РХИ-йы Президент ацы бонты уыдис Дзауы районы горæт Къуайсайы, цыран официалон æгъдауæй бынæттон цæрджыты базонгæ кодта Къуайсайы горæты администрацийы ног сæргълæууæг Гæззаты Робертимæ, кæцы раздæр куыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты арæнгæрон службæйы къухдариуæггæнæджы хæдивæгæй.

Паддзахады сæргълæууæгимæ уыдысты Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик, Æдасдзинады секретарь Плиты Анатоли, Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг, Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдар Виктор Шаргаев, Мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсар, Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали æмæ Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Чилæхсаты Владимир. Къуайсамæ æрцæугæйæ уыдон фем-бæлдысты горæты цæрджытимæ Культурæйы хæдзары, цыран Президент радзырдта абоны бонмæ республикæйы разамынад цы куыст кæны, ууыл, байхъуыста бынæттон цæрджыты разылæууæг проблемæтæм æмæ радта æмбæлон хæслæвæрдтæ сæ аскъуыддзаг кæныны фæдыл.

Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы разамынад йæ разы æвæры бирæ хæстæ Къуайсайы цæрджыты цард фæхуыздæр кæныны фæдыл æмæ фыццаградон нысан та у Къуайсайы æрзæткъахæн управленийы сæндидзын кæнын.

«Æрзадкъахæн управлени куы куыста, уæд бынæттон цæрджыты царды æмвæзад уыдис бирæ хатты бæрзонддæр. Æгæрыстæмæй, не столицæйы цæрджытæ дæр æлхæнынмæ цыдысты Къуайсамæ. Уымæ гæсгæ æрзæткъахæн управленийы сæндидзын кæнын у республикæйы разамынады фыццаградон хæс. Мах кусæм ацы здæхты», – загъта уый.

Дарддæр Президент бакаст барамынд Æлборты Леонид Леуаны фырты Дзауы районы администрацийы  сæргълæууæджы хæдивæг – Къуайсайы горæты администрацийы сæргъ-лæууæджы бынатæй ссæрибар кæныны тыххæй æмæ йын бузныджы ныхæстæ загъта ацы бынаты йæ бакæнгæ куысты тыххæй.

Тыбылты Леонид йæ иннæ барамындæй Дзауы районы администрацийы сæргъæлууæджы ног хæдивæг – Къуайсайы горæты администрацийы сæргълæууæгæй снысан кодта Гæззаты Роберты æмæ йын раарфæ кодта, ацы бæрнон бынатмæ нысан кæй æрцыдис, уый тыххæй.

«Къуайсайы горæты администрацийы сæргълæууæджы ног кандидатурæйыл бирæ уынаффæ кæныны фæстæ мах æрлæууыдыстæм Гæззаты Роберт Вахтангы фырты кандидату-рæйыл. Уымæн ис иттæг хорз характеристикæ, иттæг хорз профессионалон æмæ адæймагон миниуджытæ. Роберт Вахтангы фырт йæ дæсныйадмæ гæсгæ у инженер-геолог æмæ уый дæр бандæвта нæ равзæрстыл. Уымæн æмæ нæ хæстæ скъуыддзаг кæнынæн, уæлдайдæр та æрзæткъахæн управленийы сæндидзын кæнынæн, мах хъæ-уы æмбæлон дæсныйады адæймаг. Ныфс мæ ис, Роберт Вахтангы фырт йæхи кæй равдисдзæн ацы здæхты», – загъта Президент.

Гæззаты Роберт йæхи рады бузныджы ныхæстæ загъта Тыбылты Леонидæн, ахæм æууæнк ыл кæй бафтыдта, уый тыххæй æмæ ныфс бавæрдта æппæт тыхтæ дæр кæй аздахдзæн, цы бынат ыл баууæндыдысты, уым æнтысгæйæ кусынмæ.

Горæт Къуайсайы администрацийы ног сæргълæууæджы официалонæй базонгæ кæныны фæстæ Тыбылты Леонид бацыд Къуайсайы астæуккаг иумиагахуырадон скъоламæ æмæ медицинон-санитарон хаймæ, кæцытæ сæ куыст райдыдтой ивгъуыд азы декабры мæйы.

Медицинон-санитарон хайы сæйраг дохтыр Цхуырбаты Ульянæ бузныг загъта Президентæн ацы медицинон уагдон саразыны тыххæй, кæцы ифтонг у æнæмæнгхъæуæг нырыккон ифтонггæрзтæй, уымæ гæсгæ Къуайсайы горæты цæрджытæ исынц нырыккон медицинон æххуыс. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, нырма ис проблемæ, тагъд æххуысы машинæ сын кæй нæй, уымæй. Президент йæ рады ныфс бавæрдта медицинон персоналæн, æввахс рæстæджы сын рахицæн кæй æрцæудзæн тагъд æххуысы машинæ. Президент ма банысан кодта, зæгъгæ, Къуайсайы цæрджытæн цæмæй рæстæгыл стоматологион æххуыс цæуа, уый тыххæй заказгонд сты стоматологион ифтонггæрзтæ æмæ æвæрд æрцæудзысты ноябры мæйы. Ныр та уал къуайсæйæгты бахъæуы республи-кæйы столицæмæ æрцæуын.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.