Æрæджы газет «Хурзæрин»-ы кусджытæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фыдыбæстæйон хæсты Ветеранты советы уæнгтимæ иумæ уыдысты Синагур, Хахет æмæ Теделеты хъæуты.

Ветеранты ацыды сæр уыд, майы мæйы Теделеты хъæуы 18 цæвæгджынæн цы мемориалон цырт  сæвæрдæуыд, уый бабæрæг кæнын. Куыд зонæм, афтæмæй Ветеранты советы уæнгтæ тынг арæх бабæрæг кæнынц нæ республикæйы хæсты ветерантæн цы цыртдзæвæнтæ ис, уыдон. Хъыгагæн, уыдон Теделеты хъæумæ 18 хосдзауы хæстоны райгуырæн бæстæм æрбацыдысты фыццаг хатт. Хуыцау зæгъæд, цæмæй ветеранты советы уæнгтæ ацы бынатмæ нырæй фæстæмæ дæр цæуой къорд азты.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, 18 хосдзаухæстонæн, хъæуы хæстæй чи нал æрæздæхт, уыцы цырты фарсмæ ацы аз майы мæйы Уæлахизы бæрæгбонмæ мемориал кæй сæвæрдæуыд информацион портал «Спутник Юж-ная Осетия»-йы къухдариуæггæнæг Нарек Орданяны хъæппæисæй.

Нарек Орданяны æххуысæй мемориал æвæрд æрцыд Теделеттаг 18 хосдзауы цытæн. Угæр-дæнмæ сæм ссыд æфсæддон къамисар æмæ сын фехъусын кодта, кæй хъæуы Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнын немыцаг фашисттæй.

Уыдон уыгæрдæны кæрон æрсагътой сæ цæвджытæ æмæ араст сты фронтмæ. Сæ кусæнгæрзтæ куысты бынаты кæй ныууагътой, уымæй сæ фæныдыд ныфс радтын канд сæ бинонтæ æмæ хъæубæстæн нæ, фæлæ ма сæхицæн дæр, ома, нæ куыст ныууагътам рæстæгмæ æмæ æнæмæнг йæ адарддæр кæнынмæ æрæздæхдзыстæм фæстæмæ. Хъыгагæн, æгæр æгъатыр разынд хъысмæт уыцы 18 хосдзаумæ – сæ кусæнгæрзтæ æнустæм баззадысты уыгæрдæны сагъдæй. 18 хæстонæй иу дæр нал æрыздæхт фæстæмæ. Цæвджытæ абон дæр æнхъæлмæ кæсынц сæ хицæуттæм сæркъулæй. Ирыстоны къуымты ахæм æнгæс æнкъард историтæ бирæ ис, царæфтыдæй дзы бирæ адæм баззад. Цырт æвæрыны рæстæджы Нарек Орданян хъæубæстæн куыд загъта, афтæмæй цырт цæттæ куы уыд, уæд Нарек Ордянан бахатыд цыртыл æфсæн дамгъæтæй ном чи ныффыста, уыцы æрмдæснымæ, ома, зæгъ дæ куысты аргъ, цы дæ дарæм? Уый, дам, мæлæты хъыг фæцис: «Мах уыдонæй дарæм хæс, уыдон махæй ницы». Ацы цытджын церемонимæ хъæубæсты адæм æрбацыдысты гыццылæй-стырæй æмæ уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ сæрыстырдзинады æнкъа-рæнтимæ бузныг загътой сæ хъæубæсты æнæзонгæ хæрзгæ-нæгæн.

Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй Теделеты хъæуæн уазæг иумæйаг уазæг вæййы, цин ыл кæнынц. Æрмæст сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй фæстаг азты ацы хъæумæ уазæг стæм хатт æрбахауы. Фæндæгтæ пырх æмæ зынцæуæн кæй сты, уый аххосæй. Ныр ам хъæуы цы 15 хæдзары бинонтæ цæры, уыдон куы базыдтой, уазджыты ‘хсæн журналисттæ дæр ис, уæд нæм бахатыдысты, цæмæй сын сæ ныстуан фæхæццæ кæнæм хицауады уæнгтæм æмæ Президентмæ: «Цалынмæ 2008 аз хæст нæ уыд, уæдмæ зыдтам республикæйы уавæр, ницы домдтам. Ивгъуыд аз, Ерцъо-Синагуры фæндаг аразынмæ куы æрæв-нæлдтой, уæд нæ цинæн кæрон нал уыд. Чи йæ нæ зоны хъæуы фæндаг æмæ донæй цардхъом кæй у. Фæлæ… фыдæнхъæл фестæм! Фæндаджы арæзтад Синагурæй Карзманы ‘рдæм ахызт.

Синагурæй Теделетмæ та у æрмæстдæр 3 километры. Ам ма хъæуы цы цалдæр скъоладзау ис, уыдон скъоламæ цæуынц Синагурмæ ацы хæлд фæндагыл сæрдæй-зымæгæй.

Синагурæй Карзманмæ фæндаджы арæзтадыл кусы паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой». Мах ын йæ къухдариуæггæнæг Лалыты Муратмæ иу æмæ дыууæ хатты нæ бахатыдыстæм, цæмæй нын нæ фæндаг дæр сцалцæг кæна. Уый «нæ» бæргæ нæ зæгъы æрмæст домы компетентон органты бардзырд. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ республикæйы алы районæн дæр ис йæхи паддзахадон унитарон куыстуæттæ, уыдон дзуаппдæттæг сты районы хъæуты ифтонгад æмæ фæндаджы арæзтадæн. Мах дæр иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъусын кодтам Дзауы районмæ, фæлæ нæ тыхст æмæ нæ маст никæмæ хъары. Хъæуы цивилизацийы нысæнттæй ис æрмæстдæр фельдшерон пункт æмæ клуб. Цымæ, ардыгæй йæ рæстæджы цы бирæнымæц хæстонтæ ацыд, уыдон нымæцы 18 хосдзауы, уыдон ныр искæцæй куы æрæздæхиккой, сæ хъæу иннæ хъæутæм абаргæйæ мæгуыраухуызæй куы æрæййафиккой, уæд зæрдæскъуыд нæ фæуиккой?!…» – дзырдтой катайгæнгæ Теделеты хъæуы цæрджытæ.

Теделеты хъæуы цæрджытæ катай кодтой, дон дæр сæм дæрддзæф кæй у, ууыл. Стæй сæ клуб клубы ном цы хæссы, уый йедтæмæ дзы кæстæр фæлтæрæн æппындæр ницы мадзæлттæ фæцæуы уагъд. «Курдиатджын кæстæр фæлтæр нæм бæргæ ис, скъолайы бæрæгбонтæ нысан кæнынмæ гъæйтт мардзæ сты, фæстæ никуы никæмæй лæууынц зарын, кафынæй. Клубы дæр ма исты кружоктæ куы уаид бæргæ», – бæллынц теделеттæгтæ.

Тыхсынц хъæубæстæ, бынæттон канал сæм кæй не ‘вдисы æмæ республикæйы хабæрттæ стыр фæстиатимæ кæй базонынц, уымæй дæр. «Иу хатт нæм кæддæр искæцæй бынæттон мыхуыры фæрæзтæй газеттæ, журналтæ куы æрбафты, уæд сæ радгай фæкæсæм», – зæгъынц теделеттæгтæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.