Фæстаг азты бирæ аналитиктæ æмæ экспертты хъусдард здæхт у Хуссар Ирыстоны цаутæм. Анализ æвдисы, зæгъгæ, республикæйы къухдариуæгады курс у раст, æнтыстджынæй скъуыддзаг цæуынц снысангонд плæнттæ æмæ регион цæуы социалон-экономикон рæзты ног арæнтæм.

Президент Тыбылты Леонид æрвылкъуыри дæр сæрмагондæй йæхæдæг бабæрæг кæны районты, контроль кæны арæзтадон объекттыл, адæмимæ ныхасы кæныны рæстæджы сын лæмбынæг сахуыр кæны сæ проблемæтæ, æмæ сæ, гæнæнуæвгæйæ, аскъуыддзаг кæны бынаты максималон бæрндзинадимæ, уымæн æмæ уый нæ уарзы æнæхъуаджы ныфсæвæрдтытæ. Афтæ домы йæ дæлбар кусджытæй дæр.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ республикæйы дарддæры рæзтæн æвæрд кæй æрцыдысты бындуртæ, æмæ, æндæр регионты фæлтæрддзинадыл æнцой кæнгæйæ, Хуссар Ирыстоны фадæттæ хынцгæйæ, боны фæткы æндæр фарстаты æмрæнхъ сты уыцы фарстытæ дæр, кæцытæ сты республи-кæйы цæрджыты фæрныг царды æмæ ног гæнæнты тыххæй, цæмæй регионы алы цæрæг дæр йæхи æнкъара хъæуæг адæймагыл. Рæстæг цæуы, æмæ адæй-магады раз слæууынц ног æмæ ног хæстæ. Абон инвестициты тыххæй регионты ‘хсæн конкуренци тынг стыр у. Президент Тыбылты Леонид сæрмагондæй йæхæдæг фембæлы стыр бизнесментæ, егъау компаниты минæвæрттимæ, æмæ куысты ацы формæйæн цыбырдæр рæстæджы вæййы бæрæг фæстиу-джытæ.

Ныртæккæ Хуссар Ирыстоны экономикæйы структуризацийы ахсджиагдæр бындур, æмархайд сифтонг кæнын сты интеграци æмæ модернизаци. Республикæ тырны активон æгъдауæй бизнес æмæ хицауиуæгады структурæты ‘хсæн фидар æмæ æууæнкджын ахастытæ рæзын кæнын, кæцытæ æнцондæр кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны экономикæмæ бизнесы æрбацыд. Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй финансон æххуыс уый нæ нысан кæны, æмæ Хуссар Ирыстоны адæм æппынæдзух хъуамæ цæрой даринаджы уавæры, Тыбылты Леонид æрвылбон дæр кусы регионы экономикон рæзтыл, дунеон æмæхсæнадмæ Хуссар Ирыстоны динамикон интеграцийыл.

Ацы аз февралы мæйы Леонид Харитоны фырт журналисттитмæ йæ фембæлды рæстæджы загъта: «Абон Хуссар Ирыстоны адæм æвдисынц сæ бузныгдзинад Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæн се ‘ххуысы æмæ республикæйы хæдбардзинад банымайыны тыххæй. Æмæ кæд куыстуæттæ иууылдæр уыдысты æдзæллаг уавæры, уæддæр республикæмæ ис хæдхъом рæзты фæлтæрддзинад. Хуссар Ирыстон у хъæздыг культурон-историон бынтимæ, архитектурæйы цыртдзæвæнтимæ регион. Мах хъуамæ спайда кæнæм æрдзон ресурстæй, рæзын кæнæм туризм, кусын кæнæм экскурсион маршруттæ.

