Цытджын бæрзонд æмбырд! Бар мын радтут æмæ уын зæгъон мæ бузныджы ныхæстæ дунеон номимæ ахуыргæндтæ-æхсæнадзонджыты, профессионалон политологтæ, авторитетон специалистты, нымад экспертты размæ мæ раныхас кæнынмæ кæй фæхуыдтат, уый тыххæй.

Æз уый мæхицæн нымайын стыр кадыл. Ахæм кад алы къухдариуæггæнæгæн не скæнынц. Хицæн арфæйы ныхæстæ зæгъын мæ фæнды Леонид Решетников æмæ Стратегион иртасынæдты уæрæсейаг институты æппæт коллективæн уыцы стыр хъусдарды тыххæй, кæцы æппынæдзух здæхт цыд Республикæ Хуссар Ирыстонмæ профессионалон политологты ба-цæттæ кæныны хъуыддаджы, кæцытæ паддзахадон арæзты ныртæккæйы рæстæджы нæ бæстæйы сты тынг хъæуæг.

Æз райзæрдæйæ райстон уæ фæхуынд ноджы уый тыххæй дæр, æмæ хъусдардмæ райстон, уынаффæмæ цы темæ рахаст æрцыд, уый актуалондзинад дæр. Ныфс мæ ис, аудиторийы раз цы лекци бакаст æрцæудзæн, уый уæм цымыдисдзинад кæй сæвзæрын кæндзæн.

Цы темæйыл уынаффæ кæнæм, уый мæнæн, куыд Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаг æмæ къухдариуæггæнæг, афтæ мын у уæлдай æввахсдæр. Махæй хуыздæр æй чи зоны, уыцы цардфидаргæнæн нысаниуæджы тыххæй, кæцы Хуссар Ирыстоны хъысмæты кодта æмæ кæны æфсымæрон Уæрæсе, æмæ ма уыцы нысаниуæджы тыххæй дæр, кæцы здæхт цæуы нæ республикæмæ Кавказы Уæрæсейы нырыккон геополитикæйы.

Уæ хъусдардмæ уын цы лекци рахастон, уый мæ фæнды райдайын уымæй, æмæ Кавказы георгафион равæрд, йæ хъæздыг æрдзон ресурстимæ æмæ цæрджыты социалон-экономикон, национ æмæ конфессионалон скондмæ гæсгæ рагæй фæстæмæ йæхимæ лæмбынæг хъусдард кæй аздæхта раззагон дунеон паддзахадты ‘рдыгæй. Ацы регион йæхимæ æлвæста дунейы экономикæты, кæцытæ дзы уыдтой хомысы гуырæн æмæ уæййæгты æфтиагджын базар. Фæлæ, куыд зонæм, афтæмæй Кавказы сæйраг хорздзинад ис йæ уникалон географион равæрды, кæцыйæн объективон аргъ кодтой, куыд размæдзыд Ныгуылæны бæстæтæн Хурс-кæсæнмæ, сæйраджыдæр, Туркмæ, Æввахс хурскæсæны бæстæтæ – Иран æмæ Индимæ политикон æмæ экономикон экспанситæн æнцонвадат æмæ цыбырдæр фæндаг, афтæ.

Кавказмæ цымыдисдзинад тынгдæр кодта европæйаг базарадон-сæудæджерадон капитализмы рæзтмæ гæсгæ, кæцыйы хъуыд йе ‘ндæвдад фæуæрæхдæр кæнын. Уымæ гæсгæ Кавказы фæстаг æнусты дæргъы периодикон æгъдауæй цыдысты тугкалæн æхсæнадæмон конфликттæ, цæмæй йыл хицауиуæгад кодтаиккой. XIX-æм æнусы æмбисмæ ацы регион уыд Герман, Англис æмæ Францы геополитикон тырнындзинæдты химæлвасæг объект. Ахæм уавæрты закъонбæрцæй фарстæуы Уæрæсейы позицийы тыххæй. Гæнæн уыд æмæ Уæрæсейы импери баззадаид фæрсырдыгæй йæ хуссайраг арæнтæм æввахс цæуæг процесстæй? Куыд фæзæгъынц, ацы фарстæн æргом у йæ дзуапп. Нырыккон терминологийæ дзургæйæ, гæнæн ис фидарæй зæгъæн афтæ, æмæ Кавказы йæ позицитæ сфидар кæнын алыхатт дæр уыд уæрæсейаг паддзахады æддагонполитикон курсы приоритетон здæхт.

