Раст фыста ирон курдиатджын поэтессæ Хостыхъоты Зинæ, зæгъгæ, «Æз – сылгоймаг, цардаразæг фарн дæн». Æцæгдæр, сылгоймаг у нæ царды фидыц, нæ лæггадгæнæг, цард рæсугъдгæнæг æмæ дарддæргæнæг. Уый нын балæвар кæны, цард кæмæй фидауы, æдзухдæр нæ цин æмæ нæ хъæлдзæгдзинад чи свæййы, уыцы сабийы. Сылгоймаг-мад æдзухдæр фæцæры йæ хъæбулы амондæй, нæ йын вæййы æрæнцой, бирæ æгъуыссæг æхсæвтæ арвиты йæ хъомыл кæныны. Мады æдзухон аудындзинад йæ хъæбулы тыххæй вæййы. Фыццаджыдæр уый фæтыхсы йе ‘нæниздзинадыл, царды алы къабæзты дæр йе ‘нтыстытыл фæцин кæны, арвы æгæрон тыгъдады куы ленчытæ кæнид, уый йæ фæфæнды.

Нæ, сылгоймаг канд хорз мад, хъæбулты хъомылгæнæг нæу. Уый æххæссы царды алы къабæзтыл дæр, йæ зонд æмæ хъаруйы фæрцы дзы кусы æмæ фæллой кæны æмæ уымæй ноджы хъомысджындæр кæны адæмон хæдзарады алы къабаз дæр.

Нæ республикæйы алы къуым дæр хъæздыг у йæ кадджын сылгоймæгтæй æмæ сæ буц æмæ сæрыстыр у алчи дæр. Ахæмтæй цух никуы уыд раздæр азты æмæ абоны бон дæр мæ райгуырæн Къостайыхъæу дæр. Раздæр азты хъазуатонæй куыстой колхозонтæ колхозон быдыртæ æмæ фермæты. Цæвиттон, 1956 азы колхозон Хуыбиаты Еленæ сæкæры цæхæрайы иу гектарæй райста 450 центнеры, Мæлдзыгаты Еленæ – 473 центнеры, Хаситы Еленæ – 638 центнеры æмæ Хуыбиаты Тебро та – 458 центнеры. Фæстæдæр азты куысты хъазуатонтæ уыдысты хъугдуцджытæ Тараты Тамарæ, Гуццаты Маня, Тегкаты Аграфин, Лохты Заретæ æмæ æндæртæ. Фыдыбæстæйон хæсты азты сæ хъаруджын куысты тыххæй «Хъæбатырдзинады куысты тыххæй» майданмæ бавдыст æрцыдысты Мамиты Нуши, Гæбæраты Надеждæ æмæ Тедеты Жадо. Абон дæр хъæуы сылгоймæгтæ хъазуатонæй фæллой кæнынц хисæрмагонд хæдзарадты æмæ уымæ гæсгæ хъæздыг тыллæг æрзайын кæнынц хъæууонхæдзарадон культурæтæй хъæздыг тыллæг, афтæ бæркадджын вæййы сæ хæдзаргæрон зæххы фадыджы дыргъы тыллæг дæр.

Сылгоймаг йе ‘гъдау æмæ йæ лæггадæй фидауы æмæ уыцы хъуыддаджы дæр хъæуы раздæр азты æмæ ныртæккæ дæр дзæвгар хорз æфсинтæ ис. Уыдонæй дæр дзаг уыд æмæ абоны бон дæр æвидигæ у хъæу. Банысан кæнын хъæуы, фæстаг азты фылдæр æлхæнгæ дзулæй кæй пайда кæнынц, фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, хъæуы нырма ис, хиконд дзул фынгыл чи æрæвæры, ахæмтæ. Цæвиттон, уыцы нымæцы фыццæгтæм хауы Джиоты Махъвала.

Хорз æмæ лæггадгæнæг æвзонг сылгоймæгтæй тынгдæр фидауы цард æмæ дзы хайджын у хъæу. Æрмæстдæр иуы тыххæй зæгъын мæ ныхас, уый та у Бæззаты Иринæ. Уымæн йæ сæрыхицау Джиоты Барис (Кеца) цалдæр азы уатон рынчын у, фæлæ йæм йæ чындз тынг хорз кæсы, кæны йын хъæбулы лæггад.

Ныртæккæ хъæуы астæуккаг скъолайы рæзгæ фæлтæры ахуыр æмæ хъомыладыл тынг зæрдиагæй тыхсынц сылгоймаг ахуыргæнджытæ скъолайы директор Плиты Заирæ, Хуыбиаты Зоя, Козаты Валентинæ, Бекъойты Индирæ, Джиоты Маринæ æмæ æндæртæ. Уымæ гæсгæ сæ ахуырдзаутæ раззагонтæ вæййынц алыгъуызон æркастыты æмæ конкурсты.

Цъунары рагæй уæвынад кæны медпункт æмæ дзы намысджынæй фæкуыста бынæттон сылгоймаг Джиоты Къато. Фæстæдæр ацы хъæуы баконд æрцыд хосгæнæн амбулатори, цæрджыты æнæниздзинадыл зæрдиагæй аудынц дохтыр Майсурадзе Мананæ, стæй медицинон хотæ Хъабанты Залинæ, Тадтаты Ларисæ æмæ Мæлдзыгаты Регинæ.

Ахæм у цыбыртæй Цъунар-Къостайыхъæуы раздæры æмæ абоны бон сылгоймæгты хайбавæрд царды алы къабæзты.

Хуыбиаты Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.