Абон, 20 æм сентябры, Хуссар Ирыстон нысан кæны куыд паддзахад, афтæ йæ райрæзты историйы æппæты ахсджиагдæр бæрæгбонтæй сæ иу – Республикæйы бон. 20 сентябры 1990 азы Хуссар Ирыстоны автономон областы адæмон депутатты Совет æхсæнады æмæ интеллигенцийы минæвæрттимæ иумæ райстой ССР Цæдисы сконды Хуссар Ирыстоны Советон Демократон республикæ расидыны тыххæй Деклараци. Ацы ахсджиаг къахдзæф ист æрцыд Гуырдзыстоны къухдариуæгад Хуссар Ирыстон æмæ ирон адæмы ныхмæ æнæзакъонон тыхон архайдтыты фæстиуæгæн, æмæ ссис Ирыстоны хæдбардзинадмæ фыццаг къахдзæф.

Ацы ахсджиаг бæрæгбоны тыххæй студентон фæсивæд цы хъуыды кæнынц æмæ йын цы нысаниуæг дæттынц, стæй сæ мысынады куыдæй  баззад, уый тыххæй нын блиц-æрфарсты рæстæджы загътой  сæ хъуыдытæ:

Гæбæраты Элинæ, ХИПУ-йы экономикæйы факультеты 5-æм курсы студенткæ:

– Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы бон нæ историйы ахсы ахсджиаг бынат. Æз мæ ный-йарджыты ныхæстæй куыд зонын, афтæмæй мæ нанайы мады, авдæны саби ма куы уыд, уæд æй йæ мад йæ уæхсджытыл хæхтыл фæхаста йæ иннæ сабитимæ Цæгат Ирыстонмæ – лыгъдысты Гуырдзыстон ирон адæмы ныхмæ 20-æм азты геноцид куы расидтысты, уæд.  Уыдон сты 100-азон историон факттæ æмæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, афтæ ма уыдаид дарддæр дæр, ацы деклараци ист куы нæ æрцыдаид æмæ Ирыстон Гуырдзыстонæй куынæ ссæрибар уыдаид, уæд. Мæ сабибонтæй фæстæмæ хъуыды кæнын, ацы бæрæгбон, куыд æппæты хъæлдзæгдæр æмæ ирддæр бæрæгбон, афтæ. Æмæ нын кæй ис ахæм райдзаст бон, уый тыххæй мæ фæнды бузныг зæгъын, чидæриддæр йæ сырæзты тыххæй йæ хайбавæрд бахаста, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Афтæ ма мах кæддæриддæр хъуамæ мысæм, нæ абоны рæсугъд царды тыххæй йæ цард чи рауæлдай кодта, уыцы фæсивæды нæмттæ. Ныртæккæ нæ республикæ сарæзта бирæ къахдзæфтæ, цæмæй махæн, æрыгон фæсивæдæн, уа хорз фидæн сыгъдæг арвы бын æмæ мах та хæсджын стæм ацы хъуыддаг дарддæр кæнын.

Къæбулты Дзерассæ, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты сæудæджерад æмæ арæзтады факультеты 5-æм курсы студенткæ.

– Нæ адæм сæ равзæрдæй фæстæмæ кæд бавзæрстой бирæ зынтæ, уæддæр мæм афтæ кæсы, æмæ зæххыл цы бирæ амондджын адæмтæ ис, уыдонæй иутæ сты ирон адæм. Сæйраджыдæр афтæ уымæн зæгъын, æмæ нæ зондахастæн ис фидар бындур. Зæххыл нæма уыдис ахæм стыр цау, цыран ирон адæм хъæбатырæй нæ равдыстой сæхи, æндæр адæмты ‘хсæн искуы нæ бауæндыдысты сæ раст хъуыдытæ зæгъын.

Амондджын ма стæм, нæ фыдæлтæ нын ахæм дзаджджын æмæ рæсугъд бæстæ кæй ныууагътой, уымæй дæр. Абоны бæрæгбоны тыххæй та банысан кæндзынæн уый, æмæ нæ адæмæн фæстаг дæс æмæ ссæдз азы бирæ кæй бантыст саразын. Уырны мæ, нæ хистæрты ахæм ахаст æмæ архайды руаджы Ирыстон æмæ ирон адæмы цард нырæй фæстæмæ дæр цæудзæнис æрмæстдæр размæ æмæ раст фæндагыл.

Джиоты Дианæ, Æппæтадæмон журналистикæйы 3-æм курсы студенткæ:

– Хуссар Ирыстоны адæмæн фыдæлтæй фæстæмæ цы стыр æмæ ахсджиаг фарстытæ бантыст æрбæстон æмæ аскъуыддзаг кæнын, уыдонæй æз иуыл нымайын, паддзахад кæй систæм æмæ нын дунейы бæстæтæй цалдæр нæ хæдбардзинад кæй банымадта, уый. Уыцы нымæцы дардыл æмæ хъомысджын Уæрæсе. Ахæм æнтыстмæ цæуын хуымæтæджы хъуыддаг кæм уыдис, фæлæ нæ адæм равдыстой стыр хъæбатыр æмæ фæндвидардзинад. Æмбæрстой, сæ разы цы зындзинæдтæ сæвзæрдзæнис, уыдон, фæлæ ма уыимæ зыдтой, сæ домæн рæстаг кæй у, уый, æмæ, æппæт зынтæм нæ кæсгæйæ дæр, цыдысты размæ. Абон цæрæм хæдбар паддзахады æмæ нæ адæмæн ис æппæт фадæттæ æмæ уавæртæ дæр, цæмæй сæ цард кæной, æрмæстдæр сæхи куыд фæнды, афтæ.

Æз куыд æвзонг æмбæстаг, афтæ буц æмæ сæрыстыр дæн нæ хистæр фæлтæртæй сæ адæмы цард хуыздæрырдæм цæхгæр кæй фæзылдтой, уый тыххæй æмæ цалынмæ цæрон, уæдмæ сын сæ хъæбатырдзинæдты тыххæй дзурдзынæн æрыгон фæлтæртæн. Нæ Республикæйы бæрæгбон мæнæн у тынг адджын æмæ та йыл зæрдиагæй нæ хæдзары бинонтимæ иумæ хъæлдзæгæй сæмбæлдзыстæм.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.