Сырхыдзуары сæйраг кувæндон ис Ирыстоны хуссар хайы Ленингор æмæ Цхинвалы районы арæныл, Дзимыргом æмæ Гнугъгомы æхсæн Сырхы хохыл. Сырхы хохы бæрзæнд денджызы æмвæзадæй уæлдæр у 3026 м бæрц. Хохы уæллаг фæхстыл кæрдæг æмæ хицæн къутæртæ тынг стæм рæтты æмбæлы, йæ сæрæй цы дуртæ згъæлынц цадæггай, уыдон бынæй цæнттæ-цæнттæй сты. Сырхы хохæн йæ алыварс цы хæхтæ ис, уыдонæй бæрæг хицæн кæны дардæй кæсгæйæ дæр, сырхæй кæй зыны, уымæ гæсгæ.

Хохæн йæ дæлвæччи хуссар-ныгуылæнварс 2780 м бæрзæндыл ис дыууæ къаннæг цады. Фыццаг цад лæууы бындæр, йæ дæргъ уыдзæн 800м бæрц æмæ йæ уæрх та 250 м æввахс. Дыккаг цад ис чысыл хуссарæрдæм, йæ дæргъ у 250 м æмæ йæ уæрх та 200 м бæрц. Уæллаг цадæй дæллагмæ цæуы чысыл къада дон. Хохы сæрæй кæсгæйæ, цæдты дон зыны æрвгъуызæй. Æнæуи сæ дон у сыгъдæг, кæсаг дзы нæй, стæм уытъырытæ æмæ æндæр доны хъæндилтæй дарддæр. Адæмы ‘хсæн ацы цады фæдыл баззад ахæм дзырд: Зæгъгæ, ацы цадты сæхи надтой уæларвонтæ, чысылдæры – ус, стырдæры та – лæг. Ацы цæдтæй дæллаг цадты хицæн ном ма Дзимырæгтæ хуыдтой «Цæхджын цад», зæгъгæ, дам-иу сæрдыгон фысвос хæхтыл фыййæуттæ куы хызтой æмæ, дам, иу сын цæхх дарын куы хъуыд, уæд сæ скъæрдтой ацы цадмæ æмæ, дам, иу дзы куы банызтой, уæд фос цæхх нал агуырдтой.

Цы хохы уæлæ ис кувæндон, уый, уæлдæр, куыд загътон, афтæмæй, йæхæдæг у, сырхбын чи дары, ахæм æрдзон айнæгдур æмæ йыл уымæ гæсгæ сывæрдтой ном Сырхы хох.  Ацы хохыл цы кувæндон ис, уый ном Дзиццойты Юри бæтты «сырхы низы» номимæ «Сырхы дзуар «святилище рожи(название болезни)». Сырх (мед) «рожа» в форме род.п. ед.ч. + дзуар «святилище»». Кæнæ та – «Божество кори». Корь та у «фадынæг» – сывæллæттыл хæцгæ низ. Сырх та-иу фæзынд алкæуыл дæр, адæймаджы буар-иу кæмдæрты ныссырх ис æмæ-иу кæм ныссырх, уым рисгæ дæр кодта. Уыцы низæн-иу хос кодтой сырх дуры ссадæй, кæнæ та сырх дуры къæрттæй, кæм ныссырх ис, уымæй сывæргæйæ. Гæнæн ис æмæ-иу ацы кæмтты дæр исчи куы фæрынчын уыцы низæй, уæд-иу хос кодтой ацы хохы дуртæй æмæ иу сын ахъазгæнæг кæй фæцис, уымæ гæсгæ йæ рахуыдтой Сырхы низыл аудæг зæд æмæ хох. Ам ис иу быцæуаг хъуыддаг, кæд хох йæхæдæг сырх хуыз у, уæд хъуамæ хуындаит, «Сырх хох», фæлæ «Сырхы хох» кæй хуыйны, уымæ гæсгæ баст у «Сырхы» кæнæ «фадынæгы» низыл аудæг бардуагимæ æмæ уымæ гæсгæ Дзиццойты Юрийы хъуыды дæр раст у. Уымæн æмæ Гнугъгом æмæ фæрсаг кæмтты цæрджытæ Сырхы зæды номыл бæрæгбон нысан кодтой Дауджыты фæстæ къуырисæр бон. Къуырисæр бон та нымад у ирон адæммæ Аларды æмæ Уациллайы боныл. Аларды та у сывæллæтыл аудæг зæдыл нымад æмæ-иу уыцы низ та фылдæр фæзынд сывæллæттыл.

