РХИ-йы Президент Тыбылты Леониды разамындæй уагъд æрцыд цæттæгæнæн æмбырд Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доментийы (ÆХК-йы хуссарирыстойнаг хайы сæрдар), Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Тъехты Аланы, профилон министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджыты хайадистæй. Æмбырд баст уыди, 28 июны горæт Мæскуыйы Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисæн цы XVI-æм рабадт уыдзæн, уыимæ.

ÆХК-йы хуссарирыстойнаг хай æруынаффæ кодта æрцæуинаг мадзалы боны фæткыл, сæрмагондæй та, Хуссар Ирыстонмæ 2016 азы йæ социалон-экономикон райрæзты охыл Уæрæсейы Федерацийæ цы æххуысы фæрæзтæ цæуы, Республикæ Хуссар Ирыстонæн йæ социалон-экономикон райрæзты 2015-2017 азты Инвестицион программæ куыд æххæст цæуы, афтæ ма æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы, скъолайы агъоммæйы æмæ иумæйаг ахуырады, Республикæ Хуссар Ирыстоны цардифтонгады объекттæй пайда кæныны структурæйы модернизаци, цæрæнуатон фондæн разамынд кæныны, æнæмæнгхъæуæг нормативон бындур саразгæйæ, тарифтæн разамынды системæ скусын кæныны фарстытыл.

Уымæй дарддæр ма уынаффæ цыд Инвестпрограммæйы мадзæлтты нывæсты иуæй-иу ивындзинæдтыл. Уыдон бахаст æрцыдысты, Уæрæсейæ Хуссар Ирыстонмæ цы финансон æххуыс цæуы, уымæй хæдзардзинæй спайда кæныны сæраппонд.

Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, ÆХК-йы рабадтытæн ис иттæг ахсджиаг нысаниуæг, уымæн æмæ уыцы ран бæлвырд цæуынц Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты сæйраг фæндæгтæ.

«Цалынмæ уал Мæскуыйы Æхсæнхицауадон къамисы рабадт ауагъдæуа, уæдмæ хъуамæ кæрæдзийы ‘хсæн æруынаффæ кæнæм махæн ахсджиаг фарстатыл, Инвестпрограммæмæ цы ивындзинæдтæ хæссинаг стæм, уыдоныл, цæмæй иууыл хуыздæр хуызы спайда кæнæм, махæн Уæрæсейы æрдыгæй лæвæрд чи цæуы нæ республикæйы райрæзты сæраппонд, уыцы хъомыс æмæ амæлттæй», — загъта Президент.

 РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.