31 январы киноконцертон зал «Чермен»-ы ауагъдæуыд æмбырд Тыбылты Леониды президенты бынатмæ дыккаг æмгъуыд раразмæ кæныны инициативон къордæн.

Мадзалы райдиан равдыст æрцыд цыбырметражон документалон фильм, кæцы дзурæг уыд фондз азы дæргъы Тыбылты Леониды сæргълæудæй республикæйæн цы æнтыстытæ уыд, æппæт уыдæттыл. Кионофильм фæци ахæм ныхæстæй: «Тыбылты Леонид у республикæйы куырыхондзинад, куыстхъомдзинад æмæ стабилондзинад».

Æмбырды хайад райстой Хуссар Ирыстоны æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Мадзалы хайад райсынмæ республикæмæ фæуазæг сты Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Хæдбар паддзахадты æмхæларады бæстæтимæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы республикæты социалон-экономикон æмгуысткæнынады фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Президенты Администрацийы управленийы уынаффæгæнæг Алексей Филатов, Уæрæсейы Федерацийы компартийы минæвар, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы культурæйы министры хæдивæг, поэт Дудайты Чермен.

Мадзал амонæг уыд фыццаг цыппар сæвзæрст Парламенты  депутат Кокойты Тарзан. Уый бузныг загъта æрæмбырдуæвджытæн, сæ хъуыддæгтæ кæй ныууагътой æмæ кæй æрæмбырд сты, уый тыххæй, афтæ ма хатыр ракуырдта уыцы бирæ адæмæй, кæцытæн залы бынæттæ кæй нæ уыд, уый тыххæй лæууыдысты фойейы.

Кокойты Тарзан куыд банысан кодта, афтæмæй 9 апрелы адæм хъуамæ равзарой аккаг раздзоджы, уымæн æмæ «мах æвзарæм нæ бæстæйы фидæн, цæмæй уæм рæсугъддæр, хъæздыгдæр æмæ ифтонг уæм æппæтæй дæр. Мах хъуамæ равзарæм ахæмы, кæцыйæн фылдæр бантысдзæн, фылдæр сараздзæн, кæцы у фæлтæрдджындæр, кæцы ныры онг дæр бирæ бакуыста æмæ йын ис æнтыстытæ». Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый у Тыбылты Леонид, «уы-мæн æмæ абон не ‘хсæнады ис сабырдзинад, кæрæдзиæмбарынад æмæ кæрæдзийæн барындзинад, уый та бирæ-бæрцæй у Тыбылты Леониды æнтыст».

Мадзалы раныхас кодтой политикон партиты минæвæрттæ дæр, уыдоны ‘хсæн парти  «Дзыллæты иудзинад»-ы лидер Чилæхсаты Владимир. Уый куыд радзырдта, афтæмæй сæ партийы уæнгты фæндыд, цæмæй сæхи ‘хсæнæй раразмæ кодтаиккой Президенты бынатмæ кандидат, фæлæ аскъуыддзаг кодтой, цæмæй балæууой Тыбылты Леониды фарсмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Тыбылты Леониды куысты ис рæдыдтытæ дæр, «фæлæ чи нæ кусы, уый нæ рæдийы. Мæн уырны, æмæ йæ дарддæры куысты йæ рæдыдтытæ дæр сраст кæндзæн æмæ республикæйы дæр раразмæ кæндзæн».

«Леонид Харитоны фырт, парти «Дзыллæйы иудзинад» ис дæ фарсмæ æмæ нæ ныфс ис, фыццаг туры кæй рамбулдзынæ, уымæй», – бахахх кодта Чилæхсаты Владимир.

Ахæм фæндонимæ раныхас кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны компартийы лидер, Парламенты экс-спикер Коцты Станислав дæр.

Уый куыд загъта, афтæмæй 2012 азы дæр республикæйы компарти уыд Тыбылты Леониды фарсмæ æмæ ныр дæр уыдзæн йæ фармæ.

«Тыбылты Леониды куыстыл бирæ дзурæн ис, æз зæгъдзынæн уый, æмæ республикæ фестад иу стыр арæзтадон фæзуат. Мах уынæм, абон Хуссар Ирыстоны цы арæзт цæуы. Æрмæстдæр куырм нæ уыны æмæ  къуырма нæ хъусы, республикæйы цы арæзтад цæуы, уыдæтты», – загъта Коцты Станислав.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, фондз азы дæргъы Тыбылты Леонид Уæрæсейы Президент Владимир Путинимæ фембæлд 10 хатты.  «Иунæг фæсарæйнаг бæстæйы сæргълæууæг дæр нæ раппæлдзæн, Уæрæсейы Президентимæ уал хатты фембæлдæй. Уый ууыл дзурæг у, æмæ Уæрæсе нымайы æмæ кад кæны Тыбылты Леонид æмæ йæ командæйы куыстæн», – загъта Коцты Станислав æмæ Тыбылты Леонидæн загъта æнтысты фæндиæгтæ.

