РХИ-йы Президенты пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй 31 марты Мæскуыйы кусæгон балцы уæвгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинимæ.

Фембæлды рæстæджы дыууæ президенты дзырдтой дыууæфарсон æмгуысткæнынады къорд фарстытыл, фыццаджыфыццаг та Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты фарстытыл.

Фембæлды рæстæджы Владимир Путин фехъусын кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй Хуссар Ирыстонæн æххуысы гуырахст 2016 азы уыдзæн 8 миллиард сомæй фылдæр.

«Ды йæ зоныс, 2008 азæй фæстæмæ Уæрæсе æххуыс кæны Хуссар Ирыстонæн. Ацы аз уыцы æххуыс, мæнмæ гæсгæ, уыдзæн 8,2 миллиард сомы, уыдонæй 3,6 миллиард сомы сты 2017 азмæ Инвестпрограммæйы хай», – банысан кодта Путин.

Уый зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, уыцы программæ хауы цæрæнуаты арæзтадмæ дæр, драмтеатры арæзтадмæ дæр æмæ сывæллæтты хайадимæ рынчындоны комплексы арæзтадмæ дæр.

«Иудзырдæй, фарстытæ скъуыддзаг æмæ размæ цæуынц», – банысан кодта Уæрæсейы Федерацийы лидер.
Путин ма зæрдыл æрлæууын кодта дунеон аренæйы æмгуысткæнынады, уыцы нымæцы женевæйаг форматы фæлгæтты бадзырдты дæр.

Уæрæсейы Федерацийы Президент банысан кодта, зæгъгæ, дыууæ бæстæйы ахастытæ фидар кæнынц æмæ «уый хауы архайды æппæт здæхтытæм дæр». «Æцæгæй банысан кæнын хъæуы, уый, æмæ иумæйаг цауты тыххæй экономикæйы ис бæрæг фæстæзаддзинад æмæ нæ товарон-экономикон бастдзинæдтæ дæр фæстæмæ алæу-уыдысты, уыдон æнæуый дæр кадавар сты, фæлæ уый рæстæгмæ у», – загъта Уæрæсейы Федерацийы сæргълæууæг.

Йæ рады Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы æндидзынгæнæн процесс кæронмæ фæхæццæ кæны, фæлæ уыимæ æддагон агрессийæ æдасдзинады фарстытæ сты нырмадæр приоритетон.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, «Уæрæсейы æххуысæй Хуссар Ирыстоны зæххыл ис сабырад æмæ æнцойад æмæ абон республикæйы къухдариуæгады æмæ адæмы сæйраг хæс у стабилондзинад бахъахъхъæнын, мах æм æрцыдыстæм фæстаг цыппар азы».

«Абон мах фидарæй скъуыддзаг кæнæм æндидзынады фарстытæ æмæ процесс кæ-ронмæ фæхæццæ кæны», – загъта Тыбылты Леонид æмæ банысан кодта, зæгъгæ, куыстæуы хæсты рæстæджы ныппырхгонд экономикæ æмæ социалон сферæйы райрæзтыл дæр. Уый ма бахахх кодта, Хуссар Ирыстон фидарæй кæй цæуы Уæрæсеимæ баввахсдæр кæныны ‘рдæм.

«Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кæнæнц æмæ сæрыстыр сты, республикæ Уæрæсеимæ æмцæдисады статус кæй райста, уымæй, æмæ уый тыххæй æддæрдыгæй агрессийы æдасдзинады фарст куыдфæндыйæ дæр приоритетон у æмæ ис фыццаг бынаты», – загъта республикæйы сæргълæууæг.

Тыбылты Леонид ма радзырдта, зæгъгæ, уæрæсейаг æххуыс хардз цæуы нысанмæздæхтæй. «Раздæры азты алыгъуызон цæвиттонтæ уыд. Фæлæ ныр мæ бон фидарæй зæгъын у, кæй ацыдыстæм уыцы принципæй æмæ нын æнтысгæ дæр кæны», – банысан кодта уый.

2015 азы уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг товарæрзылд (Цæгат Кавказы таможнæйон управленийы куысты сферæйы) уыд 28 милуан доллары бæрц (æрныллæг 31,2 %), импорт – 8 милуан долларæй фылдæр, (сырæзт 6,7 хатты). Ивгъуыд аз Хуссар Ирыстонмæ уæрæсейаг экспорты товартæ уыдысты транспортон фæрæзтæ æмæ ифтонггæрзтæ, хæлцадон продукттæ æмæ нозт, хими æмæ æрзæт.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.