Театр культурæ æмæ царды айдæн кæй у, уый раджы банысан кодтой æмæ йæ загътой зынгæ ахуыргæндтæ æмæ фысджытæ. Кæддæриддæр театр уыд æмæ у, хæрзнамысон æмæ аивадон нысаниуæг кæмæн ис, аивады ахæм къабаз. Профессионалон театр фæзынд  Хуссар Ирыстоны  1931-æм азы. Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театрыл ацы аз 29-æм июлы сæххæст ис 85 азы, уымæ гæсгæ нын у юбилейон датæ.

Театры фæзынд Хуссар Ирыстоны культурон цардмæ бахаста ногдзинад æмæ йæ байдзаг кодта ног мидисæй. Афтæмæй нæ адæмæн та сси сæ иууыл уарзондæр культурон улæфæн æмæ уаз бынат. Уый уыд нæ бæстæйы æцæг культурон артдзæст. Театры куыст бандæвта иумæйагæй æрмæст аивады рæзтыл нæ, фæлæ ма бæрзонддæр кодта цæрджыты культурæ æмæ ахуырадон æмвæзад. Нæрыд дзы, Хетæгкаты Къоста бындур кæмæн æрæвæрдта, уыцы рæсугъд литературон æвзаг. Сценæйыл сæ профессионализм æвдыстой, цæстæвæрæнæн чи баззадысты, нæ уыцы курдиатджын артисттæ. Уыцы рæстæджытæ тынг æхсызгонæй æрæмысынц абон хистæр кары адæм, нæ мæдтæ æмæ фыдтæ. Уыдон алыхатт дæр банысан кæнынц театры профессионалон куыст æмæ йын æрæмысынц йæ хъæздыг репертуар. Бирæ спектаклтæ дзы абон дæр сæ зæр-дыл æрбалæууынц, зæгъгæ, ма уыдонмæ ногæй сценæйыл бакæс.

XX æнусы 90-æм азты Хуссар Ирыстон цы уæззау хъизæмæрттæ æмæ дугивæн-тæ бавзæрста, уый æмрæнхъ нæ культурон уагдæттæ дæр куыд фæцудыдтой, уыдæттæ дæр зонынц не ʻмбæстæгтæ. Егъау маст ма æрхаста нæ адæмæн, театрыл арт куы сирвæзт æмæ куы басыгъд, уыцы æвирхъау цау дæр. Абон дæр ма йæ хъуыды кæнæм, уæд канд театры кусджытæ нæ куыдтой æргомæй, фæлæ æгас республикæйы цæрджытæ сæ цæссыгкалгæ фæдисы лыгъдысты Театралон фæзуатмæ æмæ сæ иумæйаг мастыл маст кодтой. Адæм хорз æмбæрстой, бирæ азтæм кæй фесæфтой сæ табуйаг бынат, сæ театр æмæ сагъæс кодтой театры сомбоныл, йæ арæзтадыл. Фæлæ ныр æрцыд рæстæг æмæ йæ реалонæй уынæм, нæ цæстыты раз куыд рæзы театры ног, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтдзæн, ахæм егъау бæстыхай. Уыцы хъуыддагæн йæ цины æнкъарæнтæ æгæрон сты. Цин ыл кæнынц, куыд театры артисттæ, афтæ нæ республикæйы фæллойгæнджытæ дæр æмæ йæм æнæрхъæ-цæй æнхъæлмæ кæсынц йæ бакондмæ.

Театр арæзт цæуы 2015-2017 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты. Театры арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уый кæддæриддæр ис Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды лæмбынæг хъусдарды бын. Уый, сæрмагондæй, хицауады бæрнон кусджытимæ иумæ арæх бабæрæг кæны, аразджыты раз лæууæг хæстæ куыд скъуыддзаг цæуынц æмæ бæстыхайы арæзтад цы æмвæзадыл ис, æппæт уыдæттæ. Театры арæзтадыл нырма дæр кусынц, бирæ нал хъæуы йæ бакæнынмæ. Аивадæн табугæнджытæ, театрдзаутæ, æмткæй нæ адæмæн се скаст паддзахадон драмон театрмæ кæй у, наци æмæ æвзаджы культурæйы райрæзт театримæ кæй нывæндынц, уый арæх фехъусæн вæййы нæ республикæйы уагъдцæуæг культурон мадзæлтты.

