1941 азы 22-æм июнь… Гитлерон фашисттæ гадзрахатæй æрбабырстой Советон Цæдисмæ æмæ райдыдта стыр тугкалæн хæст. Ахæм дæргъæвтин хæст Зæххы къорийыл фыццаг хатт æрцыд. Æппæт советон адæмимæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ растадысты ирон адæм дæр. Фæстæ нæ фæлæууыдысты Цхинвалы районы Медзыдагомы Тъба-Цъалисубаны хъæуы цæрджытæ дæр. Уыцы рæстæджы нæргæ хъæу уыд, 35 хæдзары бинонтæ дзы цардысты. Уыдысты хицæн колхоз, кодтой зæххыкуыст, дардтой куыд лыстæгкъах, афтæ ставдкъах фос дæр. Фæлæ хъæумæ рæстмæ фæндаг æмæ электрон рухс кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ хъæуы цæрджытæ иугай дыгай цыдысты æндæр рæттæм хуыздæр цардагур. Абон ма раздæры нæргæ хъæуы цæрынц æрмæстдæр иу хæдзары бинонтæ.

Хæст кæй райдыдта, уыцы сау хабар сæм куыддæр æрбайхъуыст, афтæ ацы хъæуы нæлгоймæгтæ ныгуылф кодтой хæсты быдырмæ райгуырæн зæхх бахъахъхъæнынмæ. Уыцы бон хъæуы нæлгоймæгтæ хос карстой уыгæрдæны æмæ йæ уым фехъуыстой. Сихор сын чи схаста, уыдон сын фехъусын кодтой ацы зæрдæскъуынæн хабары тыххæй. Уайтагъд 6 æвзонг нæлгоймагæй — Туаты Антон, Георги (Цуджи), Шала, Бето, Герисо æмæ Къоста сæ цæвджытæ æрсагътой уыгæрдæны æмæ сæ уым ныууагътой. Æрцыдысты сæ хæдзæрттæм, райстой сæ фæндаггæгтæ æмæ ацыдысты фронтмæ. Уыдон æхсæз дæр фæцыдысты фæцу æмæ марцуйы фæндагыл, 6 дæр бабын сты хæсты. Æдæппæтæй Тъба-Цъалисубанæй хæстмæ ацыдысты 32 нæлгоймагæй: дыууæ æфсымæры Туаты Сарди æмæ Адам, Туаты Исак, Лафер, Сако, Къоста, Николай, Цуци, Георги, Иосиф, Ваничко, Шамиль (Бтол), Сико, Георги, Шала, Николай, Харитон, Антон, Кузьма (Куыдзæг), Циба, Андо, Гигуца, Цемир, Къоста, Александр, Васили, Сергей, Давид (Дата), Сандро, Бето, Григори æмæ Геогри. Бæргæ ма сæ фæстæ кæугæйæ лыгъдысты сæ сывæллæттæ, сæ фæстæ кæсгæйæ сæ цардæмбæлттæ сусæг куыд кодтой, фæлæ æндæр гæнæн нæ уыд, сæбахъуыды рæстæджы ирон лæг йæ цард радтынмæ цæттæ уыд кæддæриддæр.

Ацы 32 хæстонæй хæсты быдыры баззадысты Туаты Цуци Гулайы фырт, Туаты Иосиф Иваны фырт, Туаты Шамиль (Бтол) Тадиозы фырт, Туаты Шала Татейы фырт, Туаты Антон Сауийы фырт, Туаты Кузьма (Куыдзæг) Сауийы фырт, Туаты Къоста Владимиры фырт, Туаты Васили, Туаты Сергей Артемы фырт, Туаты Давид (Дата) Варданы фырт, Туаты Сандро Георгийы фырт, Туаты Бето Соломоны фырт, Туаты Григори (Герисо) Гицайы фырт, Туаты Георги (Цуджи) Виссарионы фырт.

