Цхуырбаты Иринæ махæн у иунæг сылгоймаг-таксист.  Чысыл рæстæгмæ Иринæйæн фæзынд иузæрдион клиенттæ. Сылгоймаг шофырыл иуæй-иутæ фенæууæнк вæййынц,  фæлæ Ирæйыл тынг бацин кæнынц бирæ ныййарджытæ, зæгъгæ, нæ сабиты фæндаг уыдзæн æдасдæр. «Иуæй-иу хатт мæм бæлцæттæ дисгæнгæйæ æрбакæсынц, уымæн æмæ сылгоймаг-таксисттæ тынг стæм сты, уæлдайдæр та нæ республикæйы. Æцæг тынг цъус стæм. Уый тыххæй нæ æмæ сылгоймаг нæлгоймагæй æвзæрдæр скъæры машинæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ сылгоймаг хуыздæр æххæст кæны фæндаджы змæлды фæткойтæ. Нæлгоймæгтимæ абаргæйæ, махæн нæ куыст у æнцондæр æмæ æдасдæр», – банысан кодта Цхуырбаты чызг.

Иринæ аст азæй фылдæр службæ кодта Дзауы районы Уæрæсейаг 4 æфсæддон базæйы материалон ифтонгады ротæйы. «Цæргæ дæр районы мын цы службæйон фатер радтой, уым кодтон. Полигон мæм дард кæй уыд, къахæй цæуын æм бирæ кæй хъуыдис, уый мын  зындзинæдтæ æвзарын кодта, уæлдайдæр та зымæджы. Æмæ уæд сфæнд кодтон машинæ балхæнын. 2013 азы февралы мæйы балхæдтон мæ фыццаг машинæ ВАЗ-2114», – загъта Иринæ. Уæрæсейы æфсæддон базæйæ Иринæ пенсийы рацыд 45 аздзыдæй æмæ дарддæр балæууыд куыстагур. Йæ ныхæстæм гæсгæ йын тынг зын уыдис æгуыстæй æмæ уæд арендæйы райста дзулфыцæн бынат, фæлæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ æхгæд æрцыд цыбыр рæстæгмæ. «Иу афон мӕм мæ сæрыхицау хъазгæйæ æрбадзырдта, зæгъгæ, хӕдтулгӕ скъӕрын зоныс ӕмӕ дам таксистæй бакус. Фыццаг мæм йæ ныхас хъыг фæкаст, фæлæ бирæ фæхъуыдыты  фæстæ сразы дæн уыцы куыстыл.  Афтæмæй 2020 азы ӕз сдӕн таксийы службӕ “Агат”-ы шофыр.  Иу азы онг дзы акуыстон, уый фæстæ рацыдтæн хицæнæй æмæ уæдæй ныры онг кусын сæрибар таксистæй», – радзырдта нын Иринæ.

Кæд таксисты куыст кæнын æддейæ æрбакæсгæйæ æнцон зыны, уæддæр уый бынтон афтæ нæу. Хæдзарон куыстытæ бакæныны фæстæ Ирæ райсом 10 сахатыл рахизы йæ сæйраг куыстмæ æмæ изæры дæс сахатмæ вæййы куыстыл лæуд. «Мæ телефоны ныртæккæ ис æртæ мин контактæй фылдæр. Сæйраджыдæр кусын æрвитæггæгтæ бынатмæ фæхæццæ кæныныл. Ныййарджытӕ мыл тынг фӕцин кӕнынц. Ис мын цалдæр чысыл клиенты, кæцыты æдзух фæкæнын сабидæттæм, спортивон комлекстæм æмæ æндæр бынæттæм». Йæ ныхæстæм гæсгæ йын йæ куыст стыр æхцондзинад хæссы, фæзæгъы, зæгъгæ, шофыры куыст зын у, фӕлӕ пайдаджын.

Ирæ нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ иу ахæм цауыл дæр нæма сымбæлд æмæ йæм йæ бæлцæттæй исчи æнæмбæлон ахаст равдыста, куыд сылгоймаг, афтæ. «Адæймаджы йе ‘ддаг хуызæй нæ фæхатдзынæ цы зæрдæйы уаг ын ис, уый. Æрмæстдæр «уæ райсом хорз» зæгъыны фæстæ шофыр бамбары бæлццонæн хорз зæрдæйыуаг ис æви нæ, уый. Иу цау æрлæууыд мæ зæрдыл: «Северный» микрорайонæй мын зымæгон рæстæджы изæрырдæм ракæнын хъуыд иу нæлгоймаджы Сатихъары хъæумæ. Тынг дымгæ кæй уыд, уымæ гæсгæ мит фæндаг уайтагъд æмбæрзта æмæ мæ развæндаг нал уыдтон. Тынг фæтыхстæн, кæцырдæм ацыдаин, уый нал уыдтон. Мæ бæлццон мын фæхатыд мæ тыхстдзинад æмæ мын уайтагъддæр баххуыс кодта», – мидбылхудгæйæ дзырдта йæ мысинæгтæ Ирæ.

Цхуырбаты Иринæ схъомыл ис Азербайджаны. Уым каст фӕцис астӕуккаг скъола дæр. 1991 азы хӕццӕ рӕстӕджы бинонтӕ раздӕхтысты Хуссар Ирыстонмæ ӕмӕ уал фыццаг ӕрбынат кодтой сӕ райгуырӕн хъӕу Цъорбисы. Уый фӕстӕ балхӕдтой фатер горæт Цхинвалы. Афтӕ райдыдта йӕ цард Хуссар Ирыстоны. Бацыд ХИПУ- мӕ ахуырмӕ, ссардта йӕ амонд. Ирæ схъомыл кодта дыууæ хъæбулы, Вадим æмæ Светланæйы, кæцытæ сæ ныййарджытау сты хæларзæрдæ æмæ куыстуарзаг.

Ирæйæн йæ удыхъæды кой куы кæнæм, уæд ыл бирæ ис дзурæн. Йæ хæларзæрдæ æмæ фæлмæнзæрдæйы тыххæй арæх фæдзурынц йæ хæлæрттæ, хæстæджытæ, сыхæгтæ. «Тынг уарзын адæмимæ ныхас кæнын, таксисты куысты та уымæн фадат æмæ рæстæг ис. Ис мын сæрибар график, мæхи  акурын мæ никæмæй хъæуы, афтæ ма мæ нæ хъæуы алы мæй мыздмæ æнхъæлмæ кæсын», – радзырдта нын Цхуырбаты Ирæ.

КОКАЙТЫ Зæринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.