Республикæйы канд фæндæгтæ нæ, фæлæ царды гъæд фæбæрзонддæр кæныны тыххæй рæзынц цæрæнуат æмæ инфраструктурæйы объекттæ – скъолайы агъоммæйы кары уагдæттæ, скъолатæ, рынчындæттæ, культурæйы хæдзæрттæ. Арæзт цæуы республикон драмон театр, паддзахадон университеты корпус бирæпрофилон колледжы æрмадзтæ, æвзонг техникты станцы бæстыхай, дзулфыцæн комбинатæн ног цех æмæ а.д. Уыдон иууылдæр, æнæдызæрдыгæй, баст сты республикæйы цæрджыты социалон-экономикон æмæ инфраструктурон-экономикон проблемæты комплекс аскъуыддзаг кæнынимæ.

Æнæдызæрдыгæй зæгъæн ис, ныртæккæ нæ горæты Харебаты Исахъы уынджы цы хъæууонхæдзарадон базары ног агъуыст арæзт цæуы, уый дæр цæрджыты хæрзиуæгæн, сæ царды уавæртæ фæбæрзонддæр кæныны нысанæн арæзт кæй цæуы.

Бæрæг куыд у, афтæмæй Чысыл базар ам арæзт æрцыд дуджы домæнтæм гæсгæ. Базар домæнтæн дзуапп нæ лæвæрдта, нæ дзы уыд уавæртæ, дыргътæ æмæ халсæрттæ уæй цыдысты антисанитарон уавæрты. Зымæгон бонты дзы уыд уазал æмæ уый зындзинæдтæ æвзæрын кодта канд уæйгæнджытæн нæ, фæлæ ма фæлхасгæнджытæн дæр. Уымæй дарддæр ма ам фаг бынæттæ кæй нæ уыдис, уымæ гæсгæ базаргæнджытæ сæ продукттæ уæй кодтой, базармæ бахизæны тротуартыл æмæ зындзинæдтæ æвзарын кодтой цæуджытæн. Ныр ацы проблемæ тагъд скъуыддзаг æрцæудзæн. 2016 азæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фæлгæтты цы объекттæ арæзт цæуынц, уыдоны ‘хсæн ис ацы объект дæр. Арæзтадон куыстытæ дзы æххæст кæны бынæттон арæзтадон организаци «Престиж». Фирмæйы генподрядон организацийы директор Беппиты Инал куыд зæгъы, афтæмæй базар дих уыдзæн дыууæ зонæйыл – æхгæд базарадон павильон æмæ гом базаргæнæн фæзуат. Æхгæд павильон уыдзæн иууæладзыгон бæстыхай, кæцыйы уыдзысты базаргæнæн зал, афтæ ма дзидза æмæ кæсагуæйгæнæн хайадтæ. Ныккæнды та базаргæнджытæ æфснайдзысты сæ товартæ. Гом базаргæнæн фæзуаты та æвæрд æрцæудзысты тæрхæджытæ, чи не згæ кæны, ахæм зестæй. Æхгæд павильон æмæ гом базаргæнæн фæзуаты ‘хсæн ис уæрæх фæндаг æлхæнджытæн змæлынæн. Арæзтадон фирмæйы сæргълæууæг куыд зæгъы, афтæмæй «Ног базар уыдзæн хæрзарæзт, мæнæ стыр горæты куыд вæййы, афтæ. Базаргæнджытæ сæ уæййæгтæ уæй кæндзысты хъарм æмæ сыгъдæг бынæтты. Базары ма мидæгæй уыдзæн хинайæнтæ æмæ административон хатæнтæ. Базармæ бахизæн раздæр куыд уыд, афтæ уыдзæнис Исахъы уынджы ‘рдыгæй».

