Стъолы теннисæй Абхазы уагъдцæуæг дунеон турниры хуссарирыстойнаг спортсментæ рамбылдтой 3 майданы. Ерысты хайад райстой бирæ тыхджын теннисисттæ. Уыдон ‘хсæн уыдысты УФ-йы æмбырдгонд командæйы уæнгтæ дæр, кæцытæн цæттæгæнæн сбортæ уагъд цæуынц горæт Сочийы.  Сылгоймæгты ‘хсæн 3-аг бынат бацахста Елбачиты Иринæ. Нæлгоймæгты ‘хсæн та къæйтты ерысты 3-аг ссис Бекъойты Эдвард. Иу бронзæ майдан та кæстæр кары спортсменты ‘хсæн рамбылдта Джиголаты Аланæ. Уый тыххæй хъусын кæны РХИ-Паддзахад Аланийы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Джиоты Мириан.

«Ацы ерысты-иу раздæр  иу майданæй фылдæр никуы рамбылдтам. Ныр та нын бантыст 3 майдан рамбулын. Уый у стыр æнтыст. Банысан кæнын мæ фæнды уый дæр, æмæ нæ бон кæй уыд ноджы иу майдан рамбулын», – загъта  Джиоты Мириан.

Спортсменты ерыстæм бацæттæ кодтой Джиоты Мириан æмæ Уалыты Иринæ.

Хуссарирыстойнаг теннисисттæ 18-æм августы та хайад райсдзысты Ставрополы уагъдцæуæг Кавказы Кубок рамбулыны сæраппонд гом турниры.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.