Сырхыдзуары номыл ма кувæндæттæ ис Дзимыргомы Баджыны хъæуы  Сырх Уастырджыйы кувæндон, Сырхы дзуары кувæндон, Сырхы хохы дæллагхъуыр дыууæ цады уæллаг фарс. Сырхы зæды номыл кувæндæттæ Гнугъгомы алы хъæуы дæр ис, уыцы нымæцы Сулаур, Гозо, Лацаур æ.а.д Афтæ ма Мидæггаг Ерманы дæр ис Сырхыдзуары кувæндон. Ардæм та йæ æрхастой Дзомагъгомæй. Цхуырбаты З. æмæ Дзиццойты Ю. куыд фыссынц афтæмæй йæ фыццаг бынаты кæм уыд ацы кувæндон – хохы сæрыл, уым, зæгъгæ, дуртæ æмæ кæрдæг дæр уыдысты сырх хуыз æмæ, зæгъгæ ардыгæй равзæрд йæ ном дæр. Тырсыгомы ис Сырх дзуары кувæндон æмæ Сырх хох, Хъуды коммæ та хæстæг – Сырхыты хох, Сырхы дзуар, Сырхы Уастырджи, Сырх дзуар сахар Цхинвалы цæгат хайы астæуккаг æнусты конд чырыстон кувæндон. Уымæй дарддæр ма Сырх хохы номимæ ис æндæр хæхтæ дæр: Сырх хох  Ерманмæ хæстæг Хъелы цады цæгатварс, Ирыстоны цæгат хайы Сурх хуæнтхæ. Сырх къæдзæх – Чеселтгомы, Сырх Лæбырд Пацъагомы æмæ æндæр рæтты. Куыд цæуы бæрæг, афтæмæй Сырх (Сырхы, Сырхыты)хох, Сырхы (Сырх) дзуар, баст сты фылдæр Сырх дуры мыггагимæ, кæннод та сырх сыджыты хуызимæ.

