Знон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид фембæлд Цхинвалы районы хъæуты цæрджытимæ. Уыдон æм бахатыдысты, цæмæй скъуыддзаг æрцæуа сæ хъæууон хæдзарадон тыллæджы реализацийы фарст республикæйæн æддейæ.

Ацы районы цæрджыты куырдиаты хæнтфæстæ Тыбылты Леонид фæдзырдта Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти æмæ премьер-министры хæдивджытæм, афтæ ма ацы къабазы ведомствоты министртæм.

Тыбылты Леонид бахæс кодта, цæмæй ацы проблемæ æвæстиатæй иуварсгонд æрцæуа.

«Не ‘мбæстæгтæ, хъæуты цæрджытæ, æнæхъæн афæдзы дæргъы чи фыдæбон кодтой, уыдон сæ тыллæг æрзайын кодтой, фæлæ ныр сæ разы ис бæрæг цæлхдур: республикæйæн æддæмæ сæ тыллæг куыд аласой. Уый фæдыл бахатыдысты мæнмæ. Æз тынг цымыдис кæнын, нырмæ сымах æрдыгæй ацы фарстмæ хъусдард здæхт цæмæннæ уыд, цæмæн ис уый аххосæй хъæуты цæрджытæн ныр проблемæтæ? Дзуапп мæ ныртæккæ нæ хъæуы. Уæ разы уын æвæрын хæслæвæрд, цæмæй бакусат ацы фарстыл, рафæлгъауат ын йæ сæххæст кæныны механизмтæ æмæ сæ фæхæццæ кæнат адæммæ», – загъта Президент.

Тыбылты Леонид ма бахæс кодта, цæмæй бакуыст æрцæуа æгас республикæйы хъæууон хæдзарадон продукцийы бæрцы дырыс системæ.

«Мах æй хъуамæ зонæм, нæ хъæууон хæдзарадон продукцийæн йæ бæрц цас у, уый. Хъуамæ йæ æмбарæм, йæ реализаци кæныны тыххæй æнæмæнгхъæуæг цы у. Æппынфæстагмæ, бынæтты, районты, куыд алы районы администраци, афтæ Хъæууон хæдзарады министрады хайадты кусджытæ дæр хъуамæ бæстонæй æмбарын кæной не ‘мбæстæгтæн, цы мадзæлттæ исын хъæуы райдианы, сæ продукци реализаци кæныны тыххæй », – загъта Президент.

Банысанчындæуыд, кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейы Федерацийы цы закъон уæвынад кæны, уый кæй бæстон кæны бæрæг домæнтæ, сæ территоримæ цы товартæ ластæуы, уыдоны гъæды фæдыл. Афтæ ма уæвынц бæрæг лабораторон домæнтæ дæр.

«Æмбæрстгонд у, алцыдæр хъуамæ дзуапп дæтта домæнтæн. Фæлæ мах хъуамæ балæууæм нæ хъæуты цæрджыты фарсмæ. Уæлдайдæр ма гæнæн ис æмæ уæрæсейаг базарты уый ахъаз фæуа продукцийы импортизацийы баивдæн. Ацы ран æнæмæнг-хъæуæг у æмгуыст æппæтварсонæй нæ уæрæсейаг коллегæтимæ, афтæ ма нæ æфсымæрон Цæгат Ирыстон-Аланийы æмбæлон службæтимæ дæр», – загъта Президент.

Ацы фарст хъуамæ аскъуыддзаг уа тæккæ райсом.

            РХИ-йы Президенты пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.