Парти «Фыдыбæстæ»-йы лидер Гобозты Вячеслав йæ раныхасы банысан кодта, кæй нæ хауы уыцы адæммæ, кæцытæ куыдфæндыйæ дæр феппæлынц хицауиуæгады цыфæнды архайдæй дæр æмæ сæ нæ фæкритикæ кæнынц, хицауиуæгад кæй сты, æрмæстдæр уый тыххæй.

«Æз тынг хорз уынын республикæйы æнтыстыты дæр æмæ проблемæты дæр. Фæлæ афтæ хъуыды кæнын, æмæ алкæй зæрдыл дæр лæууы, Тыбылты Леонид нæ республикæйы Президентæй æвзæрст куы æрцыд, уæд нæ бæстæ цы уавæры уыд. Фондз азы дæргъы цы æнтыстытæ бафтыд нæ республикæйы къухты, уымæн хъуамæ аккаг аргъ скæнæм. Æз нæ дзурдзынæн уыцы æнтыстытыл, уыдон алчи дæр уыны, уынынц ма, цы проблемæтæ нæм ис, уыдоны дæр. Уыцы проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын та бафтдзæн ног æвзæрст президенты къухты», – загъта Гобозты Вячеслав æмæ банысан кодта, кæй хæцы, Тыбылты Леонид Президенты бынатмæ йæ кандидатурæ кæй раразмæ кодта, уый фарс.

Парти «Райгуырæн бæстæ»-йы минæвар Дудайты Иртох дæр фехъусын кодта, зæгъгæ, парти «Райгуырæн бæстæ» дæр йæ лидер Гасситы Домбайы сæргълæудæй хæцы Тыбылты Леониды фæндоны фарс.

Ныхасы рацыд Уæрæсейы Федерацийы компартийы минæвар, Цæгат Ирыстон-Аланийы культурæйы министры хæдивæг Дудайты Чермен. Уый йæхи номæй, афтæ ма Уæрæсейы Федерацийы коммунистон партийы лидер Геннади Зюгановы æмæ УФ Паддзахадон Думайы депутат Тайсауты Хъазбеджы номæй раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн æмæ сæрмагондæй Тыбылты Леонидæн, æмæ Зюгановы номæй бакаст Тыбылты Леониды адресыл арфæйы æмæ фарсхæцынады фыстæг.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим дæр куыд банысан кодта, афтæмæй хæцы Тыбылты Леонид Президенты бынатмæ дыккаг æмгъуыд йæ кандидатурæ кæй раразмæ кодта, уый фарс. Уый куыд загъта, афтæмæй стабилондзинад æмæ сомбоныл æууæндыны фоныл бæрæгæй зынынц республикæйы реалон æнтыстытæ.

Уый бахахх кодта, зæгъгæ, паддзахады фыццаг адæймаджы политикæ хъуамæ уа рæстагон, æмæ уыцы иурæстæджы уа карз æмæ фæндвидар, адæмы фæндæттæ æмæ Хуссар Ирыстоны историон фæндаг бахынцгæйæ.

Дарддæр уый куыд загъта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны хъахъхъæд æрцыд æмбæста-гон сабырдзинад, ифтонг æрцыд зонад æмæ культурæйы размæцыд, фидар æрцыдысты Уæрæсеимæ бастдзинæдтæ, фæлæ республикæйы дарддæры размæцыдæн хъæудзæн ногдзинæдтæ, «уыцы нымæцы кадрон ивындзинæдтæ дæр, хицауиуæгады структурæты хъæуы ног «туг», бакæнын сæм хъæуы профессионалты», – банысан кодта ректор æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, «Республикæйы бирæ аккаг адæй-мæгтæ сæ кандидатурæтæ нæ раразмæ кæндзысты, дæ авторитет бахынцгæйæ».

Хуссар Ирыстоны æхсæнадон организаци «Ног фæлтæр»-ы сæрдары хæдивæг Хъуылымбегты Александр куыд фехъусын кодта, афтæмæй, Тыбылты Леонид Президент куы ссис, уæдæй фæстæмæ хицауиуæгад æмæ фæсивæды ‘хсæн ахастытæ сты æмбæлон æмвæ-задыл. Уый бахахх кодта, зæгъгæ, йæ уырны, Тыбылты Леонид дарддæры фондз азы дæргъы дæр уыдзæн республикæйы Президент.

