Æвӕццӕгӕн нӕхицӕй нӕ бон базыдтам, зӕххон дунейыл куыд цӕрын хъӕуы, уый нал хатӕм ӕмӕ та чысыл ницӕй тыххӕй дӕр Хуыцаумӕ ӕхуыс курӕг фӕцӕуӕм… Уӕдӕ уый цы у? Республикӕ Хуссар Ирыстоны Парламент рахаста уынаффӕ 2022 азы апрелы мӕй 10-ӕм бон президентон ӕвзӕрстытӕ ауадзыны тыххӕй. Уый нысан кӕны – райдыдта ӕвзарӕн компани, иугай гоймӕгтӕн, ӕнӕхъӕн политикон партитӕн сӕ хъару, сӕ лӕджыхъӕд равдисыны рӕстӕг. Фӕлӕ иунӕг дзыхыакӕнинаг фӕндон ӕмӕ хъуыды дӕр никӕмӕй ма райхъуыст, афтӕ фӕразӕй сты цъыфкалӕнтӕ, фидистӕ, гӕды ныхӕстӕ, Ирыстоны ӕддагон дунейы цӕсты ӕфтауӕг далум-уалум митӕ…

Советон Цӕдис цӕмӕн ныппырх, адӕм сӕ цӕттӕввонг цардыл сӕ къух цӕмӕн систой, уымӕн йӕ сӕйраг аххосагыл цы нымадтой: демократи, дам, нӕм нӕй, адӕмӕн, дам, ӕвзарыны бар нӕ дӕттынц, уӕлейӕбадджытӕ, дам, сӕхӕдӕг ӕвзарынц уӕлейӕбадджыты дӕр ӕмӕ дӕлейӕбадджыты дӕр. Æмӕ афтӕ уыд. Кӕддӕр-иу иу хатт депутат куы ӕвзӕрстам, уӕддӕр фылдӕр хатт ахӕмты, нӕ цӕсты кӕронӕй дӕр-иу кӕй никуы федтам… Фӕлӕ-иу адӕм кафгӕ ӕмӕ заргӕ цыдысты хъӕлӕс дӕдтынмӕ!.. Уымӕн ӕмӕ сын хъауджыдӕр нӕ уыд, депутат чи уыдзӕн, уӕлейӕ чи баддзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕнцад-ӕнцойӕ цардысты, сӕ бӕсты уӕлейӕ кӕмдӕр сагъӕс кодтой, сӕ цард сын хъахъхъӕдтой, ницы мӕт сӕ уыд. Ныр афтӕ нал у ӕмӕ цы? Гуырдзыстон ӕмӕ Украинӕйӕн къухдариуӕггӕнджытӕ Кремлы нал ӕвӕрынц, адӕм сӕ сӕхӕдӕг ӕвзарынц. Æмӕ цы? Хуыздӕр цӕрынц, амондджындӕр, зӕрдӕрухсдӕр сты? Йӕ хӕдзары дуар чердӕм кӕнгӕ у, уый чи нӕ зоны,  ахӕмтӕ дӕр политиктӕ, зондамонджытӕ, ӕвзарджытӕ куы суой, уӕд ма царды бындурӕн цынӕ ныккӕлгӕ ис!

Уыцы дуджы Саакашвилийы хуызӕттӕн йӕ дзабыртӕ дӕр ничи ныссӕрфын кодтаид, «демократон» гуырдзы та дзы сӕхицӕн сӕрбос скодтой. Зеленскийы хуызӕн клоуны хъӕууон клубӕй уӕлдӕр никӕдӕм бауагътаиккой, ныр дзы цыппормилуанон украинӕгтӕ сӕхицӕн президент сарӕзтой. Уый дын зӕххон адӕм ӕмӕ сӕ митӕ!

О, фӕлӕ мах цы фӕуӕм, мах?.. Æвзӕрстытӕ уыдысты, сты ӕмӕ уыдзысты, мах та цӕрын хъӕуы, кӕстӕртӕ хъомыл кӕнын, сомбон аразын… Æмӕ афтӕмӕй куыд, кӕрӕдзи мауал ӕмбаргӕйӕ, кӕрӕдзийыл цъыфкалӕн кӕнгӕйӕ куыд цӕрӕм, кӕрӕдзийы цӕстытӕм куыд кӕсӕм? Ацы хатт нӕм ӕвзӕрстытӕ райдыдтой, дыууӕ мӕйы ма кӕмӕн баззад, уыцы архайӕг Президенты йӕ бынатӕй арвитынӕй. Дыууӕ мӕйы номыл! Цӕмӕн, кӕцы закъонмӕ гӕсгӕ? Уӕлдӕр Тӕрхондон, кӕнӕ Конституцион тӕрхондон (кӕцы  нӕм абоны онг нӕй) сӕ ныхас загътой?.. Дыууӕ азы нӕ хъустӕ уӕзӕг куы сӕвӕрдтой закъондзинады сӕрыл гӕрӕхтӕм хъусынӕй, уӕд ныр уыцы закъонхъахъхъӕнынады хырх иннӕрдӕм хырх кӕнын цӕмӕн райдыдта?.. Æрбахӕссӕнт ма газеты редакцимӕ, ахӕм къахдзӕф саразыны бар сын чи радта, уыцы «документты», ӕмӕ сӕ ныммыхуыр кӕнӕм. Цӕмӕй ныл тынгдӕр фӕхудой нӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕ, сӕ къах ныл тынгдӕр ӕркъуырой нӕ цыфыддӕр знӕгтӕ!..

Архайӕг президент, дам, Ирыстоны зӕххытӕ Гуырдзыстонӕн радта…

Бынтон гӕды ныхас!..

Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны ‘хсӕн арӕнты хахх куы бӕрджытӕ ӕмӕ нысӕнтӕ кодтой, уыцы рӕстӕджы ныры архайӕг Президенты уӕлвӕткон уавӕрты министрад аразыны йедтӕмӕ ницӕмӕ ӕвдӕлд. Кӕй ӕвдӕлд, уыцы хъуыддаг кӕмӕ хауд, арӕнты тыххӕй дӕр ӕмӕ ӕндӕр кӕнинаг хъуыддӕгты тыххӕй дӕр дзуапп чи лӕвӕрдта, уыдон кӕм уыдысты, цы куыстой, цы арӕзтой, цы… дих кодтой?.. Кӕд нын 1922 азы декретмӕ гӕсгӕ арӕнтӕ абоны арӕнтӕй хуыздӕр, пайдадӕр сты, уӕд ӕй цӕмӕн бамбӕхстой, 2009-2010 азты,  абоны арӕнты хахх кӕуылты хъуамӕ цӕуа, уый куы бӕрӕг кодтой, уӕд? Цы арӕзтой, цы… дих кодтой?.. Стӕй сӕ уый фӕстӕ рӕстӕджы дӕр ӕмӕ ныртӕккӕ дӕр чи цы бынаты куыста ӕмӕ кусы, уыдӕттӕм дӕр ӕркӕсӕм, ӕмӕ дзуапп ӕрдомӕм, дзуапп домын кӕмӕй ӕмбӕлы, уыдонӕй. Кӕннод куыд цӕуы – Битъӕрӕгон, дам, царв бахордта, Къутӕрӕгонӕн та йӕ гуыбын фӕрыст…

Уӕдӕ та райдыдтам… Бӕргӕ-иу исты нывыл куы райдаиккам. Ирон адӕмыл куыд ӕмбӕлы, нӕ фыдӕлтӕ куыд кодтой, афтӕ – уаг ӕмӕ ӕгъдауыл, кӕрӕдзийӕ ӕфсӕрмы кӕнгӕйӕ, кӕрӕдзийӕн аргъ кӕнгӕйӕ, алы дзырд дӕр уырзӕй ӕвзаргӕйӕ, цыфӕнды быцӕуаг фарстмӕ дӕр тадзгӕ-баргӕ, ӕрвонг зондӕй, рӕстдзинады цӕстӕй кӕсгӕйӕ. Мах та?.. Айхъусӕм ма фӕйнӕрдӕм, цы диссӕгтӕ уынӕм, цытӕ хъусӕм? Нырма нӕ дӕр ехсы цъыкк, нӕ дӕр – бӕхы хуыррытт, афтӕмӕй: «мӕнӕ ма уын дыууӕ мӕйы баззади ӕмӕ стӕй фендзыстӕм, б….ӕ!». Уый циу, уый ӕвзарӕн компани у, уый демократон цардарӕзт у ӕви сырдон монцтӕй цӕрӕг ӕхсӕнады дывыдоны тыхӕвзарӕн?.. Мах хуызӕн чысылнымӕц адӕммӕ нӕй гӕнӕн ӕмӕ уа рамбулджытӕ кӕнӕ фембылдуӕвджытӕ, мах иууылдӕр уыдзыстӕм кӕнӕ рамбулджытӕ кӕнӕ фембылдуӕвджытӕ.

Иугӕр ӕвзарӕн компани райдыдта, уӕд алырдыгӕй дӕр хъуамӕ райхъуыстаид ног фӕндӕттӕ, нӕ цард цӕмӕй фӕхуыздӕр уа, уый чи куыд уыны ӕмӕ йыл чи куыд архайдзӕн, Ирыстоны сомбонмӕ чи цахӕм бӕллицтимӕ цӕуы, ахӕм хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндиӕгтӕ. Махмӕ та? Фидистӕ, цъыфкалӕнтӕ ӕмӕ ӕрдхъирӕнтӕ. Æмӕ цӕй тыххӕй, рӕстдзинады охыл? Куыднӕ стӕй! Тӕргайы, искӕмӕй маст райсыны, искӕй фелхыскъ кӕныны, кӕйдӕр зӕрдӕ балхӕнынӕн, искӕй цӕстмӕ, искӕй къӕхты хъӕрмӕ…

Уӕдӕ уый циу – Парламенты уынаффӕ Парламенты ӕмбырдгӕнӕн залӕй йӕ къах нӕма равӕрдта, афтӕ та иуӕй-иу политикон-ӕхсӕнадон органазицитӕ, сӕ офисты дуæрттӕ байгом кодтой, сӕ рӕзты машинӕтӕй азмӕлӕнтӕ нал уыд. Бафӕрсын аипп ма уӕд, кӕд адӕмыл мӕт кӕнӕм, уӕд нӕ уыцы мӕт ӕрмӕст ӕвзӕрстыты рӕстӕджы цӕмӕн бахъыдзы кӕны, уӕды онг уыцы адӕмы тыххӕй ницы дӕр дзуринаг вӕййы, ницы дӕр тыхсинаг, фыссинаг?.. Кӕсут-ма, цас алыгъуызон газеттӕ та нӕм фӕзындзӕн! Стӕй та ӕвзӕрстыты фӕудимӕ ӕрбатары уыдзысты уыдон дӕр. Афтӕ цӕрӕм иу ӕвзӕрстытӕй иннӕмӕ, фӕлӕ афтӕ цӕргӕйӕ кӕйонг фӕцӕуынмӕ хъавӕм, уый у сӕйраг фарст, ууыл хъӕуы алкӕй дӕр бӕстон ныхъуыды кӕнын…

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.