Гæнæн ис фидарæй зæгъæн уый дæр, æмæ Кавказы æндæвдадыл дæргъвæтин тох урæд кæй æрцыд фыццаг дунеон хæст куы фæцис, æмæ Советон Цæдис куы сырæзт, уый фæстæ, уæд цæгаткавказаг автономон иуæгтæ бацыдысты Уæрæсейы Федерацийы скондмæ, æмæ фæскавказаг Гуырдзыстон, Сомихстон æмæ Азербайджан та æххæстбарджын субъектты хуызы комкоммæ бацыдысты иугонд паддзахад – Советон Цæдисы скондмæ. Уый гаранти кодта алкæцы советон республикæйæн, бæстæйы алкæцы регионæн æддагон тыхтæй æдасдзинад æмæ хъахъхъæдад. Сусæггаг нæу уый дæр, æмæ дыккаг дунеон хæсты гермайнаг блокы сæйрагдæр нысæнттæй иу кæй уыд Кавказы бацахсын. Стыр Фыдыбæстæйон хæст уæлахизæй кæй фæцис, уый фадат радта Советон Цæдисæн бæстæйы ацы ахсджиагдæр регион Советон Цæдисы сконды бахъахъхъæнынæн.

Фæлæ, уæддæр фæстаг азты цаутæ фенын кодтой, уый æппындæр афтæ кæй нæ нысан кодта æмæ дунеон паддзахадтæ «нæ» загътой Ныгуылæны экспансионистон плæнттæн, кæцытæ сæ нысæнттæ сæххæст кæныны тыххæй райстой «уазал» хæсты формæтæ æмæ методтæ. Ахæм методты бакусджытæй ралæууыдысты америкæйаг стратегтæ. Æрбалæууыд дунеон гегемонийы ролмæ адæмты хъысмæтты радон бардарæджы амбицитимæ Америкæйы Иугонд Штаттæ куы ралæууыдысты, уыцы рæстæг. АИШ сæ сæргъ афтæмæй Ныгуылæны бæстæты позици æргомæй разынд Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ.  Куыд уынæм, афтæмæй сæ Советон Цæдисы ныппырх ныфс бауагъта сæ æцæг нысæнттæ сæххæст кæнынæн. XX-XXI-æм æнусты Ныгуылæн йæ тыхтæ æрæмбырд кодта Уæрæсейы слæмæгъ кæныны здæхты, алыварсонæй Советон Цæдисы пырхæнтыл сæвзæргæ ног суверенон паддзахадты æддæлидзæг тенденциты æвварс хæцгæйæ. Уыимæ уæлдай хъусдард здæхт цыд Кавказы æмæ Фæскавказы бæстæтæм. Ныгуылæйнаг политиктæ тынг хорз æмбæрстой уый, æмæ геополитикон планы ацы регион æнæ-дызæрдыгæй нымад кæй у уæрæсейаг мидæггагон æмæ æддагон политикæйы уæлдай проблемондæр здæхтытæй сæ иуыл.

Советон Цæдисы цæвиттоныл Уæрæсейы Федерацийы ныппырхы плæнттæ аразгæйæ, иуæй-иу америкæйаг стратегтæ æмæ сæ европæйаг партнертæ сæ нысан сæ къухты бафтын кæныны тыххæй сæйраджыдæр ныфс æвæрд-той кавказаг республикæтæй. Уымæ гæсгæ, уыдон уæлдай хъусдард здæхтой Кавказы уавæр схæццæ кæнынмæ, Уæрæсейы уæлдай конфликтогенон регионтæй йæ иуыл банымайгæйæ, уый тыххæй нæдæр тыхтæ, нæдæр фæрæзтæ æвгъау кæнгæйæ. Ацы хъуыддаг мах нымайæм раздæры Советон Цæдисы территорийыл æндыгъд бынæттæ кæй фæзынд, уый сæйрагдæр аххосæгтæй сæ иуыл. Æнæн-хъæлæджы, мыййаг, сæ сæйрагдæр хай куынæ æрхаудта Кавказы регионмæ. Уæрæсейы æндæвдады бынæй раздæры советон республикæты æмæ автономон иуæгтæ ракæныныл фæлваргæйæ, ныгуылæйнаг, фыццаг рады америкæйаг стратегтæ арæхстджынæй, кавказаг бæстæты цæрджыты национ æмæ динон æнкъарæнтыл хъазгæйæ, сæ бон ссис уым конфликттæ сцырын кæнын, кæцытæ тагъдыл рахызтысты тугкалæн хæстытæм. Уыцы хæстыты фæмард сты, æппындæр аххосджын чи нæ уыд, мингай ахæм сабыр цæрæджы æмæ сæ хъысмæт схæццæ дæсгай мин адæймæгтæн. Æндыгъд бынæттæй Уæрæсейы алы регионтæм æнæсцухæй цыдысты лигъдæтты колоннæтæ.