Ныр та æрдзурæм комкоммæдæр, Сырхыхохы сæрыл цы кувæндон ис, уый арæзт æмæ кондыл. Кувæндоны бæстыхайы систæ амад сты бынæттон дур æмæ æндæр ранæй æрбахæсгæ кæрдгæ(бакуыстгонд) дуртæй, ацы дуртæн дæр Сырхыхохау сæ дурты иу хай у сырх хуыз, каннод та сырхбын чи дары, ахæм хуыз дуртæ. Сæ иугæнæг фæрæз уыд чъырызмæст, афтæ ма йæ систæ дæр сæрст уыдысты чъырæй. Куыд ма цæуы бæрæг, афтæмæй йæ сæр æмбæрзт уыд хохаг къæйдурты фæрктæй, æмæ астæуæй та æнцой кодтой тулдз хъæды æндзæлттыл. Арæзтад конд уыд дыууæ хатæнæй, фыццаг – чысылдæр, йæ дæргъ скæсæнæй- ныгуылæнмæ у 3.20 м. æмæ уæрхырдæм та 1.70 м бæрц. Фыццаг хатæнæй та бахизæн ис стырдæр хатæнмæ, амæн та йæ иумийаг дæргъ у цæгатæй хуссарырдæм 4.80 м. æмæ уæрхырдæм та 4.0 м. Дыууæты бахизæнтæ дæр уыдысты ныллæг. Фыццаг хатæны дуары бæрзæндæн у 1.10 м  æмæ уæрхырдæм та 0.60 м, дыккаг хатæны бахизæны бæрзæнд та у 1.15 м. æмæ уæрхырдæм та – 0.75 м. Дыууæтæн дæр сæ бахизæнтæ сты конд хуссарварсырдыгæй. Фыццаджы бахизæн ис хуссар-скæсæн фиссыныл æмæ дыккагæн та хуссар-ныгуылæн фиссынæй 0.60 м дæрддзæфæн. Бахизæнты систы мидæг ма баззадысты тулдзæй конд дуар, хъæдтæ. Чысылдæр хатæнæн йæ систы бæзн у 0.47-0.50 м бæрц æмæ дыккагæн та – 0.80 м бæрц. Дыккаг хатæны скæсæнварс сисыл хуссар-скæсæнварс фиссынæй 0.90 м дæрддзæфæн ис фæрсаг конд, зæххæй 1.40 м бæрзæндыл. Æттæрдыгæй фæрсаджы бæрзæнд у 0.35 м æмæ уæрхырдæм та 0.38 м. Хуылфырдыгæй та йæ бæрзæнд у 0.15 м æмæ уæрхырдæм та 0.32 м бæрц. Ахæм фæрсаг ма ис цæгатварс сисыл дæр цæгат-скæсæнварс фиссынæй 1.60 м дæрд-дзæфæн. Ацы фæрсаг кæм ис, уыцы къулы систæ кæй ракалдысты, уымæ гæсгæ ру-дзынджы бæрзæнд бæрæг нал цæуы, æрмæст ма æттæрдыгæй йæ уæрх у 0.60 м бæрц. Иумийагæй, бæстыхайы къултæй цы баззад, уыдоны бæрзæнд у 1.50-2.40 м бæрц. Кувæндон кæм ис, уымæн йæ географион координаттæ сты: N42.24.906. E044.20.625.

Куыд дзурынц, афтæмæй кувæндоны хуылфы уыд галты æмæ фыры нывтæ, афтæ ма æфсондз, хъуытазтæ, сыкъатæ æмæ дыууæ тулдз хъæды æмæ сæ, зæгъгæ, ардæм сластой ацы хъæдтæ дыууæ фаззон галыл.

Сырхыдзуармæ куывтой бирæ сыхаг кæмтты цæрджытæ, фæлæ йын уæлдай кад чи кодта, уыдон уыдысты Гнугъгом æмæ Дзимыргомы цæрджытæ. Сырхы хохы бын цы дыууæ цады ис, уым сын уыд кувæндон Дзимыргомæн æмæ-иу ам райсомæй раджы бæрæгбоны рæстæджы кусарт кодтой нæл родтæ æмæ уæрыччытæ. Уæлæмæ та-иу æрмæст цыдысты дзуары кувæг лæгтæ. Дзуары кувæг лæг та æнæмæнг хъуамæ уыдаит фаззон, йæ сæрмæ йын хуымæтæджы адæмæй-куывдонтæй ничи уæндыд, баззад ахæм дзырд: хуымæтæджы адæмæй йæм исчи куы схызтаит, уæд тъæппытæ фæхаудаит. Дзуары кувæг лæг та, дам, æнæмæнг йæхи хъуамæ фараст хатты æхсыры ныннадтаит.

Гнугъгомы та Сырхы зæды номыл дзуары лæгтæ уыдысты Хъабанты мыггагæй, æндæр мыггаджы минæвæрттæй, дам-иу исчи куывды куы хъавыд ссæуын йæ сæрмæ, уæд, дам-иу сыл дур лæбырыд æмæ сын размæ цæуын не ‘нтыст. Сырхы дзуары номыл Гнугъгомы цæрджытæ нывонд кодтой сырх кæнæ та бурбын кусæрттæгтæ, æмткæй бурбын куынæ уыдаит, уæддæр ыл хъуамæ бур тæппытæ уыдаит, йе та бурхъус уæрыкк.