2017 азы регионы рæзты Програм-мæмæ хаст æрцыд фылдæр фарстытæ, кæцытæ хауынц хъæуæн баххуыс кæнынмæ, социалон инфраструктурæ, хъæууон хæдзарады рæзтмæ. Уырдæм ма хауынц техникæ, тауинæгтæ, хъацæнтæ самал кæныны фарстытæ дæр. План кæнын республикæйы дарддæры рæзты фарстытыл цæрджытимæ æруынаффæ кæнын. Мæ хæс у, ныридæгæн ацы этапыл мидæггагон резервтæ агурын. Нæ разы æрæвæргæ нысæнттæ среализаци кæныны тыххæй æрбакæн-дзынæн алыгъуызон адæймæгты-ахуыргæндты, дохтырты, ахуыргæнджыты, амалиуæггæнджыты, экономист-ты». Уый фæдыл мæ æхсызгонæй банысан кæнын фæнды уый, æмæ Леонид Харитоны фырт æппæт чиновникты раз кæй æвæры къухдариугады системæ раст аразыны хæс, разы æрæвæргæ хæстæ скъуыддзаг кæнын, адæммæ раздæхын, ныфсæвæрдтытæ нæ сæххæст кæныны практикæ бындзарæй скуынæг кæнын. Гæнæн ис банысан кæнын, зæгъгæ, Тыбылты Леониды къухдариуæгады бын Уæрæсейы Федерацийы æххуысы руаджы Хуссар Ирыстон сбæрæг кодта суверенон паддзахады рæзты курс, æмбæстагон æхсæнад саразын.

Ацы аз 26-æм августы Хуссар Ирыстоны банысан кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны бон, куыд сæйраг бæрæгбонтæй сæ иу, афтæ. Леонид Харитоны фырт йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, аст азмæ республикæйы æнтыстытæм кæсгæйæ фидарæй зæгъæн ис, Хуссар Ирыстон раст фæндагыл лæуд кæй у æмæ нæ фæнд кæны уыцы фæндагæй иуæрдæм аздæхын.

28-29 августы Мæскуыйы фонд «Русский мир»-ы инициативæмæ гæсгæ уагъд æрцыд форум «В единстве с Россией», цыран хайад райстой дунейы 97 бæстæйæ 350 адæймаджы бæрц. Форумы хайадисджыты раз йæ раныхасы Леонид Харитоны фырт банысан кодта, зæгъгæ, 2008 азы Хуссар Ирыстоны хъысмæты Уæрæсейæн уыд ахсджиаг нысаниуæг, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны цæрджытæ стыр ныфсимæ Цхинвалы æнхъæлмæ кастысты уæрæсейаг æфсадмæ. Уый нæ адæмæн уыд цард æмæ мæлæты фарста. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ форумы Тыбылты Леониды раныхас дзурæг кæй у йæ архайды стыр нысаниуæгыл æрмæст Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ глобалон масштабы дæр. Политолог, информацион технологитæ «Интеллектуальные ресурсы»-йы центры директор Дзугаты Къоста нысан кæны, зæгъгæ, авторитетон æхсæнадæмон форумы хуссарирыстойнаг президенты хайадист у, «Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастытæн цы стыр аргъ кæнынц, уый æвдисæн».

Форумы Дмитрий Медведев раарфæ кодта Тыбылты Леонидæн æмæ  банысан кодта дыууæ паддзахады æрбаввахсдæр кæныны хъуыддаджы йæ хайбавæрды тыххæй. «Æхсызгон мын у, Хуссар Ирыстон кæй рæзы, уый. Мах 2008 азы цы идеятыл тох кодтам, уыдон сæфт не сты, æмæ нæ бæстæтæ, адæмтæ дарддæр æввахсдæр кæнынц. Æмæ иннæ хъуыддæгтæ та сты нæхи къухты, нæхицæй аразгæ сты. Мæ зæрдæ дын зæгъы æн-тыстытæ. Хуссар Ирыстоны адæмæн та мæ номæй радт зæрдиаг салæмттæ», – загъта Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведев æмæ сразы ис Тыбылты Леониды фæндоныл Хуссар Ирыстонмæ балцы æрцæуыны тыххæй.

Уæлдæр загъдгонд ныхæстæм гæсгæ, гæнæн ис зæгъæн, æмæ Тыбылты Леониды фæндвидар архайдтытæн ис скъуыддзаггæнæн нысаниуæг Хуссар Ирыстоны эконо-микæйы сæйраг фадгуыты рæзтæн, республикæ куыд регион, афтæ кæны зæрдæмæ-дзæугæдæр æхсæнадæмон æмгуыстадæн, кæцы царды биноныг кæндзæн масштабон проекттæ.

Ацы фарстытæ иууылдæр скъуыддзагонд æрцæудзысты.

Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмæн, Леонид Харитоны фыр-тæн нæ зæрдæ зæгъы дарддæры æнтыстытæ.

САСИТЫ Леонид,

педагогон зонæдты

кандидат,

газет «Свободный взгляд»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.