Куыд зонут, афтæмæй ахæм æндыгъд бынæттæй сæ иу ссис Хуссар Ирыстон. Историон хъысмæтты фæндондзинадмæ гæсгæ, кæддæры иугонд ирон адæм фесты дыууæ дихы. Цæгат Ирыстон автономон республикæйы бартимæ бацыд Уæрæсейы Федерацийы скондмæ, æмæ Хуссар Ирыстон та автономон областы статусы хуссайраг ирæтты фæндондзинады ныхмæ хаст æрцыд Советон Гуырдзыстоны скондмæ. Партион-советон идеологийы дунейы мах хъуамæ ахæм дихы нымадтаиккам «Советон Цæдисы Коммунистон партийы Ленины национ политикæйы уæлахизыл». Уый афтæ уыди æви нæ, уый у хицæн темæ, кæцымæ ныртæккæ мах уæ хъусдард нæ аздахдзыстæм. Фæлæ, бирæ политологтæ нырма дæр ахæм «уæлахизы» нымайынц фæсындæгдæргонд архайды минæйыл, кæцы прогнозмæ гæсгæ  кæй сархайдта афтæхуыйнæг пострацарæзты рæстæджы, уыимæ æнæ сразы уæвæн нæй. Сæрмагондæй, фыдыбæстæйон стыр ахуыргонд, академик А.Арбатов фидар кæны, зæгъгæ, И.Сталины архайдтытæ, хивæндæй ивгъуыд æнусы дыууынæм азты административон арæнты хуызы ныххах кæнгæйæ,  рацарæзт æрцыдысты паддзахадон арæнтæм, æмæ уыимæ расайдтой стыр ныхмæлæудтытæ. Пострацарæзты Гуырдзыстоны, зæгъæм, ныхмæлæудтытæ, кæцыты тыххæй дзуры цытджын ахуыргонд, хицауадмæ экстремистон зæрæ-дæйы равгимæ национал-шовинистты æрбацыд æмæ фактон æгъдауæй уæд нырма цæдисон паддзахады къухдариуæгады ‘рдыгæй сын æппæт бартæ дæр лæвæрд кæй цыдысты, уый рахызт фактон æгъдауæй хуссайраг ирæтты геноцидмæ, кæцытæ растадысты хи бахъахъхъæныны, сæ зæххыл цæрыны барты сæрыл тохмæ.

Ссæдз азы чысыл цухæй ахаста тугкалæн хæст Хуссар Ирыстоны зæххыл, карз политикон, транспортон, финансон-экономикон æмæ информацион æрхъулайы хуыдуггæнгæйæ. Хуссæйраг ирæтты уæд фервæзын кодта Уæрæсе, уымæ уыди се скаст мæлæт æмæ тарды тæрхон кæмæн рахастæуыд, уыцы ирон адæмæн. Уæрæсейæн нæ уыди йæ бон, цæмæй ныууадза рохуаты тугæрхæм адæмы. Уæрæсейы Федераци фидарæй лæууыд 1992 азы 24 июны Гуырдзыстонимæ, Дагомысаг чи хуынди, уыцы сразыдзинæдтыл къух æрфыссыны фæндыл. Уый бындурыл арæзт æрцыд къамис гуырдзиаг-ирон ныхмæдзыд æрнывыл кæныны фæдыл Æмхæццæ контролон къамис. Къамисы дæлбар баисты уыцы аз 14 июлы сабырад æрбиноныг кæныны сæраппонд ныхмæдзыды зонæмæ цы Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтæ конд æрцыдысты, уыдон. Фидауынгæнджытæ баир-гъæвтой ныхмæдзæуæг фæрсты, æмæ сæ мандатæй нысангонд æххæстбарты фæлгæтты архайдтой æхстытæ æруромыныл.

Уый фæрцы дыууæ фарсы ныхмæлæуд активон хуызæй рахызт фæсабырдæргонд хуызмæ, æмæ уый та хъуамæ раттаид гуырдзиаг-ирон ныхмæдзыды æппæт проблемæты дæр æрнывыл кæныны сæраппонд политикон диалогæн уавæртæ саразыны фадат. Фæлæ уæддæр ныхмæдзæуæг фæрсты æхсæн бадзырдтæй ницы рауад, Цхинвалы æмæ Хуссар Ирыстоны æндæр цæрæн пунктты ‘рдæм æхстытæ урæд куыд не ‘рцыдысты, афтæ. Цард æй куыд равдыста, афтæмæй, æгæрыстæмæй, фидауын-гæнæг тыхты æрцыд ссаргæ сабырдзинад дæр бирæ нæ ахастаид. Официалон Тбилис арæхæй арæхдæр, алы æмвæзадыл дæр домдта, цæмæй æфсæдтæ аконд æрцæуой хæдбар паддзахады территорийæ, уымæн æмæ ныхмæ-дзыд, æцæгæй та хæстон агресси, нымадтой Гуырдзыстонæн йæ мидæггагон хъуыддагыл.

