Цхинвалы районы фермерон хæдзарад «Тъбет» рагæй уæвынад кæны, йæ сæргъ лæууынц дыууæ æвзонг нæлгоймаджы. Уыдон райдианæй фæстæмæ сæ разы æрæвæрдтой хæс, цæмæй æдзухдæр уой куыстыл лæуд, сæ хæдзарады куыстытæ æххæст кæной рæстæгыл æмæ æнтысгæйæ. Афтæ кæй архайынц, уымæн сын кæддæриддæр вæййы  зæрдæрухсгæнæн фæстиуджытæ æмæ уымæй æнæкъуылымпыйæ æххæст кæнынц куыд сæхи, афтæ фæлхасгæнджыты домæнтæ дæр. Раст у, хæдзарад раздæр азты бирæкъабазджыныл нымад цыд, дардтой хуытæ дæр, фæлæ ныр уыцы къабазы куыст нал кæнынц, бæрæг аххосæгтæм гæсгæ. Ныртæккæ сæм стуртæ нымадæуы 25, уыцы нымæцы 6 хъуджы. Цалынмæ родтæ чысылтæ вæййынц, уæдмæ хъуццыты нæ фæдуцынц, иугæр бахъомыл сты, уæд та фæхизынц сæрвæты. Хæдзарады сæргълæуджытæ Цхуырбаты Иван æмæ Гаглойты Алан рæстæгыл бацархайынц æфсирон культурæтæ байтауыныл дæр æмæ уый фæстиуæгæн сæ тыллæгæрзад дæр вæййы бæркадджын. Ацы уалдзæг дæр хъæбæрхор байтыдтой 10 гектары æмæ 25 га та сысджы. Сысджыйы культурæ ныртæккæ сбæззыд æфснайынæн æмæ йæм фæзынд раззагон механизатор Бибылты Мельс – æфснайы йæ холлагæн.    Цхуырбайы фырт куыд зæгъы, афтæмæй йæ æфснайд фæуыдзысты цалдæр кусгæ бонмæ æмæ сæ бабæстон кæндзысты, къæвдайы дон кæдæм нæ хæццæ кæна, ахæм бынаты. Æдæппæт дзы бабæстон кæндзысты 4000 иуæджы холладжы тыхтæттæ. Чысыл фæстæдæр та æрбалæудзæн хъæбæрхоры культурæ æфснайыны рæстæг æмæ уыцы æнæмæнгхъæуæг куыст сæх-хæст кæнынмæ дæр сты цæттæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.