Къуыдаргомы цæрджыты номæй æмбырды раныхас кодта Хуыгаты Гамлет. Уый æрæмбырдуæвджытæн радзырдта, бирæ азты дæргъы Къуыдаргомы цæрджытæ цы зындзинæдтæ æвзæрстой, уыдоны тыххæй.

«Нæ нын уыд рынчындон, скъолатæ, фæндæгтæ. Фæлæ Тыбылты Леониды Президентæй куы равзæрстам, уæд банкъардтам паддзахады аудындзинад æмæ фарсхæцынад. Уый фæстиуæгæн Къуайсайы цæрджытæ сты нæ абоны Президенты фарс æмæ дарддæр дæр уыдзыстæм йæ фарсмæ. Леонид Харитоны фырт, бузныг де ‘нтыстыты тыххæй æмæ дын къухæмдзæгъд кæнæм лæугæйæ!», – загъта Хуыгаты Гамлет æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, «Къуыдаргомы адæм уæйгæнджытæ нæ уыдысты æмæ нæдæр уыдзысты!»

Мадзалы раныхас кодта зынгæ политикон æмæ æхсæнадон архайæг Джиоты Аллæ. Уый бузныг загъта Тыбылты Леонидæн, республикæйы цы позитивон ивындзинæдтæ æрцыд, уыдоны тыххæй æмæ радзырдта 2011 азы цауты фæдыл, æмбæлон аргъ сын лæвæрд кæй не ‘рцыд, æппæт уыдæтты тыххæй. Дарддæр банысан кодта, зæгъгæ, «политикон ахасты нывты галереяйы абон чи ис, уыдоны ‘хсæн ды дæ иууыл зæрдæмæдзæугæдæр».

Хуссар Ирыстоны Хъахъ-хъæнынады министрады минæ-вар Æлборты Эдуард куыд банысан кодта, афтæмæй фæстаг фондз азы дæргъы министрад рахызт йæ размæдзыды радон этапмæ – фæхуыздæр сты не ‘фсæддон дæлхæйтты хæст-хъомдзинад. Урæд æрцыд æфсады цух кæныны процесс.

«Æрмæстдæр Тыбылты Леониды сæрмагонд хайадисты фæрцы кусæм ныры организацион-штатон структурæйы. Ацы фарстыл уынаффæ цыд иууыл уæлдæр æмвæзадыл  – 2013 азы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы президентты фембæлды рæстæджы æмæ скъуыддзаг æрцыд, цæмæй Хуссар Ирыстонæн уа йæхи сæрмагонд Гарзджын тыхтæ, кæцытæн сæ бон уыдзæн паддзахады бахъахъхъæнын», – загъта Æлборты Эдуард.

Кокойты Тарзан бакаст, РХИ-йы Президент Тыбылты Леониды номыл Турчы æхсæнад «Алан»-ы сæрдар Хъуысаты Садреттин йæхи æмæ Турчы цæрæг ирæтты номæй цы арфæйы тел æрбарвыста, уый, кæцыйы дзырдæуы: «Зынаргъ Леонид! Мах фæнды, цæмæй нын дæ фæндтæ кæронмæ сæххæст кæныны фадат уа. Нæ зæрдæ дын зæгъы Президенты бынатмæ æвзæрстыты уæлахиздзинад.

Стыр Хуыцауы хорзæх дæ уæд!»

Тыбылты Леониды Президенты бынатмæ раразмæ кæныны инициативон къорды æмбырды раныхас кодта Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Уый банысан кодта, зæгъгæ,  «Хуссар Ирыстоны цы арæзт æрцыд, уый иууылдæр уынæм, фæлæ фылдæр йæ къухы цы бафтыд Леонидæн æмæ йæ цуры чи лæууы, уыцы адæмæн, æвæццæгæн, уый у, адæм кæрæдзи кæй бамбæрстой æмæ адæм æмзондæй, кæрæдзи æмбаргæйæ уæхски-уæхск кæй æрлæууыдысты, уый».

Битарты Вячеслав банысан кодта, зæгъгæ, афтæ дарддæр дæр кæрæдзи куы æмбарæм, кæрæдзимæ æнгом куы лæууæм, æмзондæй куы цæрæм, уæд æвæццæгæн, не знæгтæ дæр – цы иу фарсы ‘рдыгæй, цы – иннæ фарсы ‘рдыгæй тæрсдзысты.  «Ууыл бирæ куыст æрцыдис Леониды руаджы æмæ дарддæр дæр республикæйы сæргълæууæг куы уа, уæд уыцы куыст цæудзæн, кæндзæнис тыхджындæр», – банысан кодта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг.

