РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид бацыд Централон æвзарæн къамисмæ, цыран 23-æм августы уагъд æрцыд Централон æвзарæн къамисы уæнгты фыццаг рабадт, кæцыйы рæстæджы фылдæр хъæлæстæй Карсанты Хъазбег æвзæрст æрцыд ЦÆК-ы сæрдары хæдивæгæй, æмæ Аулохты Кристинæ та – нымæрдарæй.

Паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта уыдонæн, бæрнон бынæттæм сæ кæй сæвзæрстой, уый тыххæй æмæ сын загъта æнтыстджын куысты фæндиæгтæ.

«Республикæйæн хуымæтæджы нæ уыд ЦÆК-ы куыст æрдæгпрофессионалон бындурмæ ракæнын. Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы мах æрмæстдæр ацы аз аскъуыддзаг кодтам Централон æвзарæн къамисы куысты тыххæй фарст, цæмæй ЦÆК-ы сæрдар, йæ хæдивæг æмæ нымæрдарæн фидой куыстмызд», – загъта Президент.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, президентон æвзæрстытæ сты паддзахады царды серьезон цау. Æвзæрстытæ хъуамæ уагъд æрцæуой сабыр æмæ стабилон уавæрты, æмæ ЦÆК-ы куысты критеритæй та сæ иу хъуамæ суа æргомдзинад. Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, æнæмæнгхъæуæг у «ца-хæмфæнды фæзындтæ дæр ма бауадзын, кæцытæ гæнæн ис æмæ æркæной 2011 азы цаутæ сфæлхатт кæнынмæ».

«Æз сæрмагондæй зонын ЦÆК-ы уæнгтæй алкæйы дæр, кæцыйы скондмæ бацыдысты не ‘хсæнады зындгонд адæймæгтæ. Плиты Беллæ у ахæм адæймаг, кæцы фыццаг хатт нæ уадздзæн æвзæрстытæ. Æмæ абон Централон æвзарæн къамисы сæрдары бынаты кæй ис, уый у нæ иумиаг уынаффæ. Бузныг Парламентæн, мæ фæндоны æвварс кæй рахæцыдысты, уый тыххæй», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Тыбылты Леонид ма банысан кодта, зæгъгæ,  æнæмæнгхъæуæг у, президентон æвзæрстытæм ма цы рæстæг баззад, уыцы æмгъуыдмæ хуссарирыстойнаг адæмы бацæттæ кæнын.

«Централон æвзарæн къамисы уæнгтæ хъуамæ хынцой, кæй хъуамæ рамбула нæ иумиаг хъуыддаг, кæцыйы зæгъæн ис ахæм ныхæс-тæй: «алцыдæр адæмы хæрзиуæгæн», – загъта уый.

РХИ-йы Президент æмæ

 Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.