Хуссар Ирыстоны стыр мит кæй æруарыд, уый кæд сывæллæттæн циндзинад æрхаста, уæд коммуналон службæтæн та – проблемæтæ. Хуылыдз, уæззау миты фæстиуæгæн аскъуыдысты электрон телтæ Ленингор æмæ Дзауы здæхтыты.

Ацы проблемæйыл оперативон æгъдауæй æруынаффæ кодтой 5-æм декабры рауæрхæгонд æмбырды РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доментийы къухдариуæгадæй.

Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты сæрдар Дзассеты Васили куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Дзауы электроадæттæн хаххыл электроифтонгад æндидзыд æрцыд.

Паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс – Хуссар Ирыстон» æмæ РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады минæвæрттимæ иумæ æххæст цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ Ленингоры электроадæттæн хаххыл. Уым сбæрæг кодтой дыууæ аварион фадыджы, уыдонæй иу æндидзыд æрцыд, дыккаг фадыгмæ бахизын у зын, уымæн æмæ уым миты бæрзæнд у иу метр æмæ æрдæджы бæрц.

«Мах аразæм æппæт дæр, цæмæй Ленингоры здæхты электроадæттæн хаххы авари иуварсгонд æрцæуа. Йæ зындзинад ис уый мидæг, æмæ аварион фадыг кæй ис бæрзонд хæххон зонæйы, Орбозалайы æфцæджы районы. 5-æм декабры уырдæм ацыдысты митыцæуæн техникæ, аварион фадыгмæ фæндаг асыгъдæг кæныны тыххæй хъæуы специалон техникæ. Куыддæр нæ бон бауа аварион фадыгмæ бацæуын, афтæ æндидзыд æрцæудзæн электорадæттæн хахх», – банысан кодта Дзассеты Васили.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.