Ирыстоны национ хæзнатыл ма æрæджы бафтыд иу: ног арæзт, нырыккон домæнтæй æххæст чи у, ахæм национ символ – тырыса рафæйлыдта Дзæуджыхъæуы Коцойты Арсены уынджы Терчы былыл. Тырысатæ нæм нырмæ дæр куыднæ уыд, фæлæ дзы амæн æмбал нæма ис. Йæхи фæрæзтæй йæ йæхи куыстуаты саразын кодта не ‘мзæххон, зындгонд амалхъом, компани “Евродон”-ы генералон директор Уанеты Вадим. Тырыса цы цæджындзыл ис, уый у æртын метры бæрц, зынаргъ æрмæгæй конд. Тырыса йæхæдæг дæр у стыр, сæрмагонд хъуыма-цæй хуыд æмæ йын ницы хъомыс сты æрдзыхъæды ивæнтæ.

Ахæм кадджын мадзалмæ æрбацыдысты нæ республикæйы хицауад æмæ цæрджыты уæлдай Джиуæргуыбайы бæрæгбонмæ Ирыстонмæ цы бирæ уазджытæ ссыд, уыдон дæр. Уыдонимæ Уанеты Вадим йæхæдæг дæр. Тырыса йæ бынатмæ сисыны кадджын хæс сæххæст кæнын дæр бакодтой уый бар, æртæ чъири, æртæ фæрсчы æмæ бæгæныйы кæхцæй ирон театры актер Бытъæты Роберт куы скуывта æмæ ирон мелоди куы райхъуыст, уæд.

Нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав арфæ ракодта Уанеты Вади-мæн йæ зæрдиаг архайды тыххæй. Куыд банысан кодта, афтæмæй тырыса у национ хæзна, иудзинады символ, адæммæ, уæлдайдæр кæстæр фæлтæрмæ æвзæрын кæ-ны патриотизмы æмæ хъомылады æнкъарæнтæ.

“Ирыстон мæ райгуырæн зæхх у, фæлæ дзы, хъыгагæн, нырмæ ницы сарæзтон. Ацы тырыса фæуыдзæн мæ хæрзаудæн хъуыддæгты райдайæн. Нырæй фæстæмæ архайдзынæн, цæмæй Ирыстоны хæрзæбонæн исты саразон. 2017 азы уал мæ зæрды ис Дзæуджыхъæуы дуканиты хызæг байгом кæнын, стæй дарддæр бæрæг уыдзæн”,- загъта Уанеты Вадим.

Бæрæгбоны суанг изæрмæ нæ бамынæг сты ирон хъазты, зарджыты зæлтæ. Сæ арæхстдзинад дзы æвдыстой нæ республикæйы аивадон коллективтæ.

Бирæ азты фæйлаудзæн ацы диссаджы тырыса ацы бынаты æмæ адæмы иудзинадмæ йæ хайбавæрд хæсдзæн. Æмæ куыднæ. Йе ‘ртæ хуызæн дæр ис стыр нысаниуæг. Урс у монон сыгъдæгдзинады символ, сырх – хæстон сгуыхтдзинады æмæ бур хуыз та фарн æмæ бæркады символ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.