Нæ горæты цæрджытæ, стæй æрмæст уыдон нæ, фæлæ æгас республикæйы цæрджытæ дæр, ныртæккæ рæстæгмæ æхгæд чи у, уыцы Театралон фæзуаты иувæрсты цæугæйæ, æхцон æнкъарæнтимæ æнæбакæсгæ нæ фæвæййынц, уым мидæгæй, паддзахадон драмтеатры арæзтад куыд цæуы, уымæ. Куыст та дзы цæуы æнæрлæугæйæ  – æхсæвыцъæхтæй изæрдалынгтæм.

Арæзтад ахсджиаг æмæ масштабон у. Уый арæзт цæуы Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты. Цыбыр æмгъуыдмæ йын аразæн кæй нæй, уымæ гæсгæ ахизы иу азæй иннæ азмæ. Бæрæг аххосæгтæм гæсгæ, аразджытæ сæ куыстытыл кæй нæ тых кодтой, уымæ гæсгæ-иу эксплуатацимæ радтыны æмгъуыд дæр æргъæвд æрцыд. Ныр ныфс æвæрынц, азы кæронмæ арæзт кæй фæуыдзæн æмæ, æппынфæстаг, театры коллектив æмæ сценæмæкæсджыты бæллиц кæй сæххæст уыдзæн.

Ацы объект у Инвестпрограммæйы иууыл егъаудæр объект. Æдæппæт ын рахицæн æрцыд 1 миллиард æмæ 300 мин сомы.

Ацы объекты ахсджиагдзинад хынцгæйæ, нæ республикæйы разамынад æдзух йæ хъус дары, арæзтадон куыстытæ дзы куыд цæуынц, уымæ. Паддзахады сæргълæууæг Тыбылты Леонид æмæ Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти рæстæгæй-рæстæгмæ бабæрæг кæнынц ацы объекты, куысты темптæ куыд цæуынц, ууыл дзырд фæцæуы штабы рабадты дæр. Уыимæ стыр хъусдард здæхт цæуы бакæнгæ куыстыты гъæдмæ. Хъусдарæг службæтæн дæр хæсгонд у, цæмæй лæмбынæг сæ хъус дарой, арæзтад куыд цæуы, уымæ.

Театры бæстыхай цахæм уыдзæн, уый ныридæгæн бæрæг у,  кæд нырма йæ аив хуыз нæ райста, уæддæр. Ам бахъахъхъæд æрцыд йæ раздæры бæстыхайы хуыз æмæ уымæй, кæй зæгъын æй хъæуы, уæлдай зынаргъдæр уыдзæн театрдзаутæн. Йæ зал зынгæ фестырдæр уыдзæнис. Чи басыгъдис, уыцы бæстыхайы кæд 360 бынат йеддæмæ нæ уыдис уæд дзы ныр та уыдзæнис 500 бынаты, куыд зал, афтæ фойэ дæр фæлыст æрцæудзæн ирон орнаментæй.

Абоны бонмæ донифтонгады, канализацийы, хъæрмады, зынгхуыссынгæнæн æмæ вентиляцийы мидæггагон хызæгтæн арæзт фесты сæ 74 проценты. Æддейæ цы хызæгтæ цæуынц, уыдоны фæдыл куыстытæ иууылдæр фесты. Объекты арæзтадон куыстытæ æххæст кæны субподрядон организаци «Меркури плюс». Уый ма хайад иста æндæр объектты арæзтады дæр. Генералон подрядон организаци та у арæзтадон компани «Эверест», Татарстанæй. Йæ техникон директор Айрат Гареев куыд зæгъы, афтæмæй октябры мæймæ хъуамæ скуса хъæрмадон системæ, цæмæй уазæлттæ куы æрбалæууой, уæд куыстытæ ма æрлæууой. Азы кæронмæ план цæуы административон хайы æмæ фоэйы æппæт куыстытæ дæр фæуын. Йæ алыварс территорийыл æвæрд æрцæудзæн тротуарон плиткæ, уыдзæнис дзы газонтæ, сагъд дзы æрцæудзæн цъæхдарæнтæ. Ныртæккæ бæстыхайы фасад цæттæ цæуы йæ сахорынмæ.

Нæ горæты цæрджытæ æмæ йæ уазджытæн æхцондзинад хæсдзæнис театры бæстыхайы размæ, зæронд фонтаны бынаты ног фонтан арæзт кæй æрцæудзæн, уый дæр.

Гареевы ныхæстæм гæсгæ объекты кусынц 114 адæймаджы. Уыдон, сæйра-джыдæр сты бынæттон цæрджытæ. Ам кусынц Уæрæсейы Хуссары регионтæй æрцæуæг специалисттæ дæр. Уыдон хуынд æрцæуынц сæ сæр сæ куы бахъæуы, уæд.

«Æз райгонд дæн бынæттон цæрджы-тæй. Мах куыстмæ, сæйраджыдæр, исæм фæсивæды. Раздæр кæд уыдон хуымæтæджы кусджытæ уыдысты, уæд ныр фæцайдагъ сты арæзтадон куыстытыл, райстой аразæджы дæсныйадтæ, афтæ фæлтæрддзинад дæр æмæ дзы бирæтæ ныр кæнынц мастеры куыст. Уый та республикæйæн ахсджиаг у. Республикæ рæзы æмæ нырæй фæстæмæ дæр сæ сæр хъæудзæнис республикæйы», – зæгъы Айрат Гареев.

Кусджыты ифтонг кæнынц æнæаргъ хæлцæй. Арæзтады территорийыл ис рæстæгмæ сæрдыгон хæрæндон.

Финанскæнынады хъуыддаджы нæй къуылымпытæ æмæ уый фадат дæтты æппæт куыстытæ дæр афоныл æмæ гъæдджынæй æххæст кæнынæн.

Уæдæ бирæ рæстæг нал баззад паддзахадон драмон театры бæстыхай йæ дуæрттæ кæд байгом кæндзæн нæ театрдзаутæн, уыцы бонмæ. Уый уыдзæн стыр, ахсджиаг цау нæ республикæйы культурон царды æмæ циндзинад æрхæсдзæн нæ республикæйы алы цæрæгæн дæр.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.