Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид æмæ Цæгат Ирыстон – Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав хайад райстой  ирæтты националон бæрæгбоны, кæцы уыд Цæгат Ирыстоны Сыгъдæг Хетæджы къохы.

Республикæты сæргълæуджытæ раарфæ кодтой Ирыстоны адæмæн иумиагнационалон бæрæгбоны цытæн, загътой сын, цæмæй дарддæр дæр хъахъхъæной сæ фыдæлты традицитæ æмæ культурæ.

Уыцы бон Хетæджы къохмæ æрцыдысты цæрджытæ Ирыстоны алы къуымтæй, цæмæй скуывтаиккой Ирыстоны адæмы æнæниздзинады, сабырад æмæ фæрныгады тыххæй.

Адæм Хетæджы къохмæ æрцыдысты æртыгай уæливыхтæ æмæ фыры кæнæ стуры фæрсчыты хайæ физонджытимæ æмæ куывтой Хуыцæутты Хуыцаумæ.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм уый, æмæ легендæмæ гæсгæ Хетæг уыд чырыстон диныл хæст, уыд кæсгон кънязы фырт æмæ «нæ» загъта пысылмон диныл. Йæ хæстæджытæ йæм уый тыххæй смæсты сты æмæ уый фæстиуæгæн сфæнд кодта  Ирыстоны бамбæхсын. Куырттаты коммæ фæндагыл, ныры Суададжы хъæуы цур, Хетæджы æрбацæййæййæфтой, фæстейæ йæ чи сырдтой, уыдон. Уæд Хетæг хъæдæй фехъуыста «Хетæг, хъæдмæ, хъæдмæ!», фæлæ лидзæг нал хæццæ кодта хъæдмæ. Уæд Хетæг фæхъæр кодта «Хъæд æрбацæуæт Хетæгмæ!» Уадидæгæн хъæд февзæрд Хетæджы алыварс æмæ йæ фæстейæ чи сырдтой, уыдон аздæхтысты фæстæмæ, кæй йæ не ссардтой, уый фæстиуæгæн. Хетæг хъæды фæцард афæдзы бæрц, уый фæстæ рацыд хæххон хъæу Нармæ, уым æрбынат кодта æмæ уымæй рацыдысты Хетæгкаты мыггаг дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.