Уалдзæджы ‘рбалæудимæ мах фæнысан кæнæм иууыл рæсугъддæр бæрæгбон – Сылгоймæгты æппæтдунеон бон – 8-æм март.

Ирыстоны сылгоймæгтæ дæр 8-æм марты бæрæгбоны райсынц бирæ алыгъуызон зæрдæбын арфæтæ. Ацы аз дæр Сылгоймæгты дунеон боны цытæн РХИ-йы Культурæйы хъæппæрисæй киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд цытджын мадзал. Сылгоймæгтæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты нæ республикæйы къухдариуæгад РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй.

Мадзалы райдианы уал бæрæгбонмæ æрбацæуæг сылгоймæгтыл æмбæлдысты Культурæйы министрады кусджытæ æмæ скъоладзау фæсивæд. Уыдон сын арфæйы ныхæстимæ  мидбылхудгæйæ лæвар кодтой дидинджытæ æмæ Президент Бибылты Анатолийы къухфыстимæ арфæйы гæх-хæттытæ, уыдонимæ зæрдылдарæн лæвæрттæ дæр. Иудзырдæй, алкæцы сылгоймагыл дæр æмбæлдысты цины æнкъарæнтимæ æмæ афтæмæй сæ бынæттæ ссардтой аив фæлыст залы.

Бæрæгбоны цытæн ма фойейы уыд бынæттон нывгæнджыты куыстыты равдыст, цыран сæйраг бынат лæвæрд уыд сылгоймагæн.

Цытджын мадзал байгом мадзаламонæг Хъоцыты Сергейы арфæйаг ныхæстæй, кæцытæ здæхт уыдысты Ирыстоны сылгоймæгтæм. Уый фæстæ сценæмæ фæхуыдтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы. Уый æппæт Ирыстоны сылгоймæгтæн загъта арфæйы ныхæстæ æмæ банысан кодта:

– Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ сылгоймæгтæ! Ацы бонты, æвæццæгæн, Ирыстоны алкæцы нæлгоймаг дæр арфæ кæндзæнис сымахæн уæ бæрæгбон – Сыл-гоймæгты дунеон боны цытæн. Абон мах нысан кæнæм рæсугъд, уалдзыгон бæрæгбон æмæ уый та хуыйны 8-æм марты бæрæгбон. Ацы бæрæгбон, абон ыл куыд рæсугъдæй æмбæлут, афтæ рæсугъд уæ царды алыхатт нæ уыдис. Æмæ мах хъуамæ бæрæгбоны цытæн ссарæм рæсугъд, уæхи аккаг ныхæстæ. 1989-æм азы сымах уæхимæ райстат уыцы стыр æмæ уæззау уаргъ, кæцы йæ уæз æруагъта Ирыстоныл. Сымах арæзтат митингтæ, цæмæй дунеон æмæхсæнады хъусдард раздахат Ирыстоны сæвзæргæ проблемæтæм. Сымах-иу ацыдыстут Мæскуымæ, цæмæй фехъусын кодтаиккат рæстдзинад. Сымах ахуыр кодтат нæ рæзгæ фæлтæры, ахуырдзау фæсивæды уазал æмæ æвадат кълæсты. Æрхастат-иу сугтæ æмæ-иу схъарм кодтат сывæллæтты. Сымах алы хатт дæр уыдыстут нæ фарсмæ, нæлгоймæгты фарсмæ æмæ уæ ныхасæй, уæ бахудтæй, уæ цæстæнгасæй разæнгард кодтат нæл-гоймæгты æмæ афтæмæй æмхуызонæй бахъахъхъæдтам нæ бæстæйы. Уый тыххæй бирæтæ хорзæхджын æрцыдысты паддзахадон уæлдæр хорзæх  орден «Уацамонгæ»-йæ. Сымах уæ хæлардзинадæй батавтат нæлгоймæгты зæрдæтæ æмæ абон ахæм сæрибар бæстæйы фæллой кæнæм рухс фидæн аразгæйæ. Сымах фæрцы нæ царды алы фадыджы дæр ис фæтк æмæ æгъдау, фарн æмæ бæркад æмæ уын зæгъын стыр бузныг, кад æмæ уын цыт, нæ зынаргъ сылгоймæгтæ! Абон æз сымахæн мæ сæрæй ныллæг кувын, ут нын кæддæриддæр æнæниз, æнæмаст. Царды цыдæриддæр хæрзиуджытæ ис, уыдонæй та кæддæриддæр хайджын ут. Цард æй куыд равдыста, уымæ гæсгæ сымах иууылдæр стыр арфæты аккаг стут æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй уæ цæсгæмттыл кæддæриддæр уа мидбылхудт. Нæ республикæйы æппæт нæлгоймæгты номæй дæр уын зæгъын арфæйы ныхæстæ. Зынаргъ, сылгоймæгтæ кæд-дæриддæр хъæлдзæгæй æм-бæлут уæ уалдзыгон рæсугъд æмæ хъæлдзæг бæрæгбон – 8-æм мартыл», – дзырдта Бибылты Анатоли.

Бæрæгбоны цытæн ма сылгоймæгтæн музыкалон лæвæрттæ кодтой нæ республикæйы популярон зарæггæнджытæ. Уыдон æхсæн уыдысты Сланты Ацæмæз, Тасойты Игорь, Санахъоты Алан, Æлборты Малхаз, Æлборты Владимир æмæ æндæртæ. Цытджын мадзалы ма сылгоймæгты сæ юмористон сценкæтæ æмæ æмдзæвгæтæй бахъæлдзæг кодтой нæ горæты гимназ «Альбион»-ы ахуыргæнинæгтæ. Поэт Зассеты Мерабы фыст æмдзæвгæ «Мады зæрдæ» аив бакаст йæ фырт Зассеты Максим. Хаджеты Таймуразы æмдзæвгæ «Сылгоймагæн» бакаст журналист Карсанты Гурам. Колыты Аксойы номыл Аивæдты лицейы ахуыргæнинаг Бибылты Ацæмæз йæ мады номæй æппæт Ирыстоны сылгоймæгтæн арфæйы ныса-нæн пианинойыл ацагъта ирон композитор Магкоты Ацæмæзы уацмыс «Концертное рондо», зæгъгæ.

Мадзалы кæрон та зынаргъ сылгоймæгтæн арæзт æрцыд фуршет, цыран хъæлдзæгæй ссардтой бæрæгбоны ном.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.