Уæрæсейы Федераци ныхмæдзыд раст ас-къуыддзаг кæныны сæраппонд стыр ныфс æвæрдта, хицауады сæргъ ногæй чи слæууыд, уыцы фæлтæрд советон æмæ партион функционер æмæ дипломат, йæхи фысы цармы чи æвдыста, уыцы Эдуард Шеварднадзейæ. Уæрæсе, Гуырдзыстоны территориалон æнæ-хъæндзинад æмæ паддзахадон хæдбардзинадæн аргъ кæнгæйæ, ныхмæдзыды зонæйы хæст æруромыны тыххæй иу æмæ дыууæ хатт нæ сидт Хуссар Ирыстоны фарсимæ ба-дзырдтæм æрæвналынмæ, æхсæнылæууæг та дзы уыдаид йæхæдæг. Эдуард Шеварднадзейы разамынадæй Гуырдзыстон Мæскуыйы ахæм фæндæттæ цæхгæр ницæмæ дардтой, кæд æмæ официалон Тбилис уæд нырма æнæнымад республикæйы къухдариуæгадимæ иу цалдæр æфсоны фембæлдыл сразы сты, уæддæр. 1996 азы майы Кремлы, ногæй та Уæрæсейы фидар фæндонмæ гæсгæ Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн къух фыст æрцыд сæрмагонд меморандумыл. Уымæн йæ нысан уыд ных-мæдзыды зонæйы æдасдзинад сифтонг кæнын.

90-æм азты Уæрæсе Гуырдзыстонмæ йæ ахасты цы позицийыл æрлæууыд, уый æвдисæн уыд, йæ разамынадмæ кæй уыд фадæттæ, сæйра-джыдæр та политикон фæндвидардзинад, Кавказы æдасдзинады гаранты сæраппонд йæ историон мисси бафидар кæныны тыххæй.

Фæлæ уæддæр уыцы дуджы, кæд Уæрæсе цы хъарутæ хардз кодта, уыдон иуцасдæр ахъаз уыдысты ныхмæдзыды карздзинад фæсабырдæр кæнынæн, уæддæр ууыл нæ разы кодтой Гуырдзыстон æмæ дарддæр куырдтой, цæмæй фидауынгæнæг тыхтæ аконд æрцæуой ныхмæдзыды зонæйæ. Уый та уымæн, цæмæй сæ къухтæ суæгъд уыдаиккой гуырдзиаг-ирон ныхмæдзыды проблемæты æлхынцъ тыхбахасты фæрцы алыг кæнынмæ. Уæрæсейы Федерацийы кой куы кæнæм, уæд Мæскуы иттæг хорз æмбæрста, ныхмæдзыды зонæйæ фидауынгæнæг тыхты аконд цы тасдзинад хаста, уый, æмæ алы амæлттæй дæр къуылымпы кодтой Гуырдзыстоны йæ сусæг фæндтæ сæххæст кæнынæй.

Кремлы ницы хуызы æнхъæл уыдысты, Кавказы, йæхи территоиийыл, кæнæ сæ интересты зонæйы уæрæхмасштабон хæстон архайдтытæ райдайдзысты, уый. Уыцы ран нырма не рнымæг сты Цæцæны, Абхазы, Цæгат Ирыстоны хæсты æртытæ. Мидæггагон национал-экстремисттæ æмæ æддагон эмиссартæ алыгъуызы дæр ахъаз кодтой Кавказы алыгъуызон адæмон фронттæ æмæ æндæр националистон организацитæ аразынæн. Уыдон тыхаразгæ æхсæн-национ æмæ æхсæнконфессионалон ныхмæдзыдты арт æфтыдтой Адыгейæйы, Хъæрæсе-Черкесийы, Кæсæг-Балхъары. Уæд ма æнæнымад Хæххон Хъарабахы республикæйы цырынæй сыгъд сомихаг-азербайджанаг хæст.

Ахæм уавæрты Уæрæсейæн, куыд ССРЦ бартæ райсæг бæстæйæн, афтæ æнцон нæ уыд Кавказы сабырад æмæ фарны гаранты хæстæ сæххæст кæнын. Фæлæ Уæрæсе йæ историон мисси сæххæст кæнымæ хорз сарæхсти. Уый мах ноджы хуыздæр бамбæрстам, 2004 азы сæрды Хуссар Ирыстоны алыварс æндыгъддзинады ног уылæн куы райдыдта, уæд Мæскуы цы позицийыл ныллæууыд, уымæй. Уыцы рæстæджы Вашингтоны артæфтуаны руаджы ногæвзæрст гуырдзиаг раздзог бафæлвæрдта Цхинвалмæ æрбабырсыныл, горæтыл ныккодта нæмыг-згъалæн, цыдæриддæр уыцы дуджы Гуырдзыстоны æфсадмæ хæцæнгарзæй уыд, уыдонæй. Махæн ныртæккæ нæ бон бæлвырдæй зæгъын нæу, уыцы рæстæджы гуырдзийаг хицауадæн хæстон архайдтытæ райдайыны тыххæй бардзырд фæсденджызæй лæвæрд уыд, æви нæ. Фæлæ мах хорз хъуыды кæнæм, Цхинвалмæ æрбабырсты хæдразмæ АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Кондолиза Райс Тбилисмæ балцы кæй æрхæццæ. Уыцы рæстæджы дæр та Уæрæсе æвæстиатæй æрæвæрдта йæ хъарутæ дипломатийы фæрцы, цæмæй тугкалд урæд æрцæуа æмæ гуырдзиаг æфсæдтæ сæ райдиан арæнтæм конд æрцæуой, уый тыххæй.

