Хуссар Ирыстоны Президент  Тыбылты Леонид фæнд кæны Политсовет саразын республикæйы ном Аланийæ раивыны фарсты фæдыл.

Хуссар Ирыстоны историон ном – Алани сног кæныны фарст боны фæткæй ист нал цæуы, уый нæ, фæлæ Хуссар Ирыстоны Президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ ацы азы дæргъы цæуы уæлдæр банысангонд фарстмæ цæттæгæнæн куыст. Уый тыххæй фехъусын кодта бæстæйы сæргълæууæджы пресс-нымæрдар Гана Яновская.

«2015 азы декабры Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид фехъусын кодта журналисттæн нæ бæстæйæн йæ историон ном  Алани раздахынмæ йæ цæттæдзинады тыххæй æмæ лæвæрд æрцыд æмбæлон хæслæвæрдтæ. Уæдæй нырмæ уагъд æрцыд цалдæр æмбырды ацы фарсты фæдыл. Куыд Хуссар, афтæ Цæгат Ирыстоны ахуыргæндтæ, эксперттæ æмæ политиктимæ арæх уагъд цыдысты консультацитæ, ацы куыст конд цæуы ныр дæр», – загъта уый.

Гана Яновскаяйы ныхæстæм гæсгæ, Президент республикæйы ном аивыны тыххæй фыццаг хатт куы сдзырдта, уæдæй фæстæмæ йæ номыл æрбацыд бирæнымæц фыстæджытæ хицæн æмбæстæгтæй, Уæрæсейы Федерацийы æмæ фæсарæнты чи цæры, нæ уыцы æмзæххонтæй.

«Абоны онг дæр ма цæуынц фыстæджытæ ацы хъуыдыйы тыххæй Президенты химæи-сæн, социалон хызæгтæ æмæ посты адресмæ дæр. Уыдонæн сæ фылдæр сты ахæм хъуыдыйы фарс, цæмæй нæ республикæйы ном схуындæуа Республикæ Хуссар Ирыстон-Алани. Уыцы фыстæджытæ се ‘ппæт дæр æвæрд æрцыдысты Президенты раз. Леонид Харитоны фырт снысан кæндзæн Политсоветы рабадты бон. Хайад дзы райсдзысты политикон партиты, æхсæнадон организациты минæвæрттæ æмæ нæ ахуыргæндтæ. Уынаффæ цæудзæн фарстæн хуыз раттыны варианттыл, дарддæр ыл бакусыны сæраппонд», – загъта уый кæронбæттæны.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.