Президент Тыбылты Леонид ауагъта оперативон æмбырд горæт Цхинвалы Хъайтарты уынджы 118 бирæфатерон хæдзары цæрджыты иумæйаг куырдиаты фарсты фæдыл. Уыцы хæдзар хъыгдард æрцыд 2008 азы августы хæсты фæстиуæгæн. Æмбырды хайад райстой Хицауады сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, Президенты администрацийы контролон управленийы хистæр Къодоты Таймураз, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрады архитектурæ æмæ горæтарæзтады управленйы хистæр Гаглойты Багир.

Бæстæйы сæргълæууæг фехъусын кодта, зæгъгæ, йын боны райдианы фембæлд уыд, 2008 азы августы хæсты аххосæй бæлвырд зиæнттæ кæмæн бачындæуыди, уыцы хæдзары цæрджытимæ. «Ацы хæдзары цæрджытæ æрбахатыдысты мæнмæ, цæмæй сын ацы проблемæйы баххуыс кæнæм, – загъта уый. – Мах не ‘ппæт дæр зонæм, уыцы хæдзар 2008 азы августы хæсты рæстæджы хъыгдард кæй баййæфта, æмæ уæдæй фæстæмæ йæ сæндидзын кæныны сæраппонд фаг æхцайы фæрæзтæ рахицæнгонд кæй æрцыд. Уыдон цæуыл бахардз сты, уый бæлвырд нæу. Иуцалдæр подрядон организацийы æрæвнæлдтой ацы бæстыхай капиталон цалцæг кæнынмæ, фæлæ фарст абон дæр  æнæ скъуыддзагæй баззад – хæдзар у сæндидзынгæнинаг», – загъта уый.

Президент ма банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы къухдариуæгад йæ хъус дары ацы фарстмæ æмæ йыл иу æмæ дыууæ хатты нæ цыд дзырд, уымæн æмæ хæдзары цæрджытæ æвзарынц бæлвырд зындзинæдтæ, æвзæрын сын кæны тæссагдзинад, æмæ фарст аскъуыддзаг кæнын хъæуы æвæстиатæй. «Не ‘мбæстæгты æдасдзинад махæн у иууыл ахсджиагдæр, æмæ агурдзыстæм финансон амæлттæ йæ сæндидзын кæныны сæраппонд», – загъта уый.

Зæгъойты Эдуард дæр йæхи рады банысан кодта, зæгъгæ, 2009 азæй райдайгæйæ, хæ-дзары агъуыст раивын æмæ йæ капиталонæй сцалцæг кæнынæн хицæнгонд цы фæрæзтæ æрцыд, уыдон цъус нæ уыдысты, фæлæ сæ хæдзардзинæй не спайда чындæуыд.

«Ацы хæдзар сæндидзын кæнынмæ сæрысуангæй дæр раст ахаст нæ уыди, – бæлвырдæй загъта уый, – Развæлгъау уал хъуыди конструкцитæм æркæсын, стæй уый фæстæ та йæ цалцæг кæнынмæ æрæвналын. Ацы ран сæвзæрд ахæм уавæр, æмæ иуæй-иу фатертæ цалцæггонд æрцыдысты, фæлæ хъыгдард баййæфтой йæ конструкцитæ æмæ не сты кусынхъом».

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ цæттæгонд æрцыд техникон хыгъд ацы хæдзары уавæры тыххæй. Уымæн йæ хатдзæджы фыст ис, зæгъгæ, йæ конструкцион иуæгтæ бæззынц дарддæр сæ пайда кæнынæн. Фæлæ сæ иу хай хъыгдард у, æмæ йæ хъæуы капиталонæй сцалцæг кæнын.

«Мах ма ацы фарст æрæвæрдтам Æхсæнхицауадон къамисы уæрæсейаг хайы раз. Ацы хæдзары тыххæй фæндæттæ – экс-пертты хатдзæгтæ, техникон æмæ проектон-сметæйон докуметаци мах ныридæгæн цæттæ кæнæм, æмæ сæ бавдисдзыстæм нæ уæрæсейаг коллегæтæм ÆПК-ы æввахсдæр рабадты рæстæджы», – загъта министр.

Кæронбæттæны Тыбылты Леонид ноджыдæр иу хатт банысан кодта ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныны ахсджиагдзинад æмæ бахæс кодта Арæзтады министрæн, цæмæй ÆПК-ы радон рабадтмæ бæстон бацæттæ кæной сæхи, афтæ ма банысан кодта, зæгъгæ, не ‘мбæстæгты иунæг куырдиат дæр æнæхъусдард хъуамæ ма баззайа.

 

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.