Фæлæ уæддæр Уæрæсемæ Кавказы æппæты стырдæр фæлтæрæн æрхауд 2008 азы. Кæд æмæ раздæры азты уый йæ Гарзджын тыхтæй пайда кодта æрмæстдæр ныхмæдзæуæг фæрсты иргъæвыны сæраппонд йæхи территорийыл, уæд ныр та Уæрæсейы йе ‘фсæдтæ ба-кæнын хъуыд, йæ хæдбардзинад æмæ территориалон æнæхъæндзинад кæмæн банымадта, уыцы æцæгæлон паддзахады территоримæ. Уыцы хъуыддаг бæстæйы къухдариуæгадыл æвæрдта уæлдай бæрндзинад, домдта дзы политикон фæндвидар, æмæ, боны фæстагмæ, куырыхондзинад дæр.

Уæрæсе йе ‘фсад, уæд нырма кæй нæ банымадта, уыцы Хуссар Ирыстоны территоримæ кæй бакодта, уый уыди иунæг раст æмæ æмбæлон къахдзæф уыцы критикон уавæры. Уый раст разынди барадон æгъдауæй, моралон цæстæй йæм акæсгæйæ, æмæ иттæг хорз йæ бынат ссардта дунеон барад æмæ гумманизмы нормæты фæлгæтты дæр. Æрымысын хъæуы уый, æмæ гуырдзыйы президент Михаил Саакашвилийы бардзырдмæ гæсгæ 7-8 августы æхсæвы, æнæхъæн дунейы адæмæн сæ цæстæнгас Пекины ‘рдæм здæхт куы уыд, цыран уагъд цыди сæрдыгон Олимпион хъæзтыты райдианы цытджын церемони, уæд Цхинвалы æмæ хæстæг цæрæн пунктты фынæй адæмыл ныззгъæлстæуыд æмæхсты системæйы, танкты, артиллерийы, афтæ ма Женевæйаг Конвенци пайда кæныны бар кæмæй нæ дæтты, ахæм æхсæнгæрзтæй дæр. Сабыр цæрджыты ныхмæ спайда кодтой хæстон уæлдæфон фæрæзтæй. Уымæй дæр горæты цæрджыты куынæг кæнынмæ æрæвнæлдтой, гуырдзийаг раздзог мæнгардæй ирон адæмæн ныфсытæ куы февæрдта, ома ацы ныхмæдзыд скъуыддзаггонд æрцæудзæн сабырадон амæлттæй, стæй ирон адæммæ йе стыр уарзондзинады тыххæй ард куы хордта, уымæй сахат фæстæдæр.

Æрымысын хъæуы уый дæр, æмæ уымæй бонраздæр Тбилисы бардзырдмæ гæсгæ, æфсæд-дон хистæр инæлар Марат Кулахметовæй æнæ бар райсгæйæ, сæ бæстон дислокацийы бынатæй ист кæй æрцыд æмхæццæ фидауынгæнæг тыхты гуырдзиаг батальон. Уый дыккаг бон танктыл æрбабырста йе зноны æмхотых æфсымæртæ – уæрæсейаг фидауынгæнджы-тæм. Дунеон историйы æмбал кæмæн нæй, уыцы фыдхин операцийы аххосæй амардæуыд 70 уæрæсейаг фидауынгæнæджы бæрц. Батальоны хæстонтæ хæцыдысты удуæлдайæ. Гуырдзиаг танктæ зæххымвæз скодтой æфсæддон городокы, фæлæ фидауынгæнджытæ нæ басастысты. Цхинвал æгасæйдæр æрцыд пырхгонд, сæдæгай сабыр цæрджытæ фæмард сты уыцы æхсæв.

Цымæ Гуырдзыстон йæ ныфс бахастаид ахæм хъуыддагмæ, йæ фæсденджызон бодзтæ йын куынæ уыдаиккой, уæд? Бæлвырд куыд у, афтæмæй АИШ-ы уæды президент Джордж Буш (кæсдæр) дæр Пекины уæвгæйæ, ницæмæ æрдардта Владимир Путины куырдиат, цæмæй уый баурæдтаид Михаил Саакашвилийы. Уыцы ныхæстæм уый йæ хъус дæр не ‘рдардта. Уый, æппæтдæр ын зынгонд кæй уыд, ууыл дзурæг нæ уыди? Æмæ Уæрæсейæн та йæ бон куыд хъуамæ бауыдаид йе ‘мбæстæгты йын къорд-гæйттæй кæй цæгъдынц, уымæ куыдфæндыйы  цæстæй кæсын? Уый уыди æргом æртхъирæн, æмæ йын хъуыди æмсæр дзуапп раттын. Æмæ афтæ дæр уыди!