Ног театры бакондимæ хуссарирыстойнæгтæ цæмæ бæллынц æмæ цæмæ æнхъæлмæ кæсынц, куыд уынынц ног театры репертуары, уый фæдыл сарæз-там æрфарст æмæ нын радзырдтой æхцондзинады æнкъарæнтимæ сæ хъуыдытæ:

Пæррæстаты Эльдæ, Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты зонадон кусæг:

– Мах, Хуссар Ирыстоны адæм иууылдæр æнхъæлмæ кæсæм, нæ национ театры бæстыхай тагъддæр куы сцæттæ уаид, уымæ. Æз æнувыд театрдзау нæ дæн æмæ уымæн йæхи аххосæгтæ ис. Цæвиттон, кæйдæрты зæрдæ, чизоны, хъæлдзæг пьесæтæ, комедитæ агуры, фæлæ «Сæтти æмæ Бæтти», «Мæ усы лæг» æмæ æндæр ахæмты уæлдай ма æз бакæсин, зæгъæм, Чеховы æнæмæлгæ драмæтæм ирон æвзагмæ ивдæй. Мæн уырны, не ‘хсæнад зæрдиагæй сæмбæликкой уымæн йæ «Дядя Ваня», «Три сестры», «Чайка», «Иванов» æмæ иннæтыл. Классикон драматурги æппæтадæмон у, уый æрмæст иу нацийы хæзна нæу. Диссаджы аив зæлид Чеховы хъæлæс иронау, бæргæ…

Не ‘хсæн нæ разынид ахæм, æмæ ма бацæуа Къостайы «Дуняша»-мæ? Æмæ Уанеты Владимиры уацмыстæ та? Уый дын рагон историон дуг æвдисæг «Аланты ус-паддзах Зæринæ», уый дын «Хъуыбадты чындз» – зæрдæмæхъаргæ, хицæн удты трагеди

Иудзырдæй, театры репертуар хъуамæ бирæвæрсыгон уа, уымæн æндæр гæнæн нæй. Нæ театры коллективæн мæ зæрдæ зæгъы, æнтыстджынæй æмæ уæнгрогæй цы цæуа сæ куыст. Нæ курдиатджын ирон фысджыты уацмыстæй (трагеди уа, комеди уа), сын иу дæр фæсфæды цы нæ аззайы, уыцы хорзæх сæ уæд.

Хъодалаты Герсан, журнал «Фидиуæг»-ы сæйраг редактор, поэт:

– Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр уыд нæ горæты фидыц, нæ адæмы сæрыстырдзинад. Уымæ гæсгæ, куы басыгъд, уæд ыл уды зианау фæмаст кодтам, сылгоймæгтæ та йыл æргом куыдтой.

Ныр та бæстыхай ногæй кæй рæзы бирæ рæсугъддæрæй, уый кæуылты хъуыддаг у! Цыбæлæй йæм æнхъæлмæ кæсæм.

Æз бынтондæр нæ дызæрдыг кæнын нæ театры курдиатджын коллективы куыстуарзондзинадыл, фæлæ йæ нæ зонын, театры ног агъуысты сæ куыст цæмæй райдайдзысты,  цы ис сæ къæбицы. Хъуыддаг афтæ у, æмæ нæ драматургтæ скадавар сты, дуджы та хъæуы æвдисын æмæ нæм абон ахæм исчи ис, уый зын зæгъæн у.

Раст у, фылдæр хъæуы комедитæ æвæрын, фæлæ цард иууыл худгæйæ алкæмæн нæ вæййы, уымæ гæсгæ трагедиты дæр рох кæнын нæ хъæуы. Нæ классикты драмон уацмыстæ рохуаты хъуамæ ма баззайой. Сæ репертуар цас алыгъуызондæр уа, уыйас сценæмæкæсджыты нымæц дæр уыдзæн фылдæр.

Архайын хъæуы, цæмæй нæ театры фидæн абонæй уа æнтыстджындæр.

Дыгъуызты Лианæ, 6-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литерату-рæйы ахуыргæнæг:

