Хетæгкаты Къоста йæ иубæстон адæмæн цы хъæздыг бынтæ, диссаджы сфæлдыстад ныууагъта, уыдон æнустæм баззайдзысты стыр хæзнатæй, нæй сын сихсийæн, уыдзысты сын рухс цардмæ, сомбонмæ фæндагамонæг. Ахæм вæййы гени, уымæн йе сфæлдыстад цæры æнустæм æмæ йæ радтæг адæмæн вæййы хæзна. Стыр хæзна та вæййы æвидигæ, бæрцæй йын сбарæн нæ вæййы. Мах, ирон адæмæн Къостайы чысыл, фæлæ стыр фæллой – «Ирон фæндыр» у цыкурайы фæрдыгау æмæ йæ æфснайæм, аргъ æмæ йын кад кæнæм йе ‘нусондзинады тыххæй. Къостайы сфæлдыстад нæ уæнгты хизы алы бон дæр, фæлæ уæлдай тынгдæр фæцин кæнæм 15-æм октябры боныл. Уæд райгуырд нæ гени, уæд фæзынд Ирыстоны арвыл ног стъалы. Æмæ æрттивы сæууон стъалыйау, рухс нын кæны нæ фæндаг, нæ цард. Хетæгкаты Къоста алы ирон адæймагæн дæр зынаргъ у, æмæ йын æрвылаз дæр цытимæ фæбæрæг кæнæм йæ райгуырды бон.

Республикон библиотекæйы ирон хайады кусджытæ дæр ацы боныл сæмбæлынц цины æнкъарæнтимæ æмæ йын фæмысынц йæ рухс ном. Ацы хатт дæр та Иры сæрхъызойы кадджын бонмæ бацæттæ кодтой равдыст æмæ дзы сты поэты æндæр æмæ æндæр азты уагъд æмбырдгæндтæ, стæй ма йе сфæлдыстады тыххæй хицæн авторты уагъд чингуытæ æмæ уацтæ, йæ къамтæ. Чиныгкæсджытæ ам фендзысты Хъулаты Хъуыбадыйы «Ирон адæмы стыр поэт», «Ирон фæндыр»-ы æндæр æмæ æндæр азты рауагъдтæ, Чехойты Оляйы «Ирон адæмы стъалы», Виктор Кравченкойы «Коста, сын Леуана» æмæ æндæртæ. Æрбацæуæг кæсджытæм къаддæр цымыдис нæ сæвзæрын кæндзысты стыр поэты конд нывтæ дæр. Къулыл конд сты, Къостайы къухæй цы нывтæ рантыст, уыдон ахæм сæргондимæ: «Къоста – нывгæнæг», зæгъгæ. Сты дзы «Æрдзон хид», «Хъыггæнæг зæд», «Цæлыккаты Аннæйы сурæт», «Ирон хæдзары», «Зикъарайы æфцæг», «Донхæссæг» æмæ æндæртæ. Ацы куыстытæ бацæттæ кæныныл зæрдиагæй бацархайдтой хайады сæргълæууæг Сланты Заирæ йе ‘мкусджытимæ.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.