Гуырдзыстоны тыхæй сабырадмæ æркæныны операци, кæнæ ма йæ ноджы куыд фæхонынц, «фондзбонон хæст» Уæрæсейы ногдæр историмæ бацыд куыд дунейы тыхтæ равæрыны йе ‘ндæвд тыхджындæр кæныны бæлвырдгæнæн, афтæ, куыд йæ хъомысы сырæзты иллюстраци æмæ Уæрæсейæн йæ бон сæндидзын нæ бауы-дзæнæй иллюзион ныфсытæ кæй уыд, уыдонæй хи хизын.

Постсоветон дуджы Кавказы Уæрæсейы геополитикон позицитæ сфидар кæныны Хуссар Ирыстоны ролы темæ стыр цымыдисдзинад сæвзæрын кодта æмбæстагон æмæ фæсарæйнаг ахуыргæндтæ-æхсæнадзонджытæм. Уый баййæфта критикон анализ объективон хатдзæгтимæ. Нырыккон политологтæй иу къорд ацы темæйы тыххæй ныффыстой сæрмагонд куыстытæ. Уыдоны нымæцы банысан кæнын хъæуы Дзидзойты Валерийы, Санахъоты Иналы, Дзугаты Къостайы æмæ æндæрты. Сæрмагондæй, политолог Цхуырбаты А., 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны хæсты хатдзæгтæм гæсгæ, банысан кодта, зæгъгæ, дунеон политикæйы историйы Уæрæсе фыццаг хатт комкоммæ хæстон сæттæн цæф фæкодта Америкæйы Иугонд Штатты цæдисон Гуырдзыстоны, уый йæ сæрра кодта, уымæн æмæ Вашингтон ахуыр кодта æмæ хæцæнгæрзтæй ифтонг кодта гуырдзиаг æфсады, йæ фарсхæцынадæй йын спайда кодта Иракы, рекомендацитæ лæвæрдта Гуырдзыстоны НАТО-мæ айсыны тыххæй æмæ, æвæццæ-гæн, цырын кодта Тбилисы Хуссар Ирыстоны авантюрæмæ. Иу ныхасæй, дунейы фæсокеайнаг гегемонтæн «фондзбонон хæст» радта «æрвонггæнæн эффект». Уый гæнæн нæй, æмæ ма сразы уай специалист А. Якобаимæ дæр, кæцы фæндвидарæй дзуры, зæгъгæ, 2008 азы августы Уæрæсейы къухдариуæгад радта адекватондзинады фæлварæн. Уый фенын кодта, зæгъгæ, уæрæсейаг къухдариуæгадæн йæ бон райсын у карз, тæссаг, фæлæ иунæг раст уынаффæтæ. Уый тынг раст банысан кодта, ома, уый «хауы, Хуссар Ирыстонмæ æрмæст æфсад æрбакæнынмæ нæ, фæлæ ма уый фæстæ суверенон паддзахадты хуызы Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад  банымайынмæ дæр».

2008 азы август дунейæн бауырнын кодта Кавказы Америкæйы Иугонд Штатты сæргълæудæй Ныгуылæнимæ сусæг геополитикон быцæудзинады радон раунды Уæрæсейы фæуæлахиз. Уый у цæстуынгæ факт æмæ йемæ бар-æнæбары дæр сразы сты æрмæст йæ фарс-хæцджытæ нæ, фæлæ ма Уæрæсейы æддаг-политикон оппоненттæ дæр.

Фондзбонон хæсты ахсджиаг хатдзæг ссис, раздæр сæ куыд хуыдтой, ома, хæдрасидгæ республикæтæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы хæдбардзинад банымайын. Уый Уæрæсейæн фадат радта Кавказы йæ геополитикон позици бæрæгбæрцæй сфидар кæнынæн, науæд абон æрмæст Кавказы нæ, фæлæ æппæт дунеон аренæйы йæ цудыд позици сæндидзын кæныны сæрыл тохы бæрæг фæфылдæр Сомихстонимæ иумæ Уæрæсейы фарсхæцджыты нымæц. Ног дунеарæзтады конструкторты бахъуыд уыцы ног политикон реалондзинадимæ сразы уæвын.

Кавказы Уæрæсейы Федерацийы геополитикон позицийы Хуссар Ирыстоны роль нæ фæуæлдæр кæнгæйæ йын банысан кæндзынæн йæ цардæн ахсджиаг географион уавæр. Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм уый, æмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл, Кавказы тæккæ астæу ис Транскавказы автомагистраль Ручъы уникалон тъунелимæ. Ацы тъунелы фæрцы автомагистраль кусы æнæхъæн аз. Хуссар Ирыстоны цæгат-скæсæн арæн иу кæны æндæр ахсджиаг транспортон артеримæ  Æфсæддон-Гуырдзиаг фæндагимæ. Уымæй дарддæр ма зæрдыл дарын хъæуы уый, æмæ Хуссар Ирыстоны арæнтæй НАТО-йы фæдон – Гуырдзыстоны сæйраг горæт Тбилисмæ æрдæг сахаты цыд у, уымæн ис стыр æфсæддон-стратегион нысаниуæг, уымæн æмæ уый нæ хуссайраг хæстмондаг сыхæгтæн у рохтыл хæцæн.  Хъусдардмæ куы райсæм Уæрæсейы æрдыгæй иннæ нымад бæстæ – Абхазы химæлвасæг географион уавæр, йæ сауденджызгæрон æфсæнвæндаджы къабазимæ æмæ хæрзвадат порттимæ, уæд зын бамбарæн нæу, фондзбонон хæст Уæрæсейæн фадат кæй дæтты æнæхъæн скæсæн-сауден-джызон бассейныл контроль кæнынæн. Аппарын нæ хъæуы, Абхазмæ цы стыр рекреацион потенциал ис, уый дæр.

