2015 азы нæ республикæйы территорийыл уагъд æрцыд цæрджыты Æппæтиумиаг сфыст. Мадзал уагъд æрцыд, дыууæ азы размæ Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны Статистикон управлениты ‘хсæн цы бадзырд фыст æрцыд, уый бындурыл. Уыцы бадзырд среализаци кæныны къахдзæфтæй иу у цæрджыты иумиаг сфыст ауадзын.

Æппæтиумиаг сфыст ауадзыны фæстиуджыты фæдыл Статистикон управлени рауагъта чиныг «Сводные итоги». Уырдæм хаст æрцыдысты 2015 азы цæрджыты Æппæтиумиаг сфысты бæрæггæнæнтæ.

Цæрджыты иумиаг сфыст ауадзыны фæдыл активон куыст цы къорд кусджытæ бакодтой, уыдоны Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид схорзæхджын кодта цытджын уавæры.

Хайад дзы райстой Хицауады Сæрдары хæдивджытæ Пухаты Эрик æмæ Козаты Димитр. Афтæ ма Æппæтиумиаг сфыст ауадзыны фæдыл къамисы уæнгтæ Джиоты Мурат æмæ Санахъоты Сергей.

Бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы цæрджыты сфыст ауадзыны фæдыл кæй æрцыд серьезон æмæ бæрнон куыст. Уымæй  дæр, зæгъ,  нæ бæстæйы ног историйы ахæм куыст бакондæуыд фыццаг хатт. Фæстаг хатт цæрджыты ахæм сфыст  уагъд æрцыд 1989 азы.

Æппæтиумиаг сфыст ауадзыны фæстиуджытæм гæсгæ абоны онг республикæйы территорийыл цæрджыты нымæц у 53 532 мин адæймаджы.

«Бахынцын хъæуы уый дæр æмæ хæстон архайдтытæ куынæ уыдаиккой, уæд нымæц бæрзонддæр уыдаид, уымæн æмæ уый размæ нымадæуыд 98 мин æмбæстаджы. Бирæ адæм хæсты фæстиуæгæн фæлыгъдысты хуыздæр цардагур Хуссар Ирыстонæй – уый бандæвта цæрджыты нымæцыл дæр», – дзырдта Президент.

Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ Хуссар Ирыстоны гуырынад бæрзонддæр у мæлынадæй. Уымæй саразæн ис ахæм хатдзæг, æмæ бæстæйы кæй цæуы æвæрццаг ивындзинæдтæ. Тыбылты Леонид бузныгæй баззад къамисы уæнгтæй, цæрджыты сфыст ауадзыны чи куыста, æппæт уыдонæй, сæ цæсгомджын куысты тыххæй, уымæн æмæ æппæт куыстытæ дæр уагъд æрцыдысты уæвæг дунеон фæткы фæлгæтты. Тыбылты Леониды ныхæстæм гæсгæ бакæнгæ куысты фæстиуæг ссис уый, æмæ æппæт дунейæн кæй фенын кодтам, чи у Хуссар Ирыстон, æрмæст нымæц-мæ гæсгæ нæ, фæлæ нæ бон кæй у дарддæр дæр нæ цард биноныг кæнын.

«Дунеон æмæхсæнадæн мах фенын кодтам, ныртæккæ цы реалитæ уæвынад кæны, уыдонимæ æмразы кæй хъуамæ уæм.

Æппæтиумиаг сфысты фæстиуджытæм гæсгæ цы чиныг уагъд æрцыд, уый бæстæйы сæргълæууæг банымадта паддзахадæн нысаниуæгджыныл.

Цæрджыты Æппæтиумиаг сфыст ауадзыны фарстыты фæдыл æххæстбарджын Бæззаты Тенгизы рухс ном ссарыны фæдыл Президент загъта мадзалы хайадисджытæн,  зæгъгæ, уый уыд бæстæйы æцæг патриот, фæлæ, хъыгагæн, хъысмæт адæммæ æгæр карз равдисы йæхи.

Республикæйы паддзахадон Статистикон управленийы сæргълæууæг Тыбылты Инал бузныг загъта бæстæйы сæргълæууæгæн сфыст ауадзыны рæстæджы йæ æдзухон хъусдард æмæ стыр æххуысы фæдыл.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты Æппæтиумиаг сфысты фæстиуджыты фæдыл чиныджы фыст æрцыдис лæмбынæг информаци республикæйы цæрджыты нымæц, кæм цæрынц, районтæм гæсгæ хицæнæй, цæрджыты æрдон сконды фæдыл, архайды æмвæзад æмæ афтæ дарддæр. Банысан кæнын ма хъæуы иу историон факт, кæцы хаст æрцыд чиныгмæ – уый у цæрджыты ахуырад сбæлвырд кæныны ратæдзæнтæ», – загъта уый. Йæ ныхæстæм гæсгæ цæрджыты сфыст уагъд цыд иууыл карздæр дунеон нормæтæ æмæ стандарттæм гæсгæ. Уыцы ахсджиаг хъуыддагмæ сæ хъус дардтой нæ коллегæтæ Уæрæсейы Росстатæй – æнгæс мадзæлттæ уадзыны фæдыл бæрзонд категорийы специалисттæ хынцыдтой  сфыст уагъд цæуыны фæдыл æппæт нормæтæ æмæ стандарттæ.

Тыбылты Инал куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ æввахс рæстæджы ацы чиныджы уæвæг информаци лæвæрд æрцæудзæн æхсæнадæмон дунеон организацитæн. Ныридæгæн дæр бирæ æхсæнадæмон сайттæ æмæ форумтæ пайда кæнынц, махмæ цы информаци ис, уымæй, æгæрыстæмæй, нæм бынтон хорз зæрдæ чи нæ дары, уыдон дæр.

Паддзахадон статистикон управленийы сæргълæууæг дæр банысан кодта ацы сфысты стыр нысаниуæг. «1989 азы сфысты бæрæггæнæнтæ дæр ахсджиаг сты, фæлæ нырыккон историйы нæй æмæ нæ уыд ахæмтæ – ныр цы бæрæггæнæнтæ æмбырд æрцыд – уый историон момент у», – банысан кодта Тыбылты Инал.

Джиоты Мурат йæ раныхасы уый лæм-бынæг хъусдард аздæхта къамисы куыстмæ – уый стыр хæрзиуæгон хъуыддаг у республикæйæн æмæ йæ цæрджытæн.  Чиныджы ахсджиагдзинад та уый мидæг ис, æмæ цæрджыты сфыстыл чи бакуыста, уыдоны фæллой хаст æрцыд чиныгмæ æмæ дзы æвдыст у  демографион уавæры алыварсондзинад.

РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик дæр банысан кодта Статистикон управленийы уæхскуæзæй куыст куыд горæты, афтæ районты дæр. Уæ куыст, зæгъгæ, ахсджиаг у нæ бæс-тæйы дарддæры социалон-экономикон райрæзты программæтæ аразыны хъуыддагæн.

Хъæууонхæдзарадон сфыст ауадзын нæ республикæйы территорийыл куыд специалист, афтæ банымадта æнæмæнгхъæ-уæгыл.

Уый фæстæ уагъд æрцыд хорзæхтæ дæттыны æхсызгон церемони. Ордентæ, Майдантæ, Кады грамотæтæй хорзæх-джын æрцыдысты цæрджыты Æппæт-иумиаг сфысты къорд хайадисæджы.

Хæлардзинады орденæй та йæ мæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой Бæззаты Тенгизы.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.