100 азы размæ, 1918 азы 28-29 январы арæзт æрцыдысты Сырх Æфсад æмæ Сырх Флот Советон Уæрæсейы æддагон æмæ мидæггагон знæгтæй бахъахъхъæныны тыххæй. 1917 азы декабры В.И. Ленин æрæвæрдта хæслæвæрд иу мæй æмæ æрдæгмæ ног æфсад саразыны тыххæй, цыран хъуамæ уыдаид 300 мин адæймаджы. Арæзт æрцыд Æфсæддон коллеги, хицæн æрцыдысты æхцайы фæрæзтæ йæ организацийы концепцийы тыххæй. 1918 азы январы æмбисы Сырх Æфсад саразыны тыххæй рахицæнгонд æрцыд 20 милуан сомы. 1918 азы октябры æфсады уыд 35 мин коммунисты, 1919 азы та – 120 мины бæрц æмæ 1920 азы августы та – 300 мин адæймаджы. 1920 азы кæронмæ Сырх Æфсады гæнæн уыд æмæ уыдаид 5 милуан адæймаджы, фæлæ хæцæнгарз, æфсæддон формæ кæй нæ фаг кодтой, уымæ гæсгæ æфсады хæстон сконд уыд 700 мин адæймаджы. Арæзт æрцыд 22 армийы, 174 дивизийы, 61 авиакъорды (300-400 хæдтæхæджы), артиллерион хæйттæ.

Традицион æгъдауæй Сырх Æфсады райгуырæн боныл нымад цæуы 23-æм февраль – уыцы бон райдыдта гарзджын тыхты рæнхъытæм дзыллон æрсидт, фæлæ фактон æгъдауæй Кусæг-зæхкусæгон Сырх Æфсад арæзт æрцыд 1918 азы 28-æм январы Уæрæсейы Федерацийы адæмон къамисарты Советы декретмæ гæсгæ. Афтæмæй, Сырх Æфсадыл сæххæст 100 азы!

Сырх Æфсадмæ истой 18- аздзыдæй. Адæмон къамисариаты декреты дзырдæуы, зæгъгæ, «Сырх Æфсадмæ бацæудзæн ахæм адæймаг, кæцы æппæт  йæ тыхтæ æмæ йæ цард радтынмæ у цæттæ, Октябры революци, Советты æмæ социализмы хицауад рамбулыны тыххæй. Салдаттæм дисау каст, большевикон паддзахад уæлæмхасæй мæйы мидæг 50 сомы кæй фыста, уый. Уый уыд фыццаг  къахдзæф æфсад саразынмæ. 1918 азы уалдзæгмæ æфсады рæнхъыты уыд æрмæстдæр 200 мин адæймаджы, йæ хæстхъомдзинад та уыд хуыздæрхъуаг, уымæн æмæ фронтовикты фылдæр хай сæ хæдзæртты улæфыдысты дунеон хæсты диссæгтæй. Уыцы уавæрты Сырх Æфсады бындурæвæрджытæй иу, æфсæддон æмæ денджызон хъуыддæгты фæдыл адæмон къамисар Лев Троцкий фæндон бахаста æфсад саразыны уæлдай карздæр мадзæлттæм рахизыны тыххæй. 1918 азы 29 июлы адæмон къамисарты Советы декретмæ гæсгæ бæстæйы баконд æрцыд æфсæддон æрсидт, кæцы радта сентябры æмбисмæ Сырх æфсады æфсæддонты  нымæц æрдæг милуан адæймаджы бæрц скæныны фадат. Уыимæ æфсад гъæдджынæй фидар кодта.

Дзыллон æгъдауæй Сырх Æфсадмæ сидтысты, афтæхуыйнæг æфсæддон специалисттæм, ома, паддзахы æфсады афицерты æмæ инæ-лартæм, кæцыты иумиаг нымæц æмбæстагон хæсты рæстæджы уыд 500 мин адæйма-джы бæрц. 1946 азы февралы Сырх Æфсад рацарæзт æрцыд Советон Æфсадмæ, кæцы уæвынад кодта 1992 азы онг.

Сырх Æфсады 100 азы юбилейы бæрæгбоны фæлгæтты УФ-йы хъахъхъæнынады ми-нистрад Мæскуыйы цур Кубинкæйы парк «Патриот»-ы ауагъта алыхуызон тохты масштабон реконструкцитæ. Æрæмбыр-дуæвджытæ федтой Псков æмæ Нарвайы цур тохтæ (1918 аз февраль), Сталинграды тох (1942 азы 17 июль – 1943 азы 2 февраль), Сапун-Хохы (1944 азы май).

Юбилейы цытæн УФ-йы гарзджын тыхты ауагъд æрцыд 100 цытджын мадзалæй фылдæр.

Æрмæгыл бакуыста

Чертхъоты Жаннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.