Турчы цæрæг ирон адæмы культурон-хæрзаудæнгæнæн æхсæнад «Алан»-ы сæргълæууæг Хъуысаты Садреттин тæфæрфæсы тел æрбарвыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы номыл гениалон ирон поэт, фыссæг, тæлмацгæнæг, литературæзонæг æмæ стыр ахуыргонд, филологон зонæдты доктор, профессор, академик Джусойты Нафийы мæлæты тыххæй.

Телы дзырдæуы: «Турчы цӕрӕг ирон адӕмы номӕй ӕхсӕнад «Алан» хъыгзӕрдӕйӕ тӕфӕрфӕс кӕны Республикӕ Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг Бибылты Анатолийæн ӕмӕ ӕппӕт ирон адӕмӕн, нæ зынаргъ хистæр Джусойты Нафийы зианы фӕдыл. Зиан рухсаг уӕд. Йӕ бинонтæн, йæ уарзон адӕмӕн Хуыцау фидар зондахасдзинад раттӕд».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.