Тугъанты Сафары фырт Махарбег райгуырд, йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй 1878 азы Цæгат Ирыстоны, Дур-Дуры хъæуы. Ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы реалон ахуыргæнæндоны. Нывкæнынады хъуыддаг бауарзта чысылæй. Йæ сабийы бонты æгæрон бæллицтæ йын сбазырджын кодтой,   ирон гениалон поэт æмæ нывгæнæг Хетæгкаты Къостаимæ йын цы фембæлдтытæ уыдис, уыдон.

1901 азы Махарбег бацыд Петербурджы Нывгæнæн академимæ. Сæххæст йæ рагон бæллиц. Нывкæнынады дæсныйады æдтейæ ма Махарбег йæ студентон азты лæмбынæг ахуыр кодта ирон адæмы истори, фольклор æмæ культурæ.

1905 азы Махарбег каст фæцис Петербурджы Нывгæнæн академийы æххæст курс. Фæстæдæр йе сфæлдыстадон дæсныйад фæбæрзонддæр кæнын æмæ къласикон нывкæнынадимæ æввахсдæр, лæмбынæгдæр базонгæ уæвыны тыххæй ацыд фæсарæнмæ. Мюнхены горæты ахуыр кодта уæды популярон дæсны специалист Антон Ашбейы студийы.

1907 азы æрыздæхт Мюнхенæй йæ райгуырæн Ирыстонмæ æмæ кодта сфæлдыстадон æмæ æхсæнадон куыст.

Октябры революцийыл Махарбег сæмбæлд стыр цинимæ. Цæгат Кавказы Советон хицауад расидыны фыццаг бонæй фæстæмæ Махарбег ссис революцийы хъуыддагæн иузæрдион лæггадгæнæг. Куыста Теркавросты аивадон-агитацион плакаты хайады сæргълæууæгæй. 1924-1925 азты Махарбег ацыд Азербайджанмæ æмæ куыста республикæйы Зæхкуысты Адæмон камиссариаты.

1930 азы Махарбег æрцыд Хуссар Ирыстонмæ. Ацы цауæн ис стыр нысаниуæг куыд Хуссар Ирыстоны культурон царды, афтæ нывгæнæгæн йæхи сфæлдыстадон царды дæр. Махарбеджы рухс номимæ баст у нæ республикæйы нывæфтыдон аивады райрæзты хъуыддаг. Тугъаны фырты стыр курдиат Цæгаты райгуырд, фæлæ дидинæгау æххæстæй та Хуссары райхæлд, ам ссис стыр нывгæнæг, ам сфæлдыста куыд нывкæнынады, афтæ зонады дæр йæ иууыл хуыздæр æмæ зынгæдæр уацмыстæ.

Адæмы ‘хсæн сæ хорзы ном æрмæст уыдон ныууадзынц, йæ адæмæй райсгæ хæрзиуджытæ уыдонæн фæстæмæ йæ бон уæлдайджынтæй радтын кæмæн свæййы… æмæ сын уымæй сæ духовон размæцыд чи адарддæр кæны.

1952 азы  ирон адæмыл, ирон культурæйыл æрцыд стыр зиан. Уæд нæ арвæй рахауд  иууыл стырдæр æмæ æрттивагдæр стъалытæй иу æмæ ахуыссыд. Амард Тугъанты Сафары фырт Махарбег.

А. Фадеев Къостайы ирон Леонардо да Винчи схуыдта. Къостайы тыххæй Фадеевы ацы дзырдтæй спайдагæнæн ис Тугъаны фыртыл дзургæйæ дæр, уый дæр уыд алыфарсон æвæджиау  курдиаты хицау: стыр хуызфыссæг æмæ дæсны график, курдиатджын иллюстратор æмæ театралон нывгæнæг, этнограф æмæ хореограф, историк æмæ музыкант, национ нывкæнынады рагон традициты агурæг æмæ дарддæргæнæг, ирон нывкæнынады бындурæвæрæг æмæ æвæллайгæ æхсæнадон архайæг, аудæг педагог æмæ аивады фæд-фæдылон зонадон иртасæг. Ахæм уыд Тугъанты Махарбег.