Гуырдзыстоны тыхæй сабырадмæ æркæныны æнтыстджын операцийы фæстиуæгæн Хуссар Ирыстон ссис Фæскавказы Уæрæсейы Федерацийы форпост. Уый æмбаргæйæ, ууыл дæр æмæ иннæ ног нымад республикæ  Абхазыл дæр æвæры сæрмагонд бæрндзинад. Уыцы хицæндзинад дырыс банысан кодта зынгæ уæрæсейаг политолог Александр Дугин, кæцы фидарæй дзуры, зæгъгæ, «Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз абон цы ролы хъазынц, уый æмбарыны æмвæзад уыцы адæмтæн у тынг стыр».

Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымад уыд юридиконæй арæзт, сæрмагондæй Уæрæсейы Федерацийы Президент Дмитри Медведевы барамындæй, кæцы райст æрцыд 2008 азы 26 августы. Уый уыд политикон акт, кæцыйæн уыд æгæрон нысаниуæг, сæ сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл чи тох кодта, уыцы адæмæн. Уымæй Уæрæсейы Федераци баххуыс кодта хуссайраг ирæттæн, сæ хæдуагæвæрды æнæбайсгæ бар реализаци кæнынæн. Уæрæсейы æххуысæй сæххæст Хуссар Ирыстоны адæмы бирæ фæлтæрты æнусон бæллиц сæ паддзахаддзинад сæндидзын кæныны тыххæй, кæцыйы фесæфтой æхсæз æнусæй фылдæры размæ.

Фондзбонон хæсты рæстæджы къухы цы уæлахиз бафтыд, уый хъуыд сфидар кæнын. Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады банымад Уæрæсейæн фадат радта йемæ бадзырдон ахастытæ саразын æхсæнпаддзахадон сразы-дзинæдтæ æмæ бадзырдтæ саразыны фæрцы.

Фыццаг рады хъуыд æхсæнпаддзахадон æфсæддон-политикон сразыдзинæдтæ саразын. Ахæм документты проекттæ оперативонæй арæзт æрцыдысты, къухтæ сыл фыст сыл æрцыд æмæ сæ тыхы бацыдысты, уый фæстиуæгæн Уæрæсе рауæрæх кодта йæ æфсæддон-политикон уæвынады барадон базæ Хуссар Ирыстоны, иуæрдыгæй йын йæ паддзахадон æдасдзинад, иннæ ‘рдыгæй та йæ территориалон æнæхъæндзинад ифтонг кæнгæйæ, æмæ йын гуырдзиаг агрессийы фæстиуæгæн нып-пырхгонд экономикæйы æндидзынгæнæн процесстæм рахизыны тыххæй фыццаградон уавæртæ саразгæйæ. Уый тыххæй Александр Дугин фыста: «Арæзт цы бадзырдтæ æрцыдысты, уыдон легитимон кæнынц хæдбар Хуссар Ирыстоны æмæ хæдбар Абхазы территоритыл нæ гарзджын тыхты уæвынад. Æнæ уый уыцы республикæты территоритыл уæрæсейаг æфсæддонты статус уыд æнæлегитимон».  Цытджын ахуыргонды ахæм хатдзæгимæ ма сразыуæвын гæнæн нæй.

Уыимæ иумæ банысангонд сразыдзинады хатдзæджы фæстиуæгæн Уæрæсе слегитимон кодта Хуссар Ирыстоны йе ‘фсæддон базæты уæвынад закъонмæ гæсгæ æмæ уымæ гæсгæ фидар æрцæудзæн уыцы регионы. Уыимæ ма Мæскуы райста реалон контролы фадат æрмæст Хуссар Кавказы нæ, фæлæ æнæхъæн Æввахс Скæсæны, Астæуккаг æмæ Хуссар Азийы. Сразыдзинады ахсджиаг æфсæддон-политикон хайыл банымайæн ис уый, æмæ искæцы æртыккаг фарсы æрдыгæй хæстон конфликты рæстæджы бадзырд саразæг фæрстæй сæ иу æвæстиатæй иннæ фарсæн æххуысмæ хъуамæ æрбацæуа. Уый афтæ нысан кæны, æмæ Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстон Абхазимæ иумæ де-факто аразынц, зæгъæн ис, æфсæддон блок.

Уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастытæ кæронмæ арæзт æрцыдысты 2015 азы 18 марты, Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн «Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй» æхсæнпаддзахадон Бадзырдыл Кремлы къухтæ фыст куы æрцыдысты, уæд. Ацы ахсджиаг политикон документы бындурыл арæзт æрцыдысты 90 фылдæр æхсæн-хицауадон сразыдзинады дыууæ бæстæйы министрадтæ æмæ ведомствоты ‘хсæн æм-гуысткæнынады тыххæй. Нæ дыууæ бæстæйы ‘хсæн ахастытæм гæсгæ барадон базæ саразын дæр йæ хайбавæрд бахаста Кавказы регионы Мæскуыйы геополитикон позици сфидар кæ-нынмæ, уымæн æмæ Кавказы ацы хайы Уæрæсейы уæвынады легитимондзинад йæ тыхы бацыд, æмæ йыл уæдæй фæстæмæ дызæрдыггæнæн нал уыд.

Кавказы Уæрæсейы геополитикон позицийы фæтыхджындæр кæныны цæстуынгæ бæ-рæггæнæныл банымайæн ис, ацы регионы тыхты равæрды цы ивындзинæдтæ æрцыд, уыдоны. Экспертон æмæхсæнады минæвæрттæ, 2008 азы августы фæстæ Хуссар Ирыстоны цы цаутæ æрцыд, уыдонæн анализ скæнгæйæ, растыл нымайынц, зæгъгæ, «фондзбонон хæсты» фæуæлахизы æмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл Уæрæсейы Гарзджын тыхты æфсæддон базæты уæвынады фæстиуæгæн Кавказы Америкæйы Иугонд Штатты сæйраг цæдисон – Гуырдзыстоны геополитикон позицитæ бæрæг-бæрцæй хæлд æрцыдысты, уый фæстиуæгæн Америкæ фактон æгъдауæй фесæфта Кавказы йæ хæстон-политикон экспансийы плацдарм. Нырæй фæстæмæ, сæ хъуыдымæ гæсгæ, Ныгуылæнæн тынг тæссаг ссис Гуырдзыстоныл ставкæ аразын. Стыр зиан ракондæуыд Гуырдзыстоны имиджæн, куыд «демократийы маякæн», афтæ, Михаил Саакашвили та нымад æрцыд æнæадекватон лидерыл, кæцыйы аххосæй йæ бæстæ фесæфта йæ территорийы фæндзæм хай. Æгæрыстæмæй, зындгонд америкæйаг эксперт Николай Злобин дæр уый тыххæй дзырдта, зæгъæ, «Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинадыл дзурын ницыуал пайда у. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ дæргъвæтин рæстæджы ацы фарст æхгæд æрцыд, æмæ ацы проблемæ Саакашвилийы хицауад цы фадæттæй хъавыд аскъуыддзаг кæнынмæ, уымæй скъуыддзаг никуыуал æрцæудзæн». 2008 азы Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны агресси, дæргъвæтин рæстæгмæ, чизоны бынтондæр, Гуыдзыстоны аппæрста, æнхъæлмæ кæмæ каст, уыцы цæгататлантикон алянсы уæнг суæвынæй. Кондолиза Райс йæ интервьютæй иуы фехъусын кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстон цæттæ нæу НАТО-йы уæнг суæвынмæ, æмæ уый æмбæрстгонд у.

Мæ раныхасæн хатдзæг аразгæйæ, мæн бахахх кæнын фæнды уый, æмæ Хуссар Ирыстон æмæ постсоветон дуджы цы цауты бахауд, уыдон бирæбæрцæй бандæвтой Уæрæсейы æхсæнадæмон авторитеты рæзтыл æмæ фæахъаз сты Кавказы йæ геополитикон позици сфидар кæнынæн. Мæскуы йæхимæ раздæхта ацы регионы раздæры азты фæцудæг сæйраг æддагполитикон хъазæджы лидеры роль.  Мæн фæндвидарæй зæгъын фæнды уый, æмæ Уæрæсейы Федераци уыцы роль йæхимæ раздæхта цæрæнбонтæм. Сразыдзинæдтæм гæсгæ, ахæм æххуыс цæудзæн дарддæр дæр.

Ацы бонты уыд Æхсæнхицауадон къамисы радон рабадт. Уым ноджыдæр нысан æрцыд, зæгъгæ, уæрæсейаг финансон æххуыс эффектонæй хардз цæуы.

Августы хæсты хæдфæстæ Уæрæсе Хуссар Ирыстонмæ куы æрцыд, уый фæстæ, республикæйы пырх хæдзæртты къултыл фæзынд фыстытæ: «Спасибо, Россия!» Ахæм хуызы Хуссар Ирыстоны адæм бузныджы ныхæстæ дзырдтой Уæрæсейæн.

Бузныг, кæй мæм байхъуыстат, уый тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.