Битарты Вячеслав загъта æрбамбырдуæвджытæн, зæгъ-гæ йын бирæ фембæлдтытæ вæййы Мæскуыйы Уæрæсейы Хицауады министртимæ æмæ йæ æрвылхатт дæр фæфæрсынц Хуссар Ирыстоны хабæрттæй. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ Уæрæсейы цыт кæнынц Тыбылты Леонидæн, уымæн æмæ фæстаг рæстæджы Хуссар Ирыстоны цы арæзт æрцыд, уыдон иууылдæр сты уый руаджы.

«Мах Леонидимæ бирæ фæныхас кæнæм æмæ нæ фæнды, цæмæй Ирыстон иу уа, мауал дих кæна хуссар æмæ цæгатыл. Уый тыххæй та хъуамæ æнгомдæр кусæм. Кæрæдзи æмбаргæйæ, кæрæдзи уарзгæйæ æмæ æмзондæй куы кусæм, уæд уыцы рæстæг дæр тагъддæр æрцæудзæн. Мæн уырны, æмæ ма Леонид дарддæр дæр йæ фондз азы куы бакуса, уæд республикæ ноджы фæрæсугъддæр уыдзæн, ноджы амондджындæр уыдзæнис», – бахахх кодта уый.

Йæ раныхасы кæрон уый раарфæ кодта æрбамбырдуæвджытæн. «Ног аз æрцыд æмæ Хуссар Ирыстонæн ног амонд цы ‘рхæсса, ноджы æнгомдæрæй, кæрæдзи æмбаргæйæ иумæ куыд цæрæм, Хуыцау уый зæгъæд», – загъта Битарты Вячеслав.

Тыбылты Леониды Президенты бынатмæ дыккаг хатт раразмæ кæныны инициативон къорды æмбырды фарсхæцынады ныхæстæ загътой рынчындоны кардиологийы хайады сæргълæууæг Хъороты Светланæ, Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт, бирæсывæллонджын мад Гæджиты Аринæ, горæты централон библиотекæйы кусæг Гуыззыдтаты Этери, ХИПУ-йы 3-аг курсы студенткæ Джиоты Альбинæ æмæ æндæртæ.

Уый фæстæ ныхасы рацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид æмæ бузныг загъта æрæмбырдуæвджытæн, ныхасы чи ра-цыд, уыдонæн æмæ Хуссар Ирыстоны æппæт адæмæн, Президенты бынаты кусын куы райдыдта, уыцы бонæй  æдзух йæ фарсмæ кæй лæууынц, уый тыххæй.

«Æнæ уыцы фарсхæцынадæй мын тынг зын уаид кусын», – бахахх кодта Тыбылты Леонид æмæ банысан кодта, зæгъгæ, 2012 азы мах цы уавæрты архайдтам, уыцы рæстæг хъуамæ историйы баззайа, нæ архайд хъуамæ ноджыдæр уа тыхджындæр, хъуамæ уа ирддæр, цæмæй нæ адæмы цард ноджы фæрæсугъддæр уа, уымæн æмæ не ‘фхæрд адæм гуырдзыйы аргрессийы азты стыр уæззаудзинæдтæ бавзæрстой æмæ хъуамæ æппæт дæр арæзт цæуа, цæмæй уыдæттæ ивгъуыды баззайой.

Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, нæ зæрдæты баззайдзысты, Ирыстоны сæрвæлтау сæ цард нывондæн чи ‘рхаста, æнæ аххосæй уыцы азты чи фесæфт, æппæт уыдон.

Уый æрымысыд 2011 азы цаутæ æмæ залы уæвæг Джиоты Аллайæн загъта, зæгъгæ, алцы дæр арæзт цæуы æмæ цæудзæн, цæмæй адæймаджы бартæ хæлд макуыуал æрцæуой Хуссар Ирыстоны.

«Ацы фарстыл фыццаг хатт нæ дзурын, фæлæ йæ официалон æгъдауæй гъеныр нысан кæнын, уæды рæстæджы адæймаджы бартæ хæлд æрцыдысты уымæн æмæ уæд уыдыстæм анархийы уавæрты, фæлæ нæ зондджын æмæ уæздан адæм равдыстой политикон æмбаргæдзинад æмæ рахызтысты уыцы уавæрæй. Махæн алцы рохгæнæн нæй, фæлæ архайдзыстæм, цæмæй нæ адæм æфхæрд мауал баййафой, æмæ абон кæд исчи ногæй, тыхы æгъдауæй фæнд кæны æрбахизын нæ цардмæ, уæд ын уый бар мах нæ ратдзыстæм», – загъта Президент.

