Куыд зонæм, афтæмæй нæ горæты Цæгатфарс арæзт цæуы медико-социа-лон центр. Уырдæм конд æрцæудзысты пансионат «Забота»-йы пациенттæ æмæ паллиативон (ракæй) низтимæ чи тох кæны, ахæм рынчынтæ. Медико-санита-рон центр арæзт цæуы дыууæ блокæй – цæрæн æмæ административон. Иууæладзыгон уагдонæн йæ иумиаг фæзуат у 2100 кв.м. Иууыл иумæ ам уы-дзæнис 35 сынтæджы. Хатæнтæ сты 1 æмæ 2 бынатон. Хатæнтæй алкæцыйы дæр уыдзæнис индивидуалон хинайæнтæ æмæ къахбынæттæ.

Ам арæзтадон куыстытæ кæны хуссарирыстойнаг компани ООО «Мегаполис Т». Арæзт цæуы Хуссар Ирыстоны социалон экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты.

Пансионат «Забота»-йы цы 14 æвæгæсæг зæронд адæймаджы цæрынц, уыдон конд æрцæудзысты ног хæдзармæ, цыран сæ цардуагон уавæртæ уыдзысты бирæ хæрзвадатдæр.

Арæзтадон фирмæйы прораб Æрсойты Инал куыд зæгъы, афтæмæй: «Ацы медико-санитарон центры фидæны пациенттæн арæзт цæуынц æппæт уавæртæ дæр, цæмæй, гæнæн уæвгæйæ, сæхи хатой комфортонæй. Уый уымæн зæгъын, æмæ махæй алчи дæр зоны, ныртæккæ «Забота»-йы цы æвæгæсæг зæрæдтæ цæрынц, уыдон кæд фæкæсынцух не сты, уæддæр сæ бæстыхай мæгуырау уавæры ис. Паллиативон медицинон æххуыс кæй хъæуы, хъыгагæн, уыдон дæр къаддæр не сты нæ республикæйы. Алкæмæн уавæртæ нæй республикæйы æддæмæ хос кæнынмæ цæуынæн. Уагдон кæд иу уæладзыгон у, уæддæр дзы цы ныккæнд арæзт цæуы, уым уыдзæн техникон хатæнтæ».

Уый ма куыд загъта, афтæмæй ныридæгæн уагдонæн йæ 85 % у цæттæ. Мидæггагон куыстытæ ам цæуынц рæвдз: астæрд цæттæ кæнынц, сиссæрдæн æмæ хъармгæнæнты монтажгæнæн куыстытæ ныридæгæн фæуд кæнынц. Прораб куыд зæгъы, афтæмæй азы кæронмæ медико-социалон центр эксплуатацимæ хъуамæ лæвæрд æрцæуа.

Центры алыварс территори дæр хæрзарæзт æрцæудзæнис. «Тротуартæ, рухсгæнæнтæ арæзт æрцæудзысты, ныссадздзысты дзы цъæхдарæнтæ. Ныртæккæ арæзтады цы 72 кусæджы кусы, уыдон хорз æмбарынц, ам цы пациенттæ уыдзæнис, уыдон уæззау цардуагон ситуацийы кæй бахаудтой æмæ сæ царды фæстаг азтæ хъуамæ арвитой иу чысыл æхцонæй. Пансионат кæд декабры кæронмæ арæзт не ‘рцæуа, уæддæр йæ аххосаг уыдзысты æрмæстдæр боныгъæдтæ. Мæнмæ афтæ кæсы, æгæр тагъдкæнын дæр нæ хъæуы, цæмæй хæлд ма цæуой арæзтадон технологитæ. Фæлтау хъуыддаг фæфæстæ уæд æмæ куысты гъæд уа æмбæлон», – зæгъы ООО «Мегаполис Т»-йы прораб Æрсойты Инал.

Мах аныхас кодтам аразджыты бригадæйы уæнгтимæ. Уыдон, сæйраджыдæр, сты бынæттон цæрджытæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй сын къуылымпытæ нæ вæййы æрмæджыты аххосæй, рæстæгыл исынц куыстмызд дæр.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, ам арæзтадон куыстытæм кæй бавнæлдтой ацы аз майы мæйы. Райдианы ам хъуамæ арæзт æрцыдаид рынчындон рæуджыты низæй рынчынтæн. Фæлæ куыст процессы рæстæджы Социалон райрæзт æмæ Æнæниздзинады хъахъхъæныны министр Тотчиты Георгийы инициативæмæ гæсгæ раивд æрцыд медико-социалон центрмæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.