– Нæ театры сырæзтмæ мах не ‘ппæт дæр æнхъæлмæ кæсæм æнæрхъæцæй. Уымæн æмæ театр адæмæн у ахæм бынат, цы ран уыдон ахуыр кæнынц царды рæстдзинадыл. Исынц цæвиттон æппæт миниуджытæй  æвæрццаг æмæ æппæрццаг миниуджытæй дæр. Уымæй дарддæр, æз куыд ирон æвзаджы ахуыргæнæг, афтæ ма цæмæ æнхъæлмæ кæсын? Махæн скъолайон программæйы ис ахæм драмæтæ, кæцытæ, тынг хорз уаид, æмæ æвæрд куы цæуиккой театры сценæйыл, уымæн æмæ театр куы куыста æмæ куы уæвыди, уæд, зæгъæм, мах «Æфхæрдты Хæсанæ» куы цыдыстæм, кæнæ «Амыран», уæд-иу сæм сывæллæттæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты театры сценæйыл фенынмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, чысыл ивындзинæдтæ æрцæуы алы литературон драмон уацмысы дæр спектаклтæ сæ куы февæрынц, уæд, фæлæ сывæллон ацы ран, чиныджы цы бакæсы, уый ма йæхи цæстæй куы фены театры сценæйыл, уæд ын  æнцондæр вæййы йæ бахъуыды кæнын дæр, æмæ ма хатдзæгтæ саразын дæр. Афтæмæй та сывæллæттæн сæ хъуыдыкæнынад рæзы, хъæздыг сын кæны. Тынгдæр райдайынц æнкъарын уыцы миниуджытæ, кæцытыл сæ мах скъолайы уацмыстæм гæсгæ ахуыр кæнæм. Æз мæхæдæг студенткæ куы уыдтæн, уæд-иу мах алы изæр дæр цыдыстæм театрмæ спектаклтæм (æцæг-иу дзы иу изæр ирон спектакль уыд, дыккаг изæр та – гуырдзиаг стыр æхцондзинадимæ. Кæд-иу сæм бакастыстæм, уæддæр та-иу сæм ногæй бирæ хæттыты бацыдыстæм. Ныр театрыл куы фæдзурæм, уæд мæнæн мæ зæрдыл æрлæууынц уыцы азтæ, уыцы æнкъарæнтæ æмæ мын вæййы тынг æхсызгон. Уымæ гæсгæ æз сывæллæтты ныртæккæ дæр акæнын театрмæ, кæд арæх нæ, уæддæр. Бакæсынц спектаклтæм æмæ сын стæй уый фæстæ урокыл скæнæм анализ. Сывæллæттæ фæдзурынц сæ хъуыдытæ, се ʻнкъарæнтæ æмæ урок рауайы цымыдисон. Æнæуый та сывæллæттæн театрмæ цæуыны хъуыддаг у тынг ахсджиаг, исынц дзы царды фæлтæрддзинад æмæ сæ алыварсонæй размæдзыд кæны.

Мæ рæстæджы нæ театры репертуар уыд хъæздыг æмæ цымыдисон ирон драматургты сфæлдыстадæй. Зæгъæм, мæн абон фæндид, цæмæй Гаглойты Владимир  «Ныййарæджы кадæг»-мæ сценæйыл бакæсын. Кæнæ дзæнæттаг Джыккайты Шамилæн «Хъодыгонд зæд»-ы куы фениккам, Джусойты Нафийы «Азау» тынг хорз уаид сценæйыл та йæ куы фениккой хистæркъласонтæ, уымæн æмæ ис сæ программæйы. Театры репертуары ма тынг рафидауын кæнид Хетæгкаты Къостайы «Фатимæ». Ацы поэмæйы  мах цæуæм 9-æм къласы. Уацмыс сахуыр кæнæм æмæ уый фæстæ та фенынц киноныв. Æмæ ма ноджы спектакль куы фениккой, уæд ахуыргæнинæгтæ ацы уацмыс никуы ферох кæндзысты.

Æз фæсарæйнаг драматургты уацмыстæм гæсгæ ивд спектаклты ныхмæ нæ дæн, фæлæ нæ театры ирондзинад хъуамæ арфдæр бада. Уый дзы куы нæ уа, уæд махæн театр ницы ратдзæн. Адæймагæн йæ монон миддунейы, йæ фарн æмæ хъуыдыкæнынады ирондзинад куы нæ уа, стæй ма сæ театры сценæйыл дæр куы нæ æвдисæм, уæд махæй цæй ирæттæ уыдзæн. Фыццаджы фыццаг уал – нæ ирон драмæтæ, нæ ирондзинад.

Джиоты Альбинæ, ХИПУ-йы студенткæ:

Мах стæм хæдбар паддзахад, сæрибардзинадыл хæст наци æмæ нын ирон театр кæй ис, уый стыр ахсджиаг хъуыддаг у. 85 азы уæвынад кæны нæ театр æмæ цы сфæлдыстадон фæндæгтыл рацыд, уыдон сты цæстæвæрæн æмæ диссаг. Абон нæ театр йæ куыст кæй дарддæр  кæны йæ уавæртæм нæ кæсгæйæ, уый стыр хъуыддаг у. Нæ республикæйы адæмæн цæстуарзонæй лæггад кæнынц нæ актертæ, сæ уавæртæ сæ куыд амонынц, уымæ гæсгæ. Тынг цымыдисон вæййынц сæ сæвæргæ спектаклтæ.

Мæ чысылæй фæстæмæ æз арæх цæуын нæ уарзон театрмæ, бирæ хæттыты федтон æндæр горæтты труппæты хъазт дæр, фæлæ дзы нæхи актерты æмвæзад никæмæй къаддæр у. Нырмæ дæр сын къуындæг уавæрты цы бантыст, уыдæттæ бирæ театртæн сты бæллиццаг. Сæрды нæ горæтмæ æрцæуы бирæ уазджытæ, цалдæр азы размæ æндæр рæттæм цæрынмæ чи ацыд, ахæмтæ. Уыдон иунæг спектакль дæр никуы рауагътой, æз дзы бирæты зонын æмæ баззайынц нæ артистты хъазтæй тынг райгондæй.

Цхуырбаты  Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.