Адæймаг цасфæнды ма рацæра, уæддæр сæйраг  йæ азты нымæц нæу. Сæйрагдæр  у, куыд фæцард, цы хорзы бацыд йæ хиуæттæн, радтæг адæмæн, йæ Райгуырæн бæстæйæн. Хорз æй куы зонæм не ‘ппæт дæр: ацы дунейы уæвгæйæ хъуамæ тауай хорздзинад, цæмæй адæмы зæрдæты баззайай цæргæйæ, цæмæй дæ  цот, дæ цоты цот сæрыстыр уой кæддæриддæр дæ номæй. Кад æмæ адæмы хорзæх мулк æмæ сыгъзæринтæй æлхæнгæ не сты, сæ дæргъ, уæрх, сæ уæз сын никæцы барæнтæй сбардзынæ. Уыдон адæймаджы миддунейы цæрæнбонты арф æвæрд  вæййынц, уыдонæй, хæрдгæбыдау,  гоймаджы уды æрдзон сконд аив фæлыстæй баззайы.

Ирон адæм сæрыстыр сты сæ номдзыдтæй, кад æмæ сын цыт кæнынц аккагæй. Ӕппæтварсонæй дæр архайынц, цæмæй номдзыдтæ фылдæрæй-фылдæр кæной Ирыстоны æмæ ирон кад бæрзонд хæссой намысджынæй. Ӕрдзæй лæвæрд курдиатæй хайджын чи фæвæййы, уый дæр æнцад бадгæйæ диссаг кæм фестдзæн – курдиат хъæуы райхалын, уый фæстæ та бирæ фыдæбон кæнын, цæмæй ныццæхæр кала стъалыйау. Цыфæнды фыдæбонæн дæр та кæддæриддæр вæййы æвæрццаг фæстиуджытæ æмæ, уыцы курдиатджынæн йæ къухы бафты æнтыст, уæлахиз, афтæмæй схизы номдзыдты бæрзæндмæ. Йæ фердæхтдзинад æмæ фæндвидардзинады, æнкъараг зæрдæйы уаг æмæ фидар намысы фæрцы æцæг курдиаты хицау фæндаг ссары адæмы зæрдæтæм æмæ уым баззайы цæргæйæ.

Раст æппæт уыцы миниуджытæй æххæст уыд поэт, тæлмацгæнæг, публицист, æцæг ирон адæймаг, Райгуырæн бæстæйы аккаг патриот Икъаты Владимир дæр. Ӕмæ кæд Икъайы фырт æрдзæй рахаста хъомысджын сфæлдыстадон  курдиат, уæддæр æй дзæвгар бахъуыд цæуын, хъысмæт ын цы снывонд кодта, уыцы гæххæл-мæххæл фæндагыл, бирæтау уый дæр бахауд рæстæджы зилдухæнты.

Икъаты Владимир Антъоны фырт райгуырд Хуссар Ирыстоны Соцъиджыны.  Астæуккаг скъола каст куы фæци, уæд йæ ахуыр адарддæр кодта Уæллаг Черейы астазон скъолайы. Уыцы рæстæджы аивæй рабæрæг  æвзонг лæппуйы тырнынад ахуырмæ. Сæйраджы-сæйраг бынаты Владимир кæддæриддæр æвæрдта рæстдзинад, фæлæ уыимæ иумæ ифтонг уыд зонындзинæдтæй, ахуырадæй. Астазон скъола каст фæци иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ æмæ йæ æнæ фæлварæнтæй айстой  Сталиниры горæты педагогон техникуммæ. Ацы ахуыргæнæндоны фидæны поэт йæ тыхтæ радта ахуырмæ. Ӕнæзивæг, ныфсхаст æмæ сæрибар миддунейы сконды хицау, Икъаты Владимир йæ фæндаг акодта рæстдзинады æмæ ахуырады дунемæ.

Техникумы фæстæ ахуырмæ бацыд Хуссар Ирыстоны педагогон институты  филологон факультеты ирон-уырыссаг хайадмæ. Хæххон хъæуы сæрмагонд царды фæткæвæрдмæ гæсгæ хъомыл, æвзонг поэты миддунейы  тызмæг хæхты рæсугъддзинад æмæ фыдæлтыккон аргъæутты, кадджыты, таурæгъты тых ссардтой æмбæлон бынат. Зæрдæргъæвд лæппу æгасæй дæр аныгъуылд сфæлдыстады гуылфæнты æмæ райдыдта кусын йæ зондахасты рæзтыл, амайын йæхи сæрмагонд поэзийы бæрзонд, æнæфæцудгæ мæсыг.

