РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид хайад райста, ацы бонты Мæскуыйы уагъд чи цыд, уыцы Дунеон форум «Уæрæсеимæ иумæ»-йы.

Форумы уынаффæ цыдис Уæрæсейы æддагон политикæйы актуалондæр фарстытыл, фæсарæнты цæрæг æмфыдыбæстæйонтæм ахасты. Уыдон, фыццаджыдæр, уыдысты фæсарæнты цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгты бартæ æмæ сæрибардзинæдтæ реализаци кæныны фарстатæ; уырыссаг дзыллон информацийы фæрæзты информацион æмархайд æмæ æмфыдыбæстæйонты организациты гуманитарон æмгуысткæнынад. Фембæлды ахсджиаг темæ уыдис фæсарæнты цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгты  хайадист Уæрæсейы æхсæнадон-политикон царды.

Форумы куысты хайад райста Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Дмитри Медведев, закъондæдтынадон æмæ æххæсткæнынадон хицауады федералон органты къухдариуæггæнджытæ,  зындгонд политиктæ, уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг æхсæнадон организациты, дзыллон ифнормацийы фæрæзты, ахуыргæндты, барадзонджыты æмæ дины кусджыты минæвæрттæ.

«Уæрæсеимæ иумæ»-йы форум организаци æрцыд фонд «Уырыссаг дуне»-йы инициативæмæ гæсгæ.

 

ТЫБЫЛТЫ ЛЕОНИД: «РЕАЛИЗАЦИ ÆРЦЫД ПРИНЦИП «ДЫУУÆ БÆСТÆЙЫ  ДЫУУÆ ТЫГЪДАДЫ»

 

РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид раныхас кодта дунеон форум «Уæрæсеимæ иумæ»-йы.

Форумы хайадисджыты раз ныхас кæнгæйæ, Тыбылты Леонид загъта, форумæн цы ном равзæрстæуыд «Уæрæсеимæ иумæ», зæгъгæ, уымæн кæй ис арф мидис Хуссар Ирыстонмæ ахасты. «Цивилизацион егъау тыгъдады астæумагъз уæвгæйæ, Уæрæсе сæдæгай азты дæргъы йæхимæ æлвасы æрмæст фæсарæйнаг уырыссæгты нæ, фæлæ сæхи уыцы цивилизацион иугонды хайыл чи нымайынц, ахæм адæмтæ дæр, кæцытæ иумæ сты сæ цины æмæ сæ хъыджы дæр, æнкъарынц сæ хайадист Уæрæсейы ивгъуыды, абоны æмæ фидæны».

Уыцы иудзинады æнæфæхицæнгæнгæ хай схуыдта Хуссар Ирыстоны адæмы дæр.

«2008 азы августы Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны хæсты цæхæры бын куы фæкодта, уæд нæ адæм сæ фидардзинад æвдыстой Уæрæсейыл æууæндынæй, фидарæй сæ уырныдта, Уæрæсе сæ се ‘намонддзинадимæ иумæ кæй нæ ныууадздзæн, æххуысмæ сæм кæй æрцæудзæн. Зын ахъуыдыгæнæн у, цахæм ныфс æмæ æууæнкимæ æнхъæлмæ кастысты Цхинвалы уæрæсейаг æфсадмæ. Уый уыдис цард æмæ мæлæты фарст. Уæрæсейаг æфсæдтæ куы æрцыдысты Цхинвалы хъахъхъæнджытæн æххуысмæ, цыран дарддæр цыдысты уынгты тохтæ, адæм уæрæсейаг тырысаты бын танкты куы федтой, уæд бамбæрстой, сæ ирвæзынгæнæг сæм кæй æрцыд æмæ сын хæсты цъаммардзинæдтæ кæй фесты, Хуссар Ирыстон кæй цæрдзæнис. Дыккаг бон, кæм уыдис гæнæн, уымыты фæзындысты фыстытæ «Бузныг Уæрæсе», зæгъгæ: адæмы фæндыд се стыр бузныджы ныхæстæ зæгъын Уæрæсейæн, кæцы æрцыд æмæ нæ адæмы фервæзын кодта бынтондæр æй скуынæг кæнынæй» – загъта Тыбылты Леонид.

Президент ма йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, уыцы августы бонты Уæрæсейы тынг бирæ адæм æввахс сæ зæрдæмæ айстой Хуссар Ирыстоны трагедийы: «Афтæ вæййы æрмæстдæр, адæмты ‘хсæн эмоцианалон бастдзинад куы вæййы, иу кæй сты, уыцы æнкъа-рынад сæм куы вæййы, адæмы, куыд сæ хиуæтты, афтæ куы айсынц».

Тыбылты Леонид хъысмæтскъуыддзаггæнæн рахуыдта, 2008 азы 26 августы Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны тыххæй Уæрæсейы Федераци цы уынаффæ райста, уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый ссис Гуырдзыстоны ‘рдыгæй ног агрессийы æмæ нæ скуынæг кæнынмæ бафæлвæрдтытæй нæ адæмы æдасдзинадæн ныфсы гаранти.

«Уымæн ферохгæнæн нæй. Цалынмæ нæ адæм цæрой, уæдмæ дидинджытæ уыдзæнис, Цхинвалы сæрыл тохты чи фæмард сты, уыцы уæрæсейаг æфсæддонты цыртдзæвæнты раз», – загъта уый.

Йæ раныхасы Тыбылты Леонид уæлдай тынгдæр банысан кодта, нæ бæстæты ‘хсæн историон бастдзинæдты.