Тыбылты Леонид ма банысан кодта уый дæр, æмæ фæрæзты кадавардзинадмæ нæ кæсгæйæ, фæстаг фондз азы бирæ арæзт кæй æрцыд, къухы кæй бафтыд бирæ позитивон фæстиуджытæ, афтæмæй республикæ цадæггай рахызт пырхæнтæй, цыбыр рæстæгмæ арæзт æрцы-дысты фæндæгтæ, скъолатæ, рынчындæттæ, цæрæн хæдзæрттæ.

Президент хъусдард аздæхта уымæ, æмæ Уæрæсейы Федерацийы Нымайæн палатæйы æдзухон бæрæггæнæн куыстытæ банысан кæнынц, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны алы сом дæр хардз цæуы нысанмæздæхтæй.

Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн ахастытæ бæрзонд æмвæзадмæ кæй схызтысты æмæ сын кæрæдзиимæ æнгом æмæ æууæнчы ахаст кæй ис, уый банысан кодта Тыбылты Леонид Уæрæсейы æххуысыл дзургæйæ, æмæ бузныджы ныхæстæ загъта, уал азы дæргъы кæимæ кусы, уыцы уæрæсейаг коллегæтæн.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, къухыбафтгæ æнтыстытæм нæ кæсгæйæ, Хуссар Ирыстоны адæмы цардуагон уавæртæ æмæ фæрныгад ноджыдæр хъуамæ рæза азæй азмæ, размæ хъуамæ цæуа йæ экономикæ дæр.

«Республикæйы къухдариуæгады планты ис бирæ амбициозон хæслæвæрдтæ, уыдон нымæцы: экономикон райрæзты хорз темптæм рахизын, ног куыстуæттæ æмæ кусæн бынæттæ саразын, бынæттон амалиуæггæнджытæн баххуыс кæнын.

Тыбылты Леонид радзырдта республикæйы демографион уавæры дарддæры планты тых-хæй дæр.

«Мах фæнд кæнæм республикæйы демографион рæзтæн уавæртæ саразын. Алы бинонтæн дæр хъуамæ уа иууыл къаддæр æртæ сывæллоны. Уыимæ иумæ ма фæнд кæнæм æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы æмвæзад фæбæр-зонддæр кæнын. Æмбæлон куыст цæудзæн ахуырады, культурæйы, туризмы фадгуыты рæзтыл дæр. Мах кусæм 2018-2019 азтæн Инвестицион программæйыл, цыран нысан æрцæудзысты уыцы фарстатæ», – фехъусын кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Президент ма радзырдта, республикæйы адæмы царды æмæ республикæйы алыварс цы ивындзинæдтæ æрцыд, уыдæтты тыххæй дæр.

«Нæ адæмы царды цы ивындзинæдтæ æрцыд, уыдон æмæ национ æндидзынады процесстæ политикон боны фæткмæ рахастой нæ бæстæйы историон ном раздахыны фарст. Аланийы кадджын ном дунетыл хъуыстгонд уыд, уый зындгонд уыд практикон æгъдауæй алы рæтты дæр. Нæ адæм се сгуыхтдзинадæй фенын кодтой, сæ фыдæлты кадджын ном Алани раздахыны аккаг кæй сты. Æз фæнд кæнын, цæмæй спайда кæнон мæ бартæй ацы фарст æппæтадæмон хъæлæсæппæрстмæ рахæссыны тыххæй», – банысан кодта Тыбылты Леонид.

Йæ раныхасы кæрон Президент банысан кодта, зæгъгæ, 9-æм апрелы æвзæрстыты рæстæджы сæйраг хæс у сабырдзинад æмæ стабилондзинад бахъахъхъæнын. Уый ноджыдæр æрсидт ацы ахсджиаг политикон процессы иннæ хайадисджытæм, цæмæй бæрндзинад æнкъарой республикæйы раз æмæ фæтк хъахъхъæной политикон конкуренцийы, уымæн æмæ «5 азы иумæ цæсгомджынæй фæкуыстам æмæ нæ дарддæр дæр иумæ цæрын хъæудзæн. Æз нæ дызæрдыг кæнын, дарддæр дæр кæй кусдзыстæм иумæ Хуссар Ирыстоны хæрзæбонæн».

Тыбылты Леонид ноджыдæр бузныг загъта Хуссар Ирыстоны адæмæн, кæй йыл баууæндыдысты, уый тыххæй æмæ ныфс бавæрдта, сæ зæрдæхудты кæй никуы бацæудзæн.

Осиаты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.