Сырхыдзуар у Ирыстоны кадджындæр кувæндæттæй сæ иу, уыимæ мæ йæ хицæн æгъдæуттæ æмæ алыварсон миниуджытæ æвзæрын кæнынц адæймагмæ стыр цымыдисдзинад, фæлæ ацы уацы нысан уыд æрмæстдæр Сырхыдзуары конд æмæ йемæ баст æрмæджытæ равдисын. Зонадон æгъдауæй уыдоны фæдыл дзурын та у хицæн куыст æмæ кæронмæ æндæр æмæ æндæр ратæдзæнтæ ахуыр æмæ сгæрст куы æрцæуой, уæд бæстондæрæй æвдыст æрцæудзысты йæ сусæгдзинæдтæ.

Мæ уацы кæрон  мæ фæнды радзурын Сырхыхохы тыххæй иу цымыдисон цауы фæдыл. Рухæны мæйы нæ экспедицион къордимæ араст стæм Дзимыргомыл, цæмæй Сырхыдзуармæ схизæм Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады 25 азы цытæн, 9 адæймагæй. Комы бын нæхи бафæдзæхстам, куыд æмбæлы афтæ, цæмæй нæ йæхимæ суадза æмæ нæ фæндаг акодтам. Хохмæ куы цыдыстæм, уæд уарыд къæвда, хатт-иу ныккалдта их æмæ ма-иу ныббатт мигъ дæр. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, уæддæр нæ цыд размæ кодтам. Хохы тæккæ бынмæ куы бахæццæ стæм, уæд мигъ чысылгай йæхи бæрзæндтæм систа, фæлæ хохы сæрмæ куы схызтыстæм, уæд та арв фæстæмæ мигътæй байдзаг. Хохы сæрыл кувæндонмæ бацæугæйæ, систам нæ кувинæгтæ, уæдæ цы. Фыццаг куывд куыддæр ракодтам Хуыцау æмæ йе скæнгæ зæдты номыл, афтæ арв асыгъдæг чысыл æмæ мигъты ‘хсæнæй хуры зынг цæст нындæвта æмæ ма æгæр дæр стæфстыстæм, уæдмæ нын æгæр уазал дæр ма уыд. Стæй та фæстæмæ арв сыхгæдта мигътæй. Дыккаг куывд та уыд Ирыстоны номыл æмæ та арвæй фæстæмæ хуры цæст нындæвта, афтæ уыд æртыккаг ракуывды рæстæджы дæр. Фæстæмæ здæхгæйæ та мигъ йæхи ныллæг æруагъта, нæ алыварс ницыуал зынд, фæлæ нæ развæндаг топпы фаты хуызæн æмраст, суанг хохы бынмæ афтæ сыгъдæг уыд æмæ йын ныхæстæй равдисæн дæр нæй. Кæд хохы фæйнæ фарсæй мигътæ æмхæрд цыдысты, уæддæр нын нæ фæндаг нæ æхгæдтой. Чи зоны искæмæ ныхæстæй диссаг ма фæкæса, фæлæ уымæй размæ, мах Ирыстоны хуссар хайы цы нæ кувæндон æмæ комы уыдыстæм, фæлæ ахæм диссаг никуы федтам.

Уæлдæр дзырд цы хицæн æгъдæуттæ æмæ легендæтыл цыд, уыдон дæр æвæццæгæн æнæхъуаджы нæ равзæрдысты.

 

Мæргъиты И.

Уанеты З. номыл ХИЗИИ-йы

зонадон кусæг

(Авторы фæндонмæ гæсгæ гонорар

хынцыд æрцæуæд «Хурзæрин»-ы фондмæ).

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.