Иу рагон индиаг трактаты дзырдæуы, зæгъгæ, цæмæй адæймаг скульптурæйы закъæттæ бамбара, уый тыххæй зонгæ хъуамæ уа нывфыссынады закъæттимæ æмæ, цæмæй уыдон æмбара, уый тыххæй та æнæмæнгхъæуæг у кафты техникæ зонын. Фæлæ цæмæй кафты техникæйыл фæхæст уа, уый тыххæй та ахуыр кæнын хъæуы инструменталон музыкæйы закъæт-тæ, фæлæ, дам, уыдонæн дæр базонæн æмæ бамбарæн нæй, лæг вокалон аивады фæткойтимæ лæмбынæг зонгæ куынæ уа, уæд.

Афтæ хъуыды кодта Тугъанты Махарбег дæр. Уый тынг хорз æмбæрста аивады хицæн къабæзты мидиудзинад, уый ссарын тынг зын хъуыддаг кæй у, къухты æнцонæй кæй не ‘фты æмæ уымæн авнæлдта аивады алы къабазмæ, ирон адæмы историимæ бастуæвæг фарстытæ ахуыр кæнынмæ.

Махарбеджы сæйраг нысан уыд, цæмæй йæ аивады æххæстæй равдыстаид канд ирон адæймаджы характер нæ, фæлæ æнæхъæнæй ирон адæмы историон фæлтæрддзинад, ирон адæмы историон психикæ. Æмæ йæ уый тыххæй та хъуыд аивад æмæ аивады хицæн къабæзты, стæй уæд йæ адæмы духовон дунейы комплексон æгъдауæй сахуыр кæнын. Уымæн æмæ нацийы историон фæлтæрддзинад, йæ расон психикæ æмæ стихийæн бамбарæн ис æрмæстдæр æхæм комплексон иудзинадæй.

Тугъанты фырт ирон аивады алы къабазы фæлтæрддзинадæй арæзта иу хатдзæг æмæ йын уый лæвæрдта стыр аивадон хъару, уый фæрцы бацис йæ бон йæ адæмы историон миддунемæ ныккæсын, уыдоны мидтырнындзинады фæрцы æмткæй адæй-магадон æнкъарæнтæ равдисын.

Махарбег лæууыд Ирыстоны хæхтыл, каст йæ райгуырæн бæстæм æмæ уыдта æнæхъæн дунейы! Кæд бирæты хуызæн у, уæддæр у æрмæст йæхи хуызæн, кæд йæ хъайтартæ ирæттæ сты, уæддæр сæ тырнындзинадмæ гæсгæ канд ирæттæ не сты. Уымæн æмæ уый уыд æцæг стыр реалист-нывгæнæг. Махарбеджы сфæлдыстадон нысан канд адæймаджы æдтаг бакаст нывкæнын нæ уыд, фæлæ уымæн йæ миддуне, йæ тырнындзинад равдисын. Уымæн та æвдисæн у Махарбеджы эпикон сфæлдыстад æнæхъæнæй.

Эпикон у нывгæнæджы аивад. Уый немæ дзуры зондджын таурæгъгæнæгау  æмæ йæ алы таурæгъæй дæр аразы æнæхъæн эпопейæ. Æрымысæм ын йæ конд нывтæ: «Тудджынты бафидауын кæнын», «Бæхфæлдисын», «Адæмон тæрхон», «Цоппай» æмæ æндæрты. Кæуылты у сæ аивадон авнæлд! Алкæй мидæг дæр дзы архайы сæдæгай адæймæгтæ æмæ сæ ис сæдæгай фæлгæндзтæ. Ацы уацмыстæ кæд фыдæлтыккон æмæ сыгъдæг этнографон темæты бындурыл арæзт сты, уæддæр сæм автор кæсы абоны цæстæнгасæй, цух сты этнографизмæй. Махарбег алы темæйы дæр агуырдта йæ дуджы идейон хъæлæс. Цæвиттонæн райсæм «Цоппай». Цоппай – рагон ирон мæнгуырнынадон æгъдау, – уыд уæларвон тыхтæн лæггад кæныны иу хуыз, Хуыцауы раз адæмы æдыхдзинад æвдисæг æмæ йæ нывгæнæг афтæмæй куы равдыстаид, уæд йæ уацмысæн уыдаид æрмæст этнографион нысаниуæг, профессионалон æгъдауæй цымыдисаг куы уыдаид, уæддæр. Фæлæ Махарбег афтæ нæ бакодта, сыгъдæг этнографион цæстæнгасæй нæ акаст «Цоппаймæ». Абарста йæ Нартимæ. Уыдон та æрдумæ дæр нæ дардтой уæларвон тыхты. Ам кæд темæ авторы идейон тырнындзинады ныхмæ уыд, уæддæр Махарбегæн йæ бон бацис уæды рæстæджыйы цæстæнгас равдисын: адæм тыхджын сты, сæ бон у цы-фæнды «уæларвон», гъе, зæххон гуымир тыхты ныхмæ дæр тох кæнын, рæстаг адæмы ныхмæ æдых у цыфæнды архайд дæр. Æмæ уымæй уацмыскæсджытæм æвзæрын кæны уæндондзинад, фыдæх та – æфхæрджыты ныхмæ. «Цоппай» Махарбегæн фыст фæцис 1947 азы, фæлæ йæм  йæ саразыны хъуыды раздæр фæзынд, номхуындæй та Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты.