«Иу æмæ дыууæ хатты Хуссар Ирыстоны нæ бауырныдта, Уæрæсеимæ цæдисад æвзаргæйæ, нæ фыдæлтæ сарæзтой иунæг раст равзæрст æмæ уыцы равзæрстыл нæ адæм æнувыд уыдзысты æппæт рæстæджыты дæр. 2015 азы 18 марты къухтæ кæуыл æрфыстæуыд, уыцы Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырд бæлвырд кæны, дыууæ бæстæйы дыууæфарсон ахастыты, сæ тыгъдадты баиу кæныны уникалон, иттæг æввахс характер, суанг хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады иууон тыгъдады онг. Реализаци æрцыд принцип «дыууæ бæстæйы иу – дыууæ тыгъдады». Дунейы нæй ссарæн ахæм цæвиттон, цыран æнгомдæр интеграци уа, дыууæ паддзахады ‘хсæн ахæм стыр æууæнк уа», – загъта Президент.

Уый ма афтæ банысан кодта, зæгъгæ, форум «Уæрæсеимæ иумæ»-йы хайадисджыты иу кæны Уæрæсейы экономикон æгъдауæй хъомысджын бæстæйæ уыныны фæндондзинад, кæцы дунеон тыгъдады ахсы ахсджиагдæр позицитæ.

«Мах иууылдæр тырнæм, махæй цы кæнгæ у, уыдон саразынмæ, цæмæй фидардæр кæна Уæрæсейы дунеон престиж æмæ йæ позицитæ размæ кæнын» – банысан кодта Тыбылты Леонид.

«Хæстон æмхæларад, мæлæтдзаг тох иумæйаг знаджы ныхмæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты къухты бафтгæ иумæйаг уæлахиз æнустæм бацыдысты нæ адæмты национ æмбары-надмæ æмæ историон мысынадмæ.

9 майы дæсгай æмæ сæдæгай горæтты уынгты æнæкæрон рæнхъытæй Æнæмæлгæ полктæ рацæуынц, кæцытæ нæ алы бæстæйы дæр сты æмхуызон. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты салдатты фырттæ, уыдоны фырттæ æмæ фыртты фырттæ, кæцытæ уæхски-уæхск фæлæууынц раст рæнхъыты – æппæт уыдæтты руаджы мах нæхи æнкъарæм нæ иумæйаг историйы хайæ, æнкъарæм, нæ историон рæстæджы æмæ нæ иумæйаг цивилизацион тыгъдады иудзинад. Ацы хæсты чи сфæлтæрдта, уыцы хæстон æмбалдзинад дарддæр цæры нæ фæлтæрты хъуыдыкæнынады», – загъта Президент.

 

«ХУССАР ИРЫСТОНЫ ЦÆРДЖЫТÆМ ИС ÆМБÆСТАГДЗИНАДЫ СТЫР ÆНКЪАРЫНАД»

«Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг æмфыдыбæстæйонтæ ныр цалдæр азы хайад исынц Уæрæсейы Федерацийы Президенты æвзæрстыты, Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы цалдæр сæвзæрст депутатты æвзæрстыты хъæлæс дæдтыны», – банысан кодта Президент Тыбылты Леонид йæ раныхасы Дунеон форум «Уæрæсеимæ иумæ»-йы.

«Хуссар Ирыстон у чысыл бæстæ æмæ æппæт йæ цæрджытæ нымæцæй, гæнæн ис, уой дард фæсарæнты иу кæцыдæр егъау бæстæйы уæрæсейаг æмбæстæгты бæрцæй къаддæр. Фæлæ хъæлæс дæдтыны баримæ æмбæстæгты процент тардицион æгъдауæй вæййы бæрзонд», – банысан кодта уый.

Тыбылты Леониды ныхæстæм гæсгæ, республикæйы цæрджытæм ис æмбæстаг-дзинады стыр æнкъарынад, бæрзонд æмбæстагон активондзинад у нормæ.

«Уымæй дарддæр ма хуссарирыстойнаг паддзахад, цыран цæрджыты фылдæр хайæн ис дыккаг æмбæстагдзинад – уæрæсейаг, Уæрæсеимæ нын сæрмагонд характеры ахастытæ кæй ис, уымæ гæсгæ ифтонг кæны æппæтфарсонæй нæ территорийыл æвзæрстытæ организаци кæныны æххуыскæнынад. Уæрæсейы Федерацийы Президенты æвзæрстыты, Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы депутатты æвзæрстыты хъæлæс дæдтыны хайад исын нæ адæмы ‘хсæн нымад цæуы стыр привилегийыл, кæцы фидар кæны уæрæсейаг паддзахаддзинадимæ æнæфæхицæнгæнгæ иудзинад», – загъта уый.

Президент ма йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны территорийыл УФ-йы Президенты æвзæрстытæ, УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутатты æвзæрстытæ адæм исынц, куыд хæдхуыз референдум, цыран æнæдызæрдыгæй равдисынц Уæрæсеимæ сæ фарсхæцынад, кæцыимæ нæ бæттынц фидар сабырдзинад æмæ æдасдзинад, фидар рæзт æмæ сомбоныл æууæндындзинады гарантитæ.

«Уæрæсеимæ иудзинады, бæстæйы царды æмбæстагон хайадисты ирд цæвиттон уыдзысты, алыгъуызон бæстæты уæрæсейаг æмфыдыбæстæйонты хайадист 2016 азы 18 сетябры Паддзахадон Думæмæ депутатты æвзæрстытæ. Хуссар Ирыстоныл дзургæйæ, зæгъдзынæн ноджыдæр: республикæйы адæм раджы сбæлвырд кодтой цæрæнбонтæм сæ сæйраг равзæрст – Уæрæсеимæ иумæ уæвын. Ацы фæндвидар равзæрст уый бафидар кæндзæн 18 сентябры хъæлæс дæдтыны рæстæджы дæр», – йæ ныхас балхынцъ кодта Хуссар Ирыстоны паддзахады сæргълæууæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.