Ныридæгæн ам алцыдæр цæттæ у. Подрядон организацийы хистæр куыд зæгъы, афтæмæй æппæт куыстытæ дæр фæуыдзысты 10 боны æмгъуыдмæ. Баззад ма дзы æддейæ декоративон агуырийæ сфæлындзын æмæ къулдуар сæвæрыны куыстытæ. «Объект хъуамæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæуа 20 сентябрмæ, нæ республикæйы бæрæгбон куы нысан кæнæм, уæд-мæ» – зæгъы арæзтадон фирмæ «Престиж»-ы сæргълæууæг.

Уæдæ, раздæр ацы базары цы базаргæнджытæ реализаци кодтой сæ продукци, сæ товартæ, уыдоны бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъæудзæн, цæмæй рахизой, æппæт фадæттæ дæр кæм уыдзæн, ахæм бынатмæ.

Фæлæ уал уæдмæ, ам раздæр чи лæууыд, уыдонæй бирæтæ бадынц, сæ продукттæ сæ разы, афтæмæй ардæм хæстæг тротуартыл æмæ дзы ахизæн нал вæййы фистæгæй цæуджы-тæн, Джиоты Аланы уынг æмæ Исахъы уынджы тигъыл, 2-æм иумæйагахуырадон скъолайы ныхмæ. Ацы бынаты йæ рæстæджы арæзт æрцыд базарадон объект, кæцы хъуамæ лæвæрд æрцыдаид, хъæууон цæрджытæй сæ хъæууонхæдзарадон продукттæ уæймæ чи ластаид, уыдонæн. Фæлæ уыдонæй иуæй-иутæн базары бынат нæ вæййы æмæ уымæ гæсгæ уынгты тротуарыл æрæвæрынц сæ уæййæгтæ æмæ сæ уым фæ-уæй кæнынц. Ам та сæ хъыгдарынц фæткхъахъхъæнджытæ, тротуартыл ахизæнтæ кæй нал вæййы, антисанитари кæй æвзарын кæнынц, уый аххосæй. Кæд сæ искæмæн бантысы сæ иу хай ауæй кæнын, кæннæд сæ радты асламдæр аргъыл базары æппынæдзух чи лæууы, уыдонмæ. Уымæн æмæ, хъæууон цæрæг фæтагъд кæны фæстæмæ йæ хæдзармæ. Фæфæнды йæ, цæмæй йын тагъддæр ауæй уой æмæ дарддæр йæ куыстытæ бакæна. Уый размæ базаргæн-джытæ сæ продукттæ уæй кодтой республикон библиотекæйы фæстæ, фæлæ уый дæр æхгæд æрцыд, аргъуан дзы арæзт кæй æрцæудзæн, уый тыххæй.

Раст у, Стыр базары, Гуыбаты æфсымæрты уынгыл чи ис, уым уæйгæнæн бынæттæ бирæ ис, фæлæ цæмæдæр гæсгæ уым æрмæстдæр хуыцаубон бонты базар кæнынц, иннæ бонты йæм æлхæнджытæ нæ цæуы. Хъæууон лæджы та фæнды, йæ уæййаг фылдæр адæм кæм змæлы, уырдæм ахæссын, тагъддæр сæ ауæй кæнын, æмæ фæстæмæ рæстæгыл йæ хæдзармæ бафтын. Æниу, ацы базары къæсæрæй бахизгæйæ нæ цæст куы ахæссæм, уæд дзы бæллиццагæй ницы ис, уым дæр базаргæнджытæ кусынц антисанитарион уавæрты…

Ныр рæзы ног базар. Тагъд йæ дуæрттæ байгом уыдзысты. Уымæ æнхъæлмæ кæсæм не ‘ппæт дæр – базаргæнджытæ æмæ фæлхасгæнджытæ дæр. Фæлæ та дзы чи слæудзæнис? Хъæууон кусæг лæг, кæцы йæхи къухæй æркæнгæ продукт ауæй кæна æви… Æндæр рæттæй продукттæ, товартæ чи ласынц, уыдон кæддæриддæр уыдзысты, фæлæ бынæттон хæрзгъæд продукттæ æркæныныл чи фы-дæбон кæнынц, уыдонæн хъуамæ фылдæр привелегитæ уа лæвæрд.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.