Махарбег йæ диссаджы реалистон дæсныйад æмæ ахорæнты стыр артистизмы фæрцы ирон нывкæнынады, номхуындæй та нæ национ хуызфыссынады хъуыддаг систа ног бæрзæндтæм æмæ уымæй æрлæууыд йе ‘мрæстæгонты, æппæт дунейыл сæ ном кæмæн ныхъхъæр, уыцы нывгæнджыты æмрæнхъ. Хъæздыг тоналондзинад, романтикæ æмæ героикæ, уæздан мелодикæ æмæ диссаджы пластикæ, ахадгæ колорит æмæ æнæрынцой динамикæ – уыдонæй алчи дæр Махарбеджы сфæлдыстады ахсы ахсджиаг бынат. Махарбеджы уацмысты уæлдай цымыдисаг у композицийы хъуыддаг. Ацы фарстмæ Махарбег никуы дардта тыгъдадон-предметон дих кæныны уæлæнгай, сюжетон цæстæнгас. Йæ алы уацмысæн дæр, баталон уа æви жанрон (цардуагон), композици арæзта уацмысы архайджыты кæрæдзимæ ахастыты домæн-тæм гæсгæ æмæ йын уый дæдты театралон-удæгасархайдон характер. Уый та стæмты къухты æфты. Лæг, цыма удæгас архайдмæ фæкæсы, афтæ нæм зынынц Махарбеджы уацмыстæ. Уымæн æнæуынон уыд æндзыг статикæ, тырныдта архайд æвдисынмæ, динамикæмæ.

