Цалдæр мæйы размæ æрыгон лæппуты къорды хъæппæрисмæ гæсгæ Цхинвалы горæты Хъайтарты уынджы райтынг ис ног спортивон залы арæзтад. Арæзтад кæм цæуы, уыцы бынатмæ знон æрбацыд Президент Тыбылты Леонид. Йемæ ма уыдысты Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик æмæ г. Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Æлборты Алан.

Проектгæнæг Æлборты Инал банысан кодта, зæгъгæ, спортзал уыдзæн иууæладзыгон агъуыст æртæ спортивон залимæ: тренажерон, боксы æмæ хъæбысхæсты зал. Уымæй дарддæр ма бæстыхайы алыварс хъуамæ арæзт æрцæуа улæфæн бынат бадæнтæ æмæ фонтантимæ. Æлборты Инал фехъусын кодта, зæгъгæ, спортивон залы проектыл кусы иу мæйы бæрц, æмæ йæ куыст фæуыдзæн иу къуыримæ.

Бæстæйы сæргълæууæг хорз аргъ скодта ног спортивон залы арæзтады фæндонæн, фæлæ банысан кодта, зæгъгæ, горæты мидæг цыфæнды арæзтад дæр хъуамæ цæуа горæты администрацииы бафæрсгæйæ.

«Дзырд дæр ыл нæй, мах хорзыл нымайæм ахæм хъæппæрис, фæлæ цыдæриддæр аразæм, уый хъуамæ аразæм бæстон æмæ закъоныл. Фыццаджыдæр уал бадæттын хъуыди куырдиат горæты администрацимæ, цæмæй зæхх рахицæн чындæуыдаид спортивон залы арæзтадæн. Горæтæн ис генералон план, æмæ цыфæнды арæзтад дæр хъуамæ цæуа уымæ гæсгæ», – загъта Тыбылты Леонид.

Уый бахæс кодта горæты администрацийы сæргълæууæгæн, цæмæй йæ хъус æрдара, ног спортивон залы арæзтадæн æппæт æнæмæнгхъæуæг документаци куыд арæзт цæудзысты, уымæ. Президент банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы къухдариуæгад бакæндзæн йе ‘ххуысы хай спортзалы арæзтады сæраппонд, куыддæр æппæт документаци æмбæлон уагмæ конд æрцæуа, афтæ.

Спортзалы арæзтады тыххæй финансон фæрæзтæ хицæнгæнгæйæ хъуамæ къухы уой æппæт æнæмæнгхъæуæг документтæ. Спортзалы змæлдзысты адæм, æмæ мах хъуамæ нæ хъус æрдарæм, арæзтады нормæтæ æмæ фæткойтæ куыд æххæст цæудзысты, уымæ», – загъта Президент.

Арæзтады хайадисджытæй иу Зæгъойты Владислав куыд загъта, афтæмæй спортзал саразыны фæндон сæвзæрд Дзукъаты Аланмæ,  ныртæккæ не ‘хсæн нал ис. Уый райдыдта цæттæ кæнын йæ арæзтадмæ, фæлæ йын нал бантыст йæ фæнд сæххæст кæнын. Ныр та уыцы мæгуыр лæппуйы хæлæрттæ æмæ зонгæтæ сæхимæ райстой спортивон залы арæзтад кæронмæ бакæнын. Хъуамæ спортзал хæсса Дзукъаты Аланы ном.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.