Йæ дарддæры хъысмæт æй бакодта газет «Хуссар Ирыстон»-ы редакцимæ. Ам базонгæ, æгасæй дæр сæ цард ирон дзырд, ирон адæмæн чи снывонд кодтой, уыцы куырыхон адæмимæ, фæлтæрд публицисттимæ. Тохгæнæг, сæрибарыл зарæггæнæг,  Икъайы фыртæн фадат фæци æргом æмæ хъæрæй рæстдзинад дзурын – бахсыст йæ фидар удыхъæд, райрæзт йæ курдиат. Газеты кусгæйæ фæсаууонмæ каст фæци Казахстаны паддзахадон университеты журналистикæйы факультет. Владимир ма куыста Хуссар Ирыстоны радиокомитеты уацхæссæгæй, афтæ ма чиныгуадзæн «Ир»-ы редакторæй дæр. Сæрибар хъуыды хицауады ‘рдыгæй кæддæриддæр æййæфта æфхæрд, фæлæ æрдзæй фидар æмæ ныфсхаст поэты уыдæттæ нæ састой – рæстаг æмæ идейон позицитыл тохгæнæг сæрбæрзондæй лæгæрста размæ. Райгуырæн бæстæмæ фидар цæгтæй баст, Икъаты Владимир арф иста йæ æнкъараг зæрдæмæ æппæт дæр: Райгуырæн бæстæйы, радтæг адæмы цинтыл, æнтыстыл, размæцыдыл  цин кодта зæрдæбынæй, фæлæ сагъæс æмæ мæт дæр афтæ кодта радтæг Ирыстоны рис, хъысмæт æмæ фидæныл. Уыцы æнкъарæнтæ æмæ мидхъуырдухæнтæй æлвыста диссаджы рифмæтæ, быдта æнусон æмдзæвгæтæ. Поэзийæн табугæнджытæ стыр аргъ скодтой, поэт йæ катай ирдæй цыран  равдыста, уыцы  æмдзæвгæты æмбырдгонд «Зæххы рис»-æн, мыхуыры рацыд 1997 азы. Йæ сæйраг мидис: «Кæд дæ поэт, уæд хъуамæ уай цæттæ сæрбахъуыды бон тохы дæр мæлынмæ», кæнæ:

Æз уæ фырт дæн, мæ ныййарæг адæм,

Мæн нæ байсдзæн сымахæй мæлæт!

Æз – цырагъдар уæ номæн, уæ кадæн,

Иры къуымты уæ гутоны фæд…

Саби зæрдæ зоны, – фæкæнынц ирон адæм, – сабийы зæрдæмæ фæндаг ссарын æнцон нæу, алкæйы къухы не ‘фты.  Уый тыххæй та дырысæй хъæуы зонын рæзгæ фæлтæры мидхъуыдыйы сусæгдзинæдтæ, æнкъарынад, æвæлтæрд, хом сывæллоны цæстæнгас. Ӕппæт уыдæттæ бамбарын æмæ бындуронæй рафæлгъауын кæмæн бантысы, уый та у иттæг хорз психолог, педагог, хъомылгæнæг. Раст ахæм уыд Валодя дæр. Курдиатджын поэт фатæлвæстæй балæбурдта сабиты дунемæ æмæ хъазуатонæй райдыдта тох кæнын æвзæрдзинад, тæппуддзинад, тар хъуыдытæ æмæ хæрамдзинадимæ. Уыйхыгъд дзы рæдауæй балуæрста хуызджын арвыроны циндзинад, цæхæркалгæ хуры тынтæ æмæ хъæлдзæг-дзинад царды хæрзиуджытимæ.

Йæ æмдзæвгæты æмбырдгонд  «Уалдзæг» рухс федта 1974 азы æмæ сси сывæллæттæн дидинæфтаугæ дунемæ фæндаг амонæг. Уый уыд, Икъайы фырт сабитæн цы уæзгæ хуынтæ ныууагъта, уыдонæй фыццаг булæмæргъ. Уый фæстæ рæзгæ  фæлтæрæн æгæрон æхцондзинад æрхастой: æмдзæвгæты æмбырдгондтæ 1977 азы «Кæсаджы фын»,  1982 азы «Булæмæргъы фын» æмæ «Хуры тынтæ» – 1989 азы. Валодяйы уацмыстæ хаст æрцыдысты скъолайы программæмæ дæр, тынг сæм цымыдис кæнынц сабидæтты, уымæн æмæ сты æмбаргæ æвзагыл фыст, ис сын егъау хъомыладон нысаниуæг. Куыд хъуамæ фæцайдагъ уа саби æвзæрдзинадыл, йæ ныййар-джытæ йын  куы  кæсой ахæм рæнхъытæ, уæд:

 

Тæрхъус, ма тæрс, рацу ардæм,

Иумæ хъазæм, иумæ, мах.

Зон, дæуæй мæ никуы хæссы

Никæдæм бынтон мæ къах…

 

Икъаты Владимиры æмдзæвгæтæ «Мæ дзибатæ», «Бæлон», «Гоко». «Ныгъуыли» æмæ бирæ æндæрты кæсгæйæ, адæймаджы цавæрдæр æнахуыр тых фелвасы йæ базыртыл æмæ йæ аскъæфы  сабыр, æнæмæт цардмæ, алæмæтон дунемæ, æвзæрдзинад æмæ æнæуаг митæн бынат кæм нæй, уыцы рæсугъд зæдбадæнмæ. Йæ зарджытæ «Пони», «Булæмæргъ», «Зæрваттык» зæрдæйæн хæссынц æгæрон æнцойад æмæ  æхцондзинад.