Бæрзонд уыд Махарбеджы дунеæмбарынад, уыд тенденцион: бæлвырд бæрæг идейон позицитыл хæст нывгæнæг. Махарбеджы æмбæстагон æмæ сфæлдыстадон дунеæмбарынад иттæг хорз, рельефонæй зыны, революцион æмæ советон цардыл цы уацмыстæ сфæлдыста, уыдон мидæг. Махарбег уыд канд ирон реалистон нывкæнынады бындурæвæрæг (Къостаимæ) нæ, фæлæ ма ирон советон хуызфыссынады бындурæвæрæг дæр. Уый у Октябры социалистон революцийыл æнæдызæрдыгæй, æнæ идейон хъуырдухæнтимæ чи сæмбæлд, уыцы советон нывгæнджытæй. Революцийы фыццаг азты аивады цы æбæрæг уавæр уыд, уырдыгæй фæндаг ссарын кæд тынг зын уыд уыд, уæддæр дзы Махарбег нæ фæдзæгъæл, ныллæууыд раст фæндагыл, уайтагъд банкъардта революцийы царддæдтæг, амондхæссæг тых æмæ йыл фыццаг бонтæй райдыдта зарын. Революцийы хъуыддагæн лæггад кæнын сси Махарбеджы сфæлдыстады сæйраг мотив. Æмæ уый фæрцы нæ уарзон нывгæнæгæн йæ бон баци Советон хицауады сæрыл ирон адæмы удуæлдай тох æххæстæй равдисын. «Кæнæ сæрибар, кæнæ мæлæт», æмткæй ахæм у Махарбеджы сфæлдыстады лейтмотив. Уый бæлвырддæрæй зыны нывгæнæджы революцион уацмысты: «Чъехы растад, 1905 аз», «13 коммунары фехст» æмæ а. д. Ацы уацмысты кæд дзырд трагикон цаутыл у, уæддæр сын ис оптимистон ахаст. Ацы уацмысты ма æвдисы, революцийы ныхмæ чи тох кодта, уыдоны дæр. Зыны сæ цæсгæмттыл тæппуддзинад, æмæ революцийы æнувыд хъæбулты æхсгæ дæр кæнынц тæсмæ, æрмæстдæр хиамонд бахъахъхъæныны сæраппонд. Фæтарсти сауджын – Хуыцауы лæггадгæнæг æмæ дзы æрбайрох Хуыцау дæр. Æвзæр, дам, йæ удæн тæрсы. Адæмы сæрибардзинады тыххæй йæ риу топы судзгæ нæмыгмæ чи бадардта, уыдон хуызæн нæу нæдæр сауджын æмæ нæдæр коммунарты фехсыны тыххæй бардзырд цы тугцъир меньшевик радта, уый. Ахæм сюжетыл кусгæйæ, æндæр нывгæнæг уацмысæн радтаид иуфарсон, карикатурон формæ, ома, революцийы ныхмæлæуджыты æддейæ бакæсгæйæ æвдыст æрцыдаиккой карикатурæйы хуызы (бирæ ис ахæм уацмыстæ). Коммунистты хъаруджын фæлгæндзтимæ абаргæйæ, уыдон ныхмæлæуджытæ кæд карикатурон сты, уæддæр сæ автор ахæмæй æвдисы æддагон формæйы нæ, фæлæ æрмæст сæ мидуавæрмæ гæсгæ. Уымæй автор нывмæ кæсæджы цæсты фæтынгдæр кодта уацмысы идейон ахадындзинад.

Сæ афыстмæ гæсгæ, цъылынæджы уæндон архайдæй, сæ парахат хъуыдытæй адæймаджы дисы æфтауынц Тугъаны фырты графикон уацмыстæ дæр, Нарты кадджытæн цы иллюстрацитæ сарæзта, уыдон. Ацы иллюстрацитæй Махарбег сарæзта «Нарты» конгениалон хуызфыссынады уацмыстæ. Уыдон фæрцы нывгæнæджы къухты ногæй райгуырдысты «Нартæ», ссардтой ног цард.

Стыр æнтыстытæ уыд Махарбегæн портретон жанры æмæ театралон-декоративон нывкæнынады дæр. Къоста æмæ Елбыздыхъойы портреттæ. Уыдон стыр хæзна сты ирон нывкæнынады портретон жанры историйы. Ам дæр уый карзæй хъахъхъæны йе сфæлдыстадон æрмдзæф. Куыд портретист, афтæ Махарбеджы принцип уыд гоймаджы хихуызондзинад бахъахъхъæнын æмæ ма уыимæ гоймаджы мидуавæр æмæ мидхъуырдухæнты равдисын. Йæ портреты дæр агуры динамикæ. Махарбег адæймаджы æвдыста фарсонæй йæ удыхъæд æмæ æппæт йæ миниуджытимæ.

Махарбеджы сфæлдыстад у æнæкæрон героикон, мажорон зарæг ирон адæмы цардыл. Уарзта йæ адæмы. Уыд стыр патриот, гъе, уый мидæг ис йе ‘видигæ энергийы суадон. Уый алы фарстмæ дæр каст бæрзонд æмбæстагон цæстæнгасæй, алы проблемæмæ дæр каст адæмы, эпохæйы зонды цæстæй æмæ уый фæрцы ссис æцæг адæмон нывгæнæг. Махарбеджы номимæ баст у, абон ын йæ ном чи хæссы, Цхинвалы уыцы нывгæнæндоны фæзынд дæр. Ардыгæй райдыдтой се сфæлдыстадон фæндаг Махарбеджы традициты кадджынæй чи дарддæр кæны, ирон нывкæнынады уæз чи хæссы, йæ курдиатæй ирон адæмы кад чи бæрзонд кæны, уыцы нывгæнджытæ. Уыдонæй алчи дæр йе ‘рвылбонон зондамонæгыл нымайы Тугъанты Сафары фырт Махарбеджы æмæ афтæ уыдзæн дарддæр дæр.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта ЦХУЫРБАТЫ Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.