РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид йæхимæ райста   Республикæ  Хуссар Ирыстоны  Венесуэлæйы  хъуыддæгты рæстæгмæ бæрнджын Альваро Энрике Санчес Кордеройы æмæ Республикæ Венесуэлæйы  политикæ æмæ энергетикæйы фарстаты фæдыл уынаффæгæнæг Хоглис Хесус Мартинес Нуньесы. Уыдон Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты æртæбонон балцы. Фембæлды хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Цхуырбаты Андрей.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Венесуэлæйы хъуыддæгты рæстæгмæ бæрнджын Альваро Энрике Санчес Кордеро æууæнчы гæххæтт радта РХИ-йы Президент Тыбылты Леонидмæ.

Тыбылты Леонид раарфæ кодта уазджытæн, рæстæг кæй ссардтой æмæ Венесуэлæйæн хæлар бæстæ Хуссар Ирыстонмæ кæй æрцыдысты, уый сæраппонд æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Венесуэлæ у æфсымæрон паддзахад Хуссар Ирыстоны республикæйæн, цыран стыр аргъ кæнынц дыууæ бæстæйы æхсæнпаддзахадон ахастытæн.

Паддзахады сæргълæууæг арфæйы ныхæстæ загъта Боливариаг Республикæ Венесуэлæйы президент Николас Мадуройы адресыл дæр, кæцы бæстæйы сæргъ слæууыд Президент Уго Чавесы амæлæты фæстæ.

Республикæйы сæргълæууæг хъарм ныхæстæ загъта дзæнæттаг Уго Чавесы адресыл дæр æмæ йæ схуыдта йæ райгуырæн бæстæйы æцæг патриот æмæ сабырады сæрыл тохгæнæг.

«Абон дуне сабыр нæу, дунейы цæуы негативон цаутæ æмæ уыцы негативон цауты фоныл  мах хъуамæ уæм кæрæдзийы фарсмæ æмæ бахъахъхъæнæм нæ паддзахадты размæцыды бындуртæ. Мах стыр аргъ кæнæм уыцы ахастытæн, кæцытæ арæзт цæуынц  Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Венесуэлæйы ‘хсæн æмæ хæсджын стæм, цæмæй бахъахъхъæнæм нæ паддзахадты ‘хсæн хæлардзинад, фидардæр æмæ арфдæр кæнæм нæ ахастытæ, дзаг сæ кæнæм,  абоны домæнтæн дзуапп чи дæтта, ахæм ног хъуыддæгтæй», – загъта Президент Тыбылты Леонид.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, «нæ бæстæты ‘хсæн арæзт æрцыд æртæ документы: æмгуысткæнынады тыххæй генералон сразыдзинад, дипломатон ахастытæ саразыны тыххæй сразыдзинад æмæ кæрæдзимбарынады тыххæй меморандум. Абон махæй алчи дæр уыцы документты хъуамæ баххæст кæна æмбæлон мидисæй».

Йæ рады Альваро Энрике Санчес Кордеро бузныг загъта Хуссар Ирыстоны Президентæн, зæрдиагæй сæ кæй райста, уый тыххæй.

«Хуссар Ирыстоны мах нæхи хатæм, цыма нæхимæ стæм, афтæ. Æгæрыстæмæй, ардæм цæугæйæ цы  хæхтæ, цæугæдæттæ федтам, уыдон дæр нын нæ зæрдыл æрлæууын кодтой нæ райгуырæн бæстæйы. Мах уыдыстæм уæ музейы, федтам равдыст æмæ нын тынг æхсызгон уыд Ирыстоны историимæ, уæ аивадимæ æмæ националон къæбицимæ кæй базонгæ стæм, уый», – загъта уазæг.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонмæ балц реализацигонд æрцыд хæларадон æхсæнпаддзахадон ахастытæ саразыны нысанæн уыцы политикон хаххы фæлгæтты, кæцыйæн бын æрæвæрдта дзæнæттаг Уго Чавес æмæ йæ адарддæр кодта Венесуэлæйы ныры къухдариуæгад президент Николас Мадуройы сæргълæудæй.

Альваро Энрике Санчес Кордеройы ныхæстæм гæсгæ, Венесуэлæ лæууы Республикæ Хуссар Ирыстонимæ ахастытæ рæзын æмæ фидардæр кæныны фæндагыл.

«Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ нæ паддзахадты ‘хсæн ахастытæ сты перспективон æмæ, мæнмæ гæсгæ – æнтыстджын. Нæ балцы рæстæджы мæнæн бантыст банысан кæнын, кæй ис бирæ сферæтæ, цыран махæн нæ бон у кæрæдзийæн баххуыс кæнын, зæгъæм, хъæууон хæдзард. Ныртæккæ Венесуэлæйы ис кризис хæлцадон секторы, æмæ хуссарирыстойнаг республикæйы хъæууон хæдзарад динамиконæй кæй рæзы, уый фæстиуæгæн Хуссар Ирыстонæн йæ бон у, æмæ нын баххуыс кæна.  Афтæ хъуыды кæнын, æмæ махæн нæ бон у не ‘мгуысткæнынад рæзын кæнæм активонæй», – бахахх кодта Альваро Энрике Санчес Кордеро.

Тыбылты Леонид куыд банысан кодта, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Боливариаг Республикæ Венесуэлæйы ‘хсæн цы сразыдзинæдтæ арæзт æрцыдысты, уыдон ахъаз сты алы здæхтыты алыварсон æмгуысткæнынадæн æмæ ныфс бавæрдта, уыдон кæй рæздзысты æмæ фидардæр кæндзысты, уымæй.

Хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг Тыбылты Леонид фæхуыдта Венесуэлæйы Президент Николас Мадуройы, цæмæй фæуазæг уа Хуссар Ирыстонмæ.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.