РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид Президенты Администрацийы кусджыты базонгæ кодта сæ ног къухдариуæггæнæг – Тъехты Аланимæ, кæцы раздæр куыста Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæгæй. Уый тыххæй паддзахады сæргълæууæг æмбæлон Барамындыл йæ къух æрфыста знон, 16 январы.

Фембæлды рæстæджы Президент загъта ахæм ныфс, зæгъгæ, Тъехты Алан æппæт бæрн-дзинадимæ æххæст кæндзæн, цы хæстæ йыл æвæрд æрцыд, уыдоны. Афтæ ма банысан кодта, зæгъгæ, Президенты Администрацийы архайд хъуамæ цæуа барадон фæдыздæхты. Администрацийы ног къухдариуæггæнæгæн йæ цæст бауарзта æнтыстытæ æмæ фехъусын кодта, зæгъгæ, æппæт амæлттæй уымæн æххуыс кæндзæн дарддæр дæр.

«Дæ куысты фæлтæрддзинадæй пайда цæудзæн дарддæры архайды, уæлдайдæр та – æвзæрстыты агъоммæйы рæстæджы. Дæ куысты фæстиуджытæ хъуамæ дзуапп дæттой нæ адæмы домæнтæн», – загъта уый.

Йæ рады Тъехты Алан бузныг загъта паддзахады сæргълæууæгæн, ахæм æууæнк ыл кæй бафтыдта æмæ ныфс бавæрдта, æппæт хъарутæ æмæ фæлтæрддзинадæй дæр кæй пайда кæндзæн æрæвæргæ хæстæ къухты бафтын кæныны тыххæй.

«Æз ацы коллективы бакуыстон 7 азы, уыцы рæстæджы цъус арæзт не ‘рцыд. Ныфс мæ ис, мах æнтысгæйæ кæй бакусдзыстæм дарддæр дæр. Фæнды мæ бузныг зæгъын, ахæм æууæнк мыл кæй бафтыдтай ахæм бæрнон рæстæджы», – загъта уый.

Тъехты Аланæн ног бынатмæ снысан кæныны тыххæй раарфæ кодтой йæ коллегæтæ –  Президенты паддзахадон уынаффæгæнджытæ Сиукъаты Радион æмæ Зассеты Жаннæ, афтæ ма Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæджы хæдивæг Пухаты Константин.

Дарддæр Президент банысан кодта 2017 азæн Президенты Администрацийы куысты приоритеттæ æмæ загъта, зæгъгæ, æппæт йæ кусджыты куыст хъуамæ здæхт уа республикæйы адæмы хæрзиуæгæн.

«Сымахæй алчи дæр хъуамæ йæ хъус лæмбынæг здаха хъуыддаджы фæдыл бацæуджытæм», – загъта уый.

РХИ-йы Президенты æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.