Медзыдагомы Тъба-Цъалисубаны хъæуы хæстонты номхыгъд редакцимæ æрбахаста ацы хъæуæй рацæугæ, ныртæккæ Цæгат Ирыстоны Беслæны цæрæг Туаты Зауырбег. Уый у йæ радтæг адæмы аккаг фырт, йæ фыдыбæстæ, йе ‘мтуг ирон адæмы, йæ мыггаджы æцæг уарзтæй чи уарзы, ахæм адæймаг. Уый бæрæг у уымæй дæр, æмæ æнæхъæн хъæуы хæстонты номхыгъд кæй æрæмбырд кодта. Кæй зæгъын æй хъæуы, се сбæрæг кæныныл цъус тыхтæ нæ бахардз кодта. Хæсты сау хабар фехъусгæйæ, уыгæрдæны сæ цæвджытæ чи æрсагътой æмæ хæстæй сæрæгасæй чи нæуал сæздæхтысты сæ райгуырæн хъæумæ, уыдонæй сæ иу — Туаты Бетойы цæвæг абоны боны онг дæр æвæрд ис Туаты Зауырбеджы хæдзары, йемæ йæ ахаста Цæгат Ирыстонмæ æмæ йын у мысæн лæвары хуызæн. Бетойы цæвæджы коймæ нæлгоймагæн йæ цæстытæ бауымæл сты, чысыл ма йæ бахъуыд æмæ йæ рустыл æруадаиккой нæлгоймаджы судзгæ цæссыгтæ. Ацы ныв фенгæйæ фергъийау дæн æмæ йæ афарстон зæгъын, мæнмæ гæсгæ ды лæгæй лæгмæ зонгæ нæ уыдаис семæ. Уый мын сдзуапп кодта, зæгъгæ, уæд æз нырма чысыл уыдтæн, фæлæ сын сæ кой хъуыстон хъæубæсты цæрджытæй æмæ сæ мæ зæрдæйы арф ныффыстон, сахуыр сын кодтон сæ цардвæндаг дæр.

«Нæ хъæуы хæстонты ‘хсæн уыд ахæмтæ дæр, кæцыты акодтой æфсадмæ æмæ сæ уым æрæййæфта Стыр Фыдыбæстæйон хæст дæр. Уыдон уыдысты Туаты Лафер, Цуци, Никъала Къостайы фырт, Сикъо æмæ йе ‘фсымæр Сандыр. Никъала æмæ Сандыр уыдысты Финляндийы хæсты дæр. Уырдыгæй рацыдысты Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Сандыр æнустæм баззад хæсты быдыры, Никъала та уæззау цæфтæй æрæздæхт фæстæмæ. Медзыдагомы хæстонтæй бирæтæ хайад истой Керчы цы тугкалæн хæст цыд, уым.

Фæсчъылдым Тъба-Цъалисубаны хъæуæн разамынд кодта Туаты Пъауле, уыд коммунистон партийы уæнг. Уый сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттимæ фæцудын нæ бауагъта хъæуы колхоз. Хуым æмæ най кодтой. Идæдз сылгоймæгтæ дæр сæ тыхтыл нæ ауæрстой кæд цалдæргай сывæллæтты иунæджытæй хъомыл кодтой, уæддæр. Куыд зæгъæм Герисойы идæдз Зозырты Ола баззад 7 сывæллонимæ, Шалайы идæдз Цоциты Еленæ — 4 сывæллонимæ, Антоны цардæмбал Куыдзеты Катюшæ — 3 сывæллонимæ, Давиды цардæмбал Цæриаты Гыгы — 3 сывæллонимæ. Ацы лæджымсæр сылгоймæгтæ кодтой хъазуатон куыст колхозы дæр æмæ сæхи хæдзæртты дæр. Колхозы æппæт куыстытæ дæр æрæнцадысты сæ сæртæг уæхсчытыл. Хæсты фæстæ хъæумæ чи æрæздæхтысты, уыдон дæр иуран нæ бадтысты. Алы рæстæджыты колхозы сæрдарæй куыстой дыууæ Никъалайы. Туаты Александр фронтмæ нæ бахаудта, уымæн æмæ ахуыр кодта Краснодары æфсæддон ахуыргæнæндоны. Каст æй нæ фæци, афтæмæй хæст дæр фæци. Колхозы кадртæ кæй нæ фаг кодтой, уымæ гæсгæ йæ колхозы сæрдар Пъауле нал ауагъта ахуыргæнæндоны йæ ахуыр адарддæр кæнынмæ æмæ йæ баурæдта колхозы хынцæгæй, уый фæстæ куыста сæрдарæй дæр. Зауырбеджы фыд Исахъ ахуыр кодта Сталиниры педагогон техникумы 2-æм курсы æмæ йæ афтæмæй акодтой хæстмæ. Иу тохы рæстæджы йæ галиу къах ныппырх, бирæ хос кæнын æй бахъуыд госпиталы. Хæсты фæстæ йæ арвыстой Бендеры хъæумæ ахуыргæнæгæй, иннæ нæлгоймæгтæ дæр куыстой куыд колхозы, афтæ æндæр рæтты дæр. Жора куыста Тбилисы милицийы, Цуца æмæ Гигуца дæр æрцардысты Тбилисы æмæ уым куыстой, Туаты Харитон куыста хъæуы колхозы хынцæгæй æмæ ма йын абон дæр бирæтæ пайда кæнынц йæ архивон документтæй», — радзырдта Зауырбег.

