2018 азы 20 февралы Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знаур Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур Дипломатон академийы ректор Евгений Бажановы хуындмæ гæсгæ хайад райста, УФ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар, Уæрæсейы Федерацийы æдзухон минæвр Иугонд Нациты Организацийы æмæ Иугонд нациты организацийы Æдасдзинады Советы Виталий Чуркины мысæн боны сæраппонд цы конференци  уагъд æрцыд, уым.

Виталий Чуркины хъуыды кæнынц æмæ уарзынц Иугонд Нациты Организацийы. Уый тыххæй конференцийы загъта Уæрæсейы Федерацийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Чуркин уыд курдиатджын æмæ уæндон адæймаг, зынгæ дипломат.

Конференцийы ма хайад райстой æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл Федерацийы Советы Комитеты Сæрдар Константин Косачев,  УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Александр Панкин, УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады департаментты директортæ, Фæсарæйнаг паддзахадты ми-нæвæрттæ, зынгæ уæрæсейаг дипломаттæ, ахуыргондтæ æмæ журналисттæ.

«Йæ куысты иууыл зынгæдæр бонтæ сты сæрмагонд минæвар куы уыд Балканты æмæ стыр хай кæй бавæрдта Балканты кризис æрбæстон кæныны хъуыддаджы, афтæ ма Босни  æмæ  Герцеговинæйы  сконды Республикæ

Сербийы закъонон бартæ сифтонг кæныны», – загъта Лавров

Владимир Чуркин, министры ныхæстæм гæсгæ, йæхи æххæстæй равдыста Иугонд Нациты Организацийы æдасдзинады Советы. Йæ ном ахъæр ис рабадтыты рæстæджы йæ ирд хъусынгæнинæгтæ æмæ прессæйæн йæ комментаритæй.

Гасситы Знауыр йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, уæрæсейаг дипломаты æнæрæстæджы фæзианыл стыр хъыджы æнкъарæнтимæ сæмбæлдысты Цхинвалы, уый сæ алкæмæн дæр уыдис æввахс, хионы хуызæн.

«Хуссар Ирыстоны трагикон бонты  куы мардысты сабыр цæрджытæ, æмæ уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхты хæстонтæ, уæд хуссарирыстойнаг адæм се ‘ргом аздæхтой æфсымæрон Уæрæсемæ, йæ уæзгæ ныхасмæ. Æмæ уыцы ныхас та айзæлыд Виталий Иваны фырты хъæлæсæй», – загъта Хуссар Ирыстоны минæвар.

«Стыр эрудицийы хицау, Виталий Чуркин зыдта, кæй тох кæны стыр аланты цивилизацийæ æрбацæугæ адæмы сæраппонд. Зыдта уый дæр æмæ историйы зындæр азты, уырыссаг-туркаг, уырыссаг-япойнаг, фыццаг æппæт дунеон, Стыр Фыдыбæстæйон хæстыты азты ирон адæм кæй хъахъхъæдтой нæ иумæйаг Райгуырæн зæхх», – загъта Гасситы фырт.

Йæ раныхасы кæрон хуссарирыстойнаг минæвар загъта: «Хуссар Ирыстоны стыр кад æмæ хъарм тæлмæнтимæ зæрдыл дардзысты Виталий Чуркины рухс ном. Уый у, Райгуырæн бæстæ куыд хъæуы уарзын, уды сконды тыхы бæрзонддзинад æмæ æнæбасæтгæ хъомысы цæвиттон. Бузныг Виталий Иваны фырт Чуркинæн!»

Виталий Чуркин йæ амæлæты фæстæ  хорзæхджын æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны уæлдæр паддзахадон хорзæхæй, стыр бавæрд кæй бахаста æхсæнадæмон ахастыты нациты æмæ адæмты рæстдзинады æмæ æмбарады бартæ фидар кæнынмæ, афтæ ма стыр хай кæй бавæрдта Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад сфидар кæныны хъуыддагмæ йе стыр бавæрды тыххæй…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.