Горæт Цхинвалы администраци капиталон цалцæг кæны Хъайтарты уынджы сывæллæтты 20-æм рæвдауæндон. Куыд æндæр цæхæрадон уагдæттæ, афтæ ацы скъолайы кары агъоммæйы уагдоны бæстыхай дæр хайгай ныппырх 2008 азы, бæстыхайы иннæ хай та судзгæ бакодта. Уагдон дзуапп нал дæтта санитарон нормæтæн, фæлæ уæддæр сывæллæтты цæхæрадоны куыста цыппар къорды. Сывæлæттæ æмæ ахуыргæнджытæ æрдæгпырх хатæнты æнæ хъармгæнæн системæйæ кæй уыдысты, уымæ нæкæсгæйæ.

Ивгъуыд аз сывæллæтты 20-æм цæхæрадонæн президентон фондæй рахицæнчындæуыд финансон фæрæзтæ бæстыхайы хайгай капиталон цалцæджы тыххæй, ивд æрцыд йæ агъуыст, сæвæрдтой дзы пластикæй рудзгуытæ, монтажгонд дзы у хъармгæнæн системæ. Ацы аз Президент Тыбылты Леониды комкоммæ бахæсмæ гæсгæ горæты администрацийы къухдариуæгад æрæвнæлдта сывæллæтты цæхæрадоны бындурон цалцæгмæ.

Горæт Цхинвалы администрацийы ахуыры хайы управленийы хистæр Джиоты Агуындæ куыд радзырдта, уымæ гæсгæ Цхинвалы администрацийы цалцæггæнæн-арæзтадон управленийы кусджытæ иу мæйы размæ æрæвнæлдтой сывæллæтты цæхæрадоны капиталон цалцæгмæ.

«Æз мæхи æмæ педагогон коллективы номæй стыр бузныг зæгъын нæ республикæйы къухдариуæгадæн сывæллæтты цæхæрадоны капиталон цалцæджы тыххæй», – банысан кодта уый.

Объекты æппæт куыстытæ дæр план кæнынц ацы аз декабры кæронмæ фæуын, уый тыххæй ис æппæт дæр – кусæгдых дæр æмæ арæзтадон æрмæджытæ дæр. Объекты уыдзæн авд къорды, ома, сывæллæтты цæхæрадонæн йæ бон суыдзæн 150 сывæллоны бæрц райсын. Уый фадат ратдзæн бирæ сывæллæттæ кæм ис, уыцы сывæллæтты цæхæрадæтты куыст фенцондæр кæнынæн. Уагдоны капиталон цалцæг фæуынмæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц ныййарджытæ æмæ сывæллæтты цæхæрадоны педагогон коллектив.

РХИ-йы официалон портал

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.