Æгæрон сты Валодяйы лæггæдтæ Ирыстонæн. Бирæ сусæг-æргом фæндтæ, нывæзтытæ аразын-мæ, æнæмæнгæй дæр сæ сæххæст кæнынмæ хъавыд хъайтар поэт дарддæр дæр, фæлæ йæ рæсугъд фæндтæ йæ хъуыры фæбадтысты. Асæй – бæрзонд, бакастæй – рæсугъд, зæрдæйы уагæй – ныфсхаст, царды хæрзиуджытæй – хайджын, Икъайы фырты  æндонау фидар удыхъæд нæуæдзæм азты не сфæрæзта Райгуырæн бæстæйы зындзинад. Йæ зонды, йæ куырыхондзинад æмæ фидар намысыл æнцойгæнгæйæ, уый хъазуатонæй, æвæллайгæйæ райдыдта тох кæнын   гуырдзыйы лæгмарты æгъатырдзинады ныхмæ; йæ фæдыл акодта, цардæй зынаргъдæр Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинад æмæ радтæг адæмы амондджын цард кæмæн уыд, уыцы нарты фæдонты. Фæлæ мастæн ничи фæразы, цасфæнды ма быхса, уæддæр. Нæ бабыхста Икъаты Владимиры рыст зæрдæ дæр æмæ аскъуыд. Аскъуыд, Ирыстоны сæрвæлтау йæ цард æгасæй дæр  нывондæн чи æрхаста, æдасæй кæддæриддæр рæстаг адæмы фарсмæ чи лæууыд, Райгуырæн бæстæйы æхсæнадон царды активон архайæг, æцæг патриоты фидар зæрдæ. Йæ фæстаджы сахатты дæр ма йæ хъуыдыйæ нæ хицæн кодта нæ Ирыстоны фæтæг, Хетæгкаты Къостайы катай: «Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг?!»

Икъайы фырты цардвæндагыл дзургæйæ, йæ цæссыгтæ нæ уромы абон дæр йæ чызг Мадинæ: «Уæззау историон цаутæ  æвзæрырдæм бан-дæвтой мæ фыдæн йе ‘нæниздзинадыл.  Тынг уарзта Ирыстон, йæ радтæг адæмы, уый ирдæй зыны йæ патриотикон поэзийы. Чызг уæвгæйæ дæр мæ фыды тынгдæр уарзтон мæ мадæй. Куыд ныййарæг, афтæ уыд фæлмæн, уарзæгой. Æппæт амæлттæй дæр архайдта, цæмæй йæ хъæбултæ иууылдæр хорз сахуыр кæной, райсой иттæг хорз зонындзинæдтæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты. Мæнæн мæ бæллиц уыд музыкант суæвын, консервоторимæ бацæуын, фæлæ мын мæ фыд афтæ: «Зарæггæнæг æмæ музыкант æнæуый дæр уыдзынæ, æз æй дырысæй зонын, ды мæнæн ме ‘мдзæвгæтыл фысдзынæ зарджытæ, фæлæ, мæ чызг, сæйраг у професси райсын». Байхъуыстон æм æмæ равзæстон професси. Хæрзчысылæй-иу мæ мæ фыд æрбакодта йемæ редакцимæ, уыдтон сын сæ куыст. Ныр мæ профессийæ райгонд дæн, фæсмон иу уысм дæр ницæуыл кæнын. Куыд диссаг у: цыма йе оны каст, уыйау мын мæ цард аивæй  снывæзта. Йæ ныхæстыл ын цы зæлвидыц ныффыстон æмæ мæхæдæг кæй æххæст кæнын, уыцы зарджыты нымæц у æртыны бæрц, тагъд хъуамæ рауадзон дыууæ компакт-дискы. Уæлдай зын мын у, мæ фыд йæ цæрæнбонты цы хæдбардзинадмæ бæллыд, уый кæй нал æрæй-йæфта, уый. Фæсмон ма кæнын, æхсæвы-иу æмдзæвгæ куы ныффыста (фылдæр та æхсæвы фыста), уæд-иу нæм райсом бауад, цæмæй нын æй  бакастаид. Мах-иу скъоламæ тагъд кодтам æмæ-иу æм нæ хъуыстам. Мæхицæн æй нæ барын абон дæр. Йæ миддуне уыд хъæлдзæг, уарзта зарын, ирон мелодитæм хъусын, тынг арæхст актёры архæйдтытæм. Фæхудын-иу нæ кодта (Худы).  Райсом-иу куы сыстад, уæд-иу хъæрæй заргæ рацу-бацу кодта: «Сыстут, хур ракаст, мæргътæ зарынц, диссаджы бон у!» Мах-иу ын уайдзæф кодтам, сыхæгтæй худинаг у, зæгъгæ…

Ацы мæйы Икъаты Антъоны фырт Владимирыл сæххæст уыдаид 70 азы. Рацæрын ын цынæ бантыст, уый æртывæр хæрзиуджытæй бафтæд йæ уарзон хъæбултыл, хъæбулы хъæбултыл, тынг цы Ирыстон уарзта, ууыл.

Рухсаг у, Валодя, мæрдты дзæнæты бад…

Цгъойты А.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.