Кусынæн бæзгæ хорз боныгъæдтæй ахадгæйæ пайда кæнынц нæ горæты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ, æмæ æрвылбон дæр сæ хæслæвæрдтæ ахицæн кæныныл архайынц зæрдиагæй. Сæ разы та ис алыгъуызон куыстытæ æххæст кæныны хæс, æмæ сæ аскъуыддзаг кæнын та ахъаз уыдзæн цæрджыты уавæртæ æрнывыл кæнын, стæй иумæйагæй горæты аивдзинад æмæ сыгъдæгдзинадæн. Ныртæккæ цæрæнуатон-эксплуатацион къанторæйы кусджытæ тагъд кæнынц, Ручъы уынджы №12 цæрæн хæдзары уæлхæдзар раивыныл, æмæ йæ фæуыдзысты ацы æввахс бонты. Уый фæстæ ахæм куыстытæ райдайдзысты ацы уынджы №15 цæрæн хæдзары дæр, кæцы ис тынг мæгуырау уавæры. Горæты администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хистæр Тыбылты Геннади куыд загъта, афтæмæй уыцы куыстытæ тагъддæр сæххæст кæныныл дæр кусдзысты цырд темптæй æмæ йæ арæзт фæуыдзысты 10 боны æмгъуыдмæ. Уымæй дарддæр ма ацы хæдзарады кусджытæ коммуникацион куыстытæ æххæст кæнынц Сталины уынджы №119 корпусы дæр. Зæгъын хъæуы, ам дон кæй хъуызы æндæр ран æмæ сын уый у проблемон фарст. «Водоканал»-ы куыстуат хъуамæ рабæрæг кæна, дон æнæранæй кæцæй хъуызы, уыцы бынат, æмæ йæ кæронмæ æрбæстон кæндзысты. Хъуамæ ма раивой донцæуæн коммуникацион хахх Остъаты æфсымæрты уынгыл æмæ Æмбæрзæндуры районы дыккаг уæладзыджы. Хæрзарæзтады управлени хорз бацархайдта Республикæйы кадджын бæрæгбонмæ горæты сыгъдæгдзинадыл, асыгъдæг кодтой, цы бырон дзы æрæмбырд, уыдон. Æрластой алыгъуызон дидинджыты садзæнтæ æмæ сæ цъæхдарæнты фæлысты кусджытæ рæстæгыл ныссагътой Хицауады Хæдзар æмæ Театралон фæзуатмæ æввахс. Горæты цы бæлæстæ ис, уыдон зæнгтæ сцагътой чъыры тæнгъæдæй. Раст у, нырма фæсвæд бынæтты бæлæстæ ахæм куыст нæ баййæфтой, фæлæ ацы бонты уыдоны дæр бакусдзысты.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.