæй кæнгæ, куы йыл бакусæм, уæд чизоны æмæ зæгъæм, амондджын адæм кæй стæм.

Нæ адæмы мысынад баиу бирæ адæмы мысынадимæ, кæцытæ сæ царды дæргъы хæссынц, хæстæй цы салдат нал æрыздæхт, уыцы мысынад. Мысæн мадзæлттæм Салдатты мæдты комитеты минæвæрттæ æрцыдысты Тюмен, Краснодар, Мæздæг, Санкт-Петербургæй, Цæгат Ирыстонæй. Уыдон номæй ныхасы рацыд Цæгат Ирыстоны регионалон æхсæнадон организацийы сæрдар Гогаты Лорæ.

– Нæ фыдгæнджыты бирæ хатт фæндыд, цæмæй нæ сæртæ æркъул кæнæм, нæ зонгуытыл æрлæууæм, – фæлæ сын нæ бантыст. Нæ кæстæртæн, уыдоны кæстæртæн нæ фæдзæхст у, цæмæй кæддæриддæр нæ кад æмæ нæ ном сæрбæрзондæй хæссой.

Зын нын у, нæ зæрдæтæ махæн мастæй йемыдзаг сты, фæлæ нын уыцы иу рæстæджы тынг рухс сты, уымæн æмæ нæ æдзард хъæбултæ нæ ном æмæ кад никуы фесæфтой. Æнусон кад уыцы лæппутæн, кæцытæ æмбарынц цы у рыст, цы у хæлардзинад. Ис иу адæм – мах иу удæй стæм фидар. Бузныг махмæ цы уазджытæ æрцæуы, уыдонæн – мах сабыруарзаг адæм стæм, мах нæ хъæуы хæст. Уадз, ацы ныхæстæ алкæмæдæр байхъуысæд  Ирыстон иууыл сабыруарзаг дæр, сæрыстыр æмæ уазæгуарзаг бæстæ кæй у æгас дунейы, – дзырдта уый.

Уæрæсейы хъайтар, фидауынгæнæг тыхты æдзард службæгæнæг Раушан Абдулины мад Гульфруз йæ цæстысыг уромгæйæ дзырдта йæ хъæбулы тыххæй.

– Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын æз рагæй бæллыдтæн. Ныр сæххæст мæ бæллиц –  ныр федтон, мæ зынаргъ хъæбул цы зæххыл фæмард, уый. Уымæй уæззаудæр цы ис а-дунейыл – дæхи хъæбулы дæхи къухтæй куы баныгæнай.

Уæрæсейаг фидауынгæнджытæ кад æмæ намысимæ сæххæст кодтой сæ æфсæддон хæс Хуссар Ирыстоны адæмы раз сæ царды аргъæй, – дзырдта Гульфруз.

Ныййарæг мады зæрдæ ныфсытæй цæры, ныфсытæ æвæрдта Гульфруз дæр, чизоны æмæ мæ хъæбул сæрæгас у ам, Хуссар Ирыстоны – фæлæ нæй. Нæ абоны уæззау ныхæстæ, зæгъгæ, уадз, суæд Хуссар Ирыстоны бирæ фыдæбæттæ бавзарæг зæххæн фæстаг хъынцъымы бон æмæ ма-куыуал æрбайхъуысæд хæсты хъæр. Мады стыр бузныджы ныхæстæ загъта, æдзард уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхты кæй мысынц, уый тыххæй. Цыфæнды ма уа, уæддæр, зæгъгæ, мах дæр сымахимæ стæм, иу маст нæ æнгом кæны.

Мады зæрдæйы маст æгæрон у, фæлæ фыды зæрдæйы маст цыргъ дурау ныхсы. Мысæн мадзалы раныхас кодта фæмард-уæвæг уæрæсейаг фидауынгæнæг Алексей Ивановы фыд Сергей.

Хæстон рæстæджыты фæмардуæвджыты номыл æмæ сæрæгасæй йæ цард чи дарддæр кæны, уыдон тыххæй сæхи фыст æмдзæвгæты рæнхъытæ кастысты хицæн автортæ.

Нæ горæты æхсæзаздзыд чысыл Георги схызт асинтыл æмæ микрофоны бахатыд æрæмбырдуæвджытæм, цæмæй бахатой Дунескæнæгмæ æмæ зæххыл æрурома хæст. Йæ къухы уыд сириаг чысыл чызджы къам – бахатыд, цæмæй йыл сæ къухтæ æрфыссой мадзалы хайадисджытæ. Уый Георги арвитдзæн Сиримæ къамы хицаумæ, цæмæй хæстæй мауал тæрса.

ХИПУ-йы уырыссаг æвзаджы кафедрæйы сæргълæууæг, Тедеты Залинæ митинджы рæстæджы бакаст ЮНЕСКО-йы Генералон секретарь, госпожа Ирина Боковамæ сидт Хуссар Ирыстоны номæй, нæ бæстæйы æрцæугæ цауты тыххæй, цæмæй Гуырдзыстоны къухдариуæгады архайдтытыл тæрхон æрцæуа. Зæлинæ бахатыд, цæмæй сидтыл сæ къухтæ æрфыссой, ацы фæндонмæ куыд фæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыдон.

Алайнаг епархийы службæгæнджытæ та Сыгъдæг Мады Майрæмы «Цхинвайлаг» уазхуызимæ Дзуарджын стæр сарæзтой аргъуанæй Гергиты Валерийы асины цурмæ.

 

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.