Кондадон Акционерон æхсæнад «Мегафон» æмæ æхгæд акционерон  æхсæнад «Остелеком»-ы къухдариуæгады ‘хсæн бадзырдтæ æмæ нæ развæлгъау  бадзырдты фæстиуæгæн Хуссар Ирыстоны мобилон бастдзинад æмæ нæ интернет-трафикы аргъ мæй æмæ æрдæг-дыууæ мæймæ фæкъаддæр уыдзæн 30-40 проценты æмæ уыдзæн Цæгат Ирыстоны æнгæс лæггæдты æргътæм æввахс.

Уый тыххæй фехъусын кодта РХИ-йы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Тъехты Алан, æхгæд акционерон æхсæнад «Остелеком»-ы мобилон бастдзинад æмæ интернеты сферæйы цы проблемон фарстатæ æрæмбырд, уыдоны фæдыл комментари аразгæйæ.

«Мобилон бастдзинад, интернеты тагъдад æмæ йæ æргътæ кæддæриддæр уыдысты ахсджиаг æмæ актуалон. Уый тыххæй Хуссар Ирыстоны къухдариуæгадмæ арæх бахатынц æмбæстæгтæ, кæцытæ тыхсынц, уыцы здæхты цы проблемæтæ сæвзæрынц, уымæй.  Ацы фарст сахуыр кæнын мын бахæс кодта Президент. Паддзахады сæргълæууæг мын бахæс кодта, цæмæй скъуыддзаг æрцæуа интернет-трафикы аргъ фæкъаддæр кæныны æмæ мобилон бастдзинады гъæд фæхуыздæр кæныны фарст хæдзарон хызæджы дæр æмæ роумингы дæр», – загъта уый.

Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæджы ныхæстæм гæсгæ, куыст цæуы республикæйы территорийыл уæвæг бастдзинады ифтонгæдты фæдыл архайды модернизацийыл. Уый ивд цæудзæн, уыимæ иумæ æвæрд цæудзысты ног адæттæн ифтонггæрзтæ, кæцытæ бирæбæрцæй фæхуыздæр  кæндзысты  бастдзинады тагъдад, сæйрагдæрæй та – йæ гъæд.

Тъехты Алан куыд банысан кодта, афтæмæй интернет хъуамæ куса стабилонæй, æгæрыстæмæй Цхинвалы уыцы районты, кæцытæм раздæр нæ хæццæ кодта.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.