Зауырбег сæрыстыр у йе ‘мхъæуккæгтæй, уымæн æмæ тохы быдыры æвдыстой стыр хъайтардзинад. Зæгъæм, Туаты Сардион 1941 азы каст фæци Орджоникидзейы æфсæддон ахуыргæнæндон. Службæ кодта Хуссар фронты. 1942 азæй хайад иста Ныгуылæн фронты сконды, афтæ ма Брянскы фронты дæр. Уыд æхсæг батальоны командир, капитаны цин. Хæсты фæстæ службæ кодта Германы, Новосибирскы. 1958 азы отставкæйы ацыд дæбулкъоны цины. Хорзæхджын æрцыд Кутузовы æмæ Фыдыбæстæйон хæсты дыккаг къæпхæны ордентæй, Сырх Стъалыйы дыууæ орденæй æмæ майдантæй, уыцы нымæцы «За боевые заслуги»-йы майданæй дæр. Давидæн (Дата) уыд капитаны цин, Серги та уыд хистæр лейтенант.

Туаты Зауырбеджы зæрдæ риссы хæсты хайадисджытæн цырт æвæрд кæй нæй уый тыххæй. «Æнæхъæн комы æвæрд ис æрмæстдæр иунæг цырт Уæллаг Гореты хъæуы æмæ уый дæр хъæубæсты цæрджытæ сæвæрдтой сæхи тыхтæй. Иумиагæй Бихъары хъæусоветы ис 18 хъæуы, Громы хъæусоветы — 13 хъæуы æмæ ацы хъæутæй бирæ хæстонтæ ацыдысты фронтмæ. Хорз уаид æмæ Медзыдагомæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайад чи райста, уыдонæн æвæрд куы æрцæуид иумæйаг цырт. Ацы хъуыддагæн абон нырма саразæн ис, уымæн æмæ ацы хъæуты нырма ацæргæ адæм бирæ ис æмæ зонынц сæ хæстонты нæмттæ. Фæлæ фæстæдæр байрæджы уыдзæн, уыдон куынæ уал уой, уæ ма сæ чи зондзæн. Хорз уаид уый дæр æмæ ацы хъæуты цæрджытæ куы бакусиккой æмæ куы сбæрæг кæниккой сæ хæстонты мыггæгтæ æмæ нæмттæ, уæд æцондæр уаид иумæйаг цыртыл уыдоны сæнусон кæнын».

Ацы комæй бирæ зынгæ адæймæгтæ рацыд, куыд зæгъæм, Чиаты Иосиф, инæлар Хуыбылты Валодя, Къудухты Илья бирæ фæкуыста завод «Электровибромашина»-йы сæйраг инженерæй, Къудухты Гриша та уыд газет «Рæстдзинад»-ы (ныры «Хурзæрин») сæйраг редактор, Дудайты Виктор уыд æфсæддон, уыд Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министры хæдивæг, Лолоты Гриша æмæ Гиуæрги та куыстой Хуссар Ирыстоны паддзахадон æдасдзинады комитеты.

Туаты Зауырбег Медзыдагомы цæрджыты номæй курæг у РХИ-йы къухдариуæгадæй, Цхинвалы районы сæргълæууæгæй, цæмæй сæм се ‘ххуысы къух фæдаргъ кæной æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæн ацы комы искæцы бынаты æвæрд æрцæуа иумæйаг цырт, науæд уæлдæр ма йæ куыд загътам, афтæмæй байрæджы уыдзæн æмæ сæ фидæны фæлтæр сæ хъайтардзинæдты тыххæй зонгæ дæр нал кæндзысты. Лозунг «Ничи ферох, ницы ферох» ацы комы хæстонтæн фæуыдзæн æнæхъуаджы.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.