Кæстæр хорз схъомыл кæныны тыххæй кæд бирæ зындгонд адæймæгтæ æмæ ахуыргæндтæ загътой сæ хъуыдытæ, уæддæр алы сывæллон дæр хъомыл кæнын хъæуы индивидуалонæй. Уымæн æмæ алы рæзинаг дæр, кæд нырма вæййынц хæрз чысылтæ, уæддæр сын вæййы сæхи миниуджытæ æмæ сæ алкæимæ дæр архайын фæхъæуы йæхирдыгонау. Мæнгæй нæ фæзæгъынц, зæгъгæ, сывæллон талайæ хъауджыдæр нæу, кæцырдæм æй атасын кæнай, фæндаг ын кæцырдæм ацамонай, уыцырдæм фæраст уыдзæнис. Кæй зæгъынæй хъæуы, хъомылкæнæгæй раздæр чи хъуамæ рахата сабийы миниуджытæ æмæ сабийы раст фæндагыл цайдагъ кæныны сæраппонд фылдæр рæстæг чи ссары, хъомылгæнæджы раз цы хæстæ ис, уыдон æххæст кæнынмæ чи нæ базивæг кæны, уымæн фæстæдæр йæ фыдæбæттæй барухс вæййы йæ зæрдæ.

Ахæм ныхæстæ зæгъæн ис нæ горæты цæрæг, кæстæр хъомылгæнæг Туаты Алесяйæ. Уый кæд бонæн йæ фылдæр рæстæг вæййы куысты, уæддæр рæстæг ары хæдзарон куыстытæ æххæст кæнын, кæстæрмæ кæсынæн. Æмæ уыдон та, мыййаг, цъус не сты, уæлдайдæр та кæстæр иунæгæй куы хъомыл кæнай, уæд.

Куыд алы хъомылгæнæджы, афтæ Алесяйы бæллицтæ æмæ тырнындзинæдтæ дæр сты, цæмæй йæ хъæбул рæза æнæнизæй æмæ суа йæ адæмæн аккаг æмбæстаг. Ныридæгæн бæрæг у, уыцы тæхудиаджы миниуджытæн хорз бындур æвæрд кæй цæуы, уый. Янæйыл бæрцæй  цæуы 12 азы, фæлæ ныридæгæн зындгонд у нæ горæты цæрджытæй бирæтæн. Уый æххæст кæны куыд оперон, афтæ лирикон зарджытæ дæр. Ныридæгæн хайад райста нæ республикæйы бирæ  аивадон конкурсты, хорзæхджын æрцыд Кады грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Уымæй дарддæр ма, Янæ арæх хайад райсы бæрæгбонон концертты.

Янæ райгуырд нæ горæты.  Фыццаг къахдзæфтæ цы бинонтæ, хæстæджытæ æмæ сыхæгты ‘хсæн базыдта, уыдон дæр зæгъынц, зæгъгæ Янæ йе ‘мкарæнтæй æппындæр ницæмæй хицæн кæны, фæлæ уыдонау уарзта æмæ уарзы, цы къуымы райгуырд уый, ома, се ‘хсæн уæвын. О, фæлæ куыд алы æвзонг, уæлдайдæр та чызг, афтæ Янæ дæр цыфæнды ма араза, уæддæр райхъуысы йæ зарын, фæзмæгау кæны зындгонд артистты. Йæ мад рахатыд, йæ зæрдæмæ тынг чи цыд, уыцы миниуæг – йæ зæлланг хъæлæс. Мад йæхæдæг Паддзахадон ансамбль «Симд»-ы артисткæ кæй у, уый тыххæй рагæй фæнд кодта йæ чызджы кафджыты къордмæ барвитын, фæлæ аивта йæ фæнд æмæ иу бон балæууыдысты нæ горæты дыккæгæм музыкалон скъолайы ахуыргæнæг Сиукъаты Тамерланы раз. Тамерлан тагъд никуы ницæуыл бакæны æмæ та ныр дæр, цалынмæ Янæмæ цалдæр хатт байхъуыста, уæдмæ зæгъгæ дæр ницы кодта. Чызджы хъæлæсы миниуджытæ куы бамбæрста æмæ банкъардта, уæд æм цы ныфсы хъуыдытæ сæвзæрд, уыдон раргом кодта æмæ сын загъта, зæгъгæ, абонæй фæстæмæ кусдзыстæм иумæ.

Иу хорз миниуæг, дам, кæмæ уа, уый,  дам, æндæр хъуыддæгты дæр фæстæ нæ лæууы. Ахæм ныхæсты аккаг у Янæ. Уымæн æмæ, йæ мад куыд загъта, уымæ гæсгæ Янæ хæдзары æппæт куыстытæ æххæст кæнынмæ дæр у рæвдз.

Янæ ахуыр кæны Колыты А. номыл Паддзахадон аивæдты лицейы 6-æм къласы æмæ ам дæр йæ хъуыддæгтæ цæуынц хорз. Кæд иттæг хорз нысæнттыл нæ ахуыр кæны, уæддæр йæ разы æвæры хæс, цæмæй йын уа æнтыстытæ.

Янæ кæд нырма у чысыл, уæддæр йæ хъуыдытæ сты дардыл. Куы йæ афарстон цы предмет фылдæр уарзыс æмæ цæмæн, уæд мын афтæ загъта, зæгъгæ, мæ англисаг æвзаг   нырæй фæстæмæ хъæудзæнис тынгдæр æмæ фылдæр рæстæг дæр хардз кæнын уый базоныныл. Янæ ма йæ гæрзтæ бæтты италиаг æвзаг сахуыр кæнынмæ дæр. Уырны нæ уый дæр ын кæй бантысдзæнис æмæ йе ‘нтыстыты тыххæй абон нæ, фæлæ ма нырæй фæстæмæ дæр кæй фысдзыстæм.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.