6 июны Президент Тыбылты Леонид Хицауады уæнгты базонгæ кодта Хицауады Сæрдары ног хæдивæг Козаты Димитримæ, афтæ ма фехъусын кодта, зæгъгæ, Тъехты Алан нысангонд æрцыд Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæгæй – раздæр уый куыста Хицауады Сæрдары хæдивæджы бынаты.

«Фæнды мæ фехъусын уын кæнон кадрты ивддзинæдты, æз æмæ республкæйы Хицауады Сæрдар цы фæндæттæ рахастам, уыдоны тыххæй. Ацы фæндæттыл æз уынаффæ кодтон мæ Администрацийы сæргълæууæг æмæ мæ коллегæтимæ», – загъта Президент.

Тыбылты Леонид сæрмагондæй банысан кодта, зæгъгæ, стыр ныфс æвæры Козаты Димитрæй, Хицауады Сæрдары хæдивæджы бынатмæ нысангонд чи æрцыд, уымæй.

«Ацы адæймагимæ зонгæ дæн 30 азæй фылдæр. Уый у йæ адæмыл æнувыд патриот. Йæ царды уый рацыд стыр фæлтæрæнтæ. Уыд Уæрæсейы регионты таможнæйон органты сæргълæууæг хицæн рæстæджыты. Æз стыр ныфс æвæрын дæуæй», – загъта йын Президент.

Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, Козаты Димитр хъус дардзæн таможнæйон органты, хъалонты службæты фарстытæм, æмæ æрмæст уыдонмæ нæ.

«Бирæ ис бакусинæгтæ. Мах развæлгъау ныхас кодтам Козаты Димитримæ, ис хорз фæндтæ æмæ фæндиæгтæ инвестицитæ æрбакæныны, нæ бæстæйы фыццаг экономикон форум ауадзыны сæраппонд. Фидарæй мæ уырны, æппæт адæттæ нæ къухы кæй бафтдзысты. Мæ зæрдæ дын зæгъы æнтыстытæ», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Йæхи рады Козаты Димитр дæр арфæ ракодта бæстæйы сæргълæууæгæн, йе ‘ууæнк ыл кæй бафтыдта, уый тыххæй, æмæ йын зæрдæ бавæрдта, йе ‘ппæт архайд æмæ хъарутæ кæй аздах-дзæн йæ адæмæн лæггад кæ-нынмæ.

Хицауады уæнгты Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг, Тъехты Аланимæ зонгæ кæнгæйæ, Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, Тъехты Алан Хицауады Сæрдары хæдивæджы бынаты кусгæйæ, йæхи равдыста æрмæстдæр хорзæрдыгæй.

«Ног адæймаг нæу, зонут æй уе ‘ппæт дæр. Ис бирæ фарстытæ, кæцытыл дарддæр дæр